27-ӕм апрелӕй 4-æм маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  фыдракæнд не ‘рцыдис. Республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æртæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой цыппар адæймаджы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 174 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 5 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны фӕстиуӕгӕн бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 6 адӕймаджы.

27-ӕм апрелы Цхинвалы районы Дменисы хъӕуы ссыгъд хисӕрма-гонд хӕдзар. Зынгхуыссынгæнæн командӕйы профессионалон архайды руаджы хӕдзары сæйраг хай аирвӕзт, басыгъдис ӕрмӕстдӕр йæ уӕлхӕдзар. Специалистты хъуыдымӕ гӕсгӕ зынгсирвӕзты аххосаг уыд фӕздӕгцӕуӕн хӕтӕл.

3-æм майы горæты рынчындонмæ бахауд 45-аздзыд бынæттон цæрæг, кæцы фæхъæстæ ис медицинон препарат «Феназепам»-æй. Рынчын ныридæгæн ис реанимацион хайады.

1-ӕм майы Цхинвалы рынчындонмӕ бахаудысты 40-аздзыд горӕттаг цæрæг æмæ йе ‘ртæ æнахъом сывæллоны, кӕцытæ фӕхъӕстӕ сты газӕй. Дохтыртӕ сын медицинон ӕххуыс бакодтой ӕмӕ сӕ цардӕн тӕссаг нал у.

Цхинвал-Дзауы фӕндаджы 5-ӕм километры ӕрцыд фӕндагон-транспортон цау. 14-аздзыд ӕнӕх-хӕст кары сывӕллон, горӕт Цхин-валы цӕрӕг  нӕ сарӕхст автомашинӕ «Mitsubishi Pajero» скъӕрынмæ ӕмӕ афӕлдӕхт фӕндаджы фӕсвӕд. Машинӕйы ма ноджы бадтысты цыппарӕй, кӕцытӕ уыдысты ӕнӕххӕст кары сывӕллӕттӕ. Аварийы фæстиуæгæн 16-аздзыд бӕлццон алыгъуызон цӕфтимӕ бахауд рынчындонмӕ. 

Горӕт Цхинвалы 41-аздзыд цӕрӕг нозтджынӕй нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «Mazda» скъӕрынмæ, фехӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ ӕмӕ Горькийы уынгӕй Путины уынгмӕ разилӕны сӕмбӕлд ӕндӕр автомашинӕ «Mercedes»-ыл, кӕцыйы шофыр та разынд нӕ горӕты 25-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн «Mazda»-йы шофыр ӕмӕ «Mercedes»-ы бӕлццон, 6-аздзыд ӕнахъом сывӕллон, алыгъуызон цӕфтимӕ бахаудтой рын-чындонмӕ.

Тельманы уынгӕй Сталины уынгмӕ азилӕны нӕ горӕты 46-аздзыд цӕрӕг нӕ сарӕхст йӕ автомашинӕ «ВАЗ-2106» скъӕрынмæ, фе-хӕлдта фӕндагон фӕткойтӕ  ӕмӕ сӕмбӕлд ӕндӕр автомашинӕ «Subaru Legacy»-йыл, кӕцыйы шофыр та разынд горӕт Цхинвалы 25-аздзыд цӕрӕг. Аварийы фӕстиуӕгӕн «ВАЗ-2106»-ы шофыр алыгъуызон цӕфтимӕ бахауд рынчындонмӕ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.