1959 азы ноябры кæрон æрыздæхтæн Советон Æфсадæй. Службæ кодтон Германы Демократон Республикæйы. Æфсады службæ кæныны рæстæджы æз фыстон уацтæ, ГДР Советон Æфсады къордæн ам цы газеттæ цыдис, уырдæм. Фæстæдæр мæн банымадтой æфсæддон окруджы газеты æнæштатон уацхæссæгыл æмæ мын мæ уацтæ æнæзивæгæй мыхуыр кодтой. Æфсадæй куы æрыздæхтæн, уæд мæ бафæндыд нæхи, Дзауы районон газет «Социалистон фосдард»-ы кусын. Уæд йæ редактор уыдис Козаты Данел. Йемæ ма куыста Джиоты Резо. Данелæн ме ‘фсæддон уацтæ куы фенын кодтон, уæд мæ уайтагъд райста литературон кусæгæй. Уыцы аз газеты фыццаг номыры рацыдыл сæххæст 20 азы. Æз райдыдтон кусын, фæлæ мæ цин бирæ нæ ахаста. Советон Цæдисы уæды лидер Н. Хрущев районон газетты сæхгæдта.

Фæлæ рæстæг ивта æмæ 1966 азы райдианы газеттæ ногæй цæуын райдыдтой. Ныр дыууæ фарсыл нал, фæлæ 4 фарсыл. Къуыри цыдис æртæ хатты. Газеты коллектив ногæй æмбырд цыдис æмæ нын редакторæй та нысан æрцыд зынгæ фыссæг æмæ журналист Голоты Владимир. Козаты Данел баззад хæдивæгæй. Хайады гæсæй нысан æрцыд зынгæ æхсæнадон архайæг, драматург Уанеты Владимир. Коллективы ма уыдысты Тедеты Маир, Джиоты Резо, Багаты Владимир, Джиоты Сослан, Козаты Хазби, Гасситы Моисей æмæ Джыгкайты Леонид, нывисджытæ Сиукъаты Митя, Бежанты Вадим æмæ Битеты Чермен. Се сфæлдыстадон куыст нæ газетæй райдыдтой ныры газет    «Хурзæрин»-ы культурæйы хайады редактор Гæззаты Иван, журнал «Фидиуæг»-ы бæрнон нымæрдар Остъаты Алан.

«Социалистон фосдард» æвзæр ном нæ уыд, фæлæ ма районы куыстой шахтертæ, ахуыргæнджытæ, дохтыртæ æмæ æндæр дæсныйады кусджытæ æмæ уымæ гæсгæ газеты схуыдтам «Дзау».

1991 азы 29 апрелы зæххæнкъуысты фæстæ редакци æмæ типографы бæстыхай ныккалд. Уæд не стыр бæстæ дæр пырх кодта æмæ ма нæ типографы мæт чи кодта. Цы ифтонггæрзтæ ма дзы баззад, уыдон ныпаплой сты. Нæ журналисттæ архайдтой, цæмæй газеты куыст сногчындæуа. Районы уæды разамонджытимæ бадзырдтам, сарæзтам коллектив æмæ уадзын райдыдтам газет. Рацыд дзы цалдæр номыры æмæ стæй бынтондæр банымæг.

Азтæ цæуынц. Ныр  газет «Дзау»-ы фыццаг номыры рацыдыл æххæст кæны 80 азы. Йæ кусджытæй бирæтæ ацыдысты се ‘нусон дунемæ. Чи ма баззад, уыдонæн æз, газеты фæстаг редактор, арфæ кæнын ацы боны сæраппонд.

 ДЖИОТЫ Павел

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.