2-ӕм сентябрӕй 9-æм сентябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ иууылдæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æртæ авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой цыппар адæймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 202 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 2 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 7 адӕймаджы.

Цхинвалы мидхъуыддæгты управленимæ бацыдис хъаст, зæгъгæ, «Остелеком»-ы сæйраг станц «Заготзерно»-йæ адавдæуыд зынаргъ аппаратурæ. Фыдгæнджытæ разиан кодтой 6 миллуан сомæй фылдæр.  Милицийы оперативон-фæдагурæн куыстыты фæстиуæгæн урæд æрцыдысты горæттаг цыппар æнæххæст кары сывæллоны, кæцытæ басастысты сæ фыдракæндыл. Аппаратурæйы сæйраг хай ист æрцыдис. Дарддæр цæуынц слестгæнæн куыстытæ.

Рынчындонмæ уæззау уавæры, карды цæфимæ, бахаудта нæ горæты 28-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстагæн хъаугъа рауад 29-аздзыд горæттаг цæрæгимæ, кæцыйы фæстиуæгæн дыууæ хылгæнæг дæр бахаудтой рынчындонмæ алыхуызон цæфтимæ.

Рукы тоннелмæ æввахс Цæгат Ирыстоны Эльхоты хъæуы 27-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Гранта» скъæрынмæ, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ фæсвæд афæлдæхт. Аварийы фæстиуæгæн шофыр æмæ йæ бæлццон, 33-аздзыд Эльхоты хъæуы цæрæг, уæззау цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Харебаты Исахъы уынгæй Хъайтарты уынгмæ фæзи-лæны нæ горæты 24-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Toyota» скъæрынмæ, фехæлдта фæндагон æдасдзинады фæткойтæ æмæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «ВАЗ-2114»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд нæ горæты 25-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн ма Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 80-аздзыд фистæг бæлццон бахауд машинæйы бын. «ВАЗ-2114»-ы шофыр æмæ фистæг бæлццон алыхуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы 52-аздзыд цæрæг Цхинвал-Ленингоры фæндаджы 10 километры нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2106» скъæрынмæ, фехæлдта фæндагон æдасдзинады фæткойтæ æмæ сæмбæлд йæ ныхмæцæуæг автомашинæ «ВАЗ-2107»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 28-аздзыд цæрæг. «ВАЗ-2106»-ы шофыр разынд нозтджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.