Нæ горæты арæзт цæуы 1989-2008 азты хæсты фæмардуæвджытæн мемориалон комплекс.

Комплексы арæзтад бахастæуыд ацы азы Инвестпрограммæмæ, рахицæн ын æрцыд 63 милуан сомы.

Раздæр план цыдис Цхинвалмæ бацæуæны ныгуылæн æрдыгæй йæ саразын, фæлæ ардæм хæстæг зæххы бын кæй  цыд газы хæтæлтæ, уымæ гæсгæ йын аивтой йæ бынат.

Хуыздæрыл нымад æрцыд горæты центры Национ музейы фæстæ цы сæрибар территори ис, уый. Ам дæр цыдысты газ æмæ канализацийы хæтæлтæ, фæлæ сæ «Энергоресурс-Хуссар Ирыстон»-ы кусджытæ æндæр рæтты ауагътой. Проект мемориалон комплексæн сарæзта цæгатирыстойнаг фирмæ «Перспектива». Уымæн хорз фæлтæрддзинад ис ахæм комплекстæ аразыны хъуыддаджы. Куыстой йыл цалдæр скульпторы. Мемориал уыдзæн бронзæйæ æмæ йыл фыст æрцæудзысты ирон-гуырдзиаг хæсты нæ адæмæй, афтæ ма уырыссаг салдаттæ æмæ фидауынгæнджытæй чи фæмард сты, уыдоны нæмттæ дæр.

Арæзтадон фирмæ «Грант Груаа»-йы директор Бердзенты Александр куыд зæгъы, афтæмæй объекты конструкцийæн йæ дæргъ уыдзæн 6 метры, æмæ 30 метры та йæ уæрæх.  Схæрзарæзт æрцæудзæн йæ алфæмблай территори дæр.

Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй хъахъхъæд цæуынц æппæт техникон нормæтæ. Арæзтад кæд чысыл фæстейæ зайы графикæй, нормæтæй, уæддæр, дам, арæзт цæуы гъæдджынæй æмæ куы сырæза, уæд та уыдзæн нæ горæты цæрджыты фенддагдæр бынæттæй сæ иу.

                 Нӕ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.