Дзауы поселочы уагъд цæуы физикон культурæ æмæ спорты сгуыхт кусæг Бежанты Зелимы номарæн турнир мини-футболæй. Ерыстæ ныр 5-æм аз фæд-фæдыл уадзы Дзауы районы администрацийы спорты хайад Джиоты Аликы сæргълæудæй. Сæйраг призыл тох кæнынц 10 скъолайы командæйы. Уыдон сты Дзау, Цхинвал æмæ Знауырæй. Командæтæ дих сты дыууæ дæлкъордыл.

Турниры финал æмæ æртыккаг бынат бацахсыны сæраппонд хъазт уыдзæн 27-æм сентябры.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ турнир кæй номыл цæуы, уый Бежанты Зелим бирæ сарæзта Дзауы районы спорты размæцыдæн. Республикæйæн уæззау рæстæджыты рæзгæ фæлтæры цайдагъ кодта спортыл, амыдта сын футболæй хъазын. Ныр йæ номыл турнир ссис республикæйы иууыл сæйрагдæртæй сæ иу. Æрвылаз дæр æм сæрмагондæй сæхи фæцæттæ кæнынц республикæйы скъолаты командæтæ.

 

ШАХМАТТÆ

Хуссар Ирыстоны æвзонг шахматисттимæ онлайн-режимы уыцы иурæстæгон хъазты сеанс ауагъта Кубæйы Олимпион æмбырдгонды уæнг, дунеон æмвæзады шахматист Хорхе Гонсалес. Фембæлдæн уыд æнæнхъæлæджы фæстиуджытæ. Хуссарирыстойнæгтæн бантыст 7:2 хыгъдæй рамбулын.

«Нæ цинæн кæрон дæр нал уыд. Махæн стыр æнтыст у ахæм егъау æмвæзады шахматисты рамбулын. Æвæццæгæн, æнхъæл уыд æнцонтæй кæй фæуæлахиз уыдзæн. Уымæ гæсгæ нын алкæмæн дæр фадат радта урс фигурæтæй ахъазын. Хъазты фæстæ нын раарфæ кодта», – загъта Саулохты Георги.

Онлайн-режимы ацы фембæлд у дыккаг. Ахæм фембæлд ма уагъд æрцыд сентябры райдианы дæр. Уæд  РХИ-йы командæ бацахста дыккаг бынат. Æмæ ерысты организатортæй сæ иу Кубæ сфæнд кодта хорзæхы хуызы йæ бæстæйы тыхджындæр шахматисттæй сæ иуы хуссарирыстойнаг спортсментимæ ахъазын кæнын.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Уæгъдибар хъæбысхæстæй архайæг ирон богал Сидахъаты Зауырбег æртыккаг хатт ссис дунейы чемпион. Ерыстæ уагъд цыдысты Сербийы. Зауырбег архайдта 74 кг уæзы категорийы. Уый акодта 6 тохы. Финалмæ цæугæйæ,  фæуæлахиз Автандил Кенчадзейыл (Гуырдзыстон) 7:6, Бекзод Абдурахмановыл (Узбекистан) 3:0, Юнес Эмами (Иран) 6:0, Цæболты Хетик (Серби) 6:4, Туран Байрамов (Азербайджан) 5:1. Финалы та рамбылдта америкæйаг Кайл Дейкы 10:7.

Сербийы спортивон кад хъахъхъæнæг Цæболты Хетик (74 кг) та бацахста æртыккаг бынат. Сербийæн ма ирон богалтæй ноджы иу бронзæ майдан æрхаста Тыбылты Ибрагим. Уый та æртыккаг бынат бацахста геркъаг-ромаг хъæбысхæстæй чемпионаты 63 кг уæзы категорийы.

 

ДЗЮДО

Бакуйы уагъд æрцыд «Большой шлем»-ы фæззыгон турнир. Йæ уæлахиздзаутæ систы Тасойты Инал æмæ Цъыккаты Зелим. Тасойты Инал +100 кг уæзы категорийы æрдæгфиналы фæуæлахиз гуырдзиаг спортсмен Гела Заалившилийыл. Финалы та рамбылдта Гуырдзыстоны иннæ минæвар  Гурам Тушишвилийы.

Цъыккаты Зелим дæр финалы рамбылдта гуырдзиаг спортсмены. Уый 81 кг уæзы тыхджындæр уыд Шамиль Борчашвилийæ. Афтæмæй Зелим сыгъзæрин майдан рамбылдта Азербайджанæн. Азербайджаны æмбырдгонды сконды ма хæцыд Коцойты Зелим. Уый та 100 кг уæзы категорийы бацахста æртыккаг бынат.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.