17 апрелæй 24 апрелмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Къуырийы дæргъы республикæйы фæндæгтыл æрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Алыгъуызон бархалынæдты фæдыл бæрндзинадмæ конд æрцыдысты цыппар адæймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 288 фæткхалæн цауы. Уыдонæй æртæ уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

21 апрелы райсом фондз сахатмæ ‘ввахс рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта горæттаг 26-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй рынчын спайда кодта наркотиктæй.

Дзауы районы милицийы управленийы кусджытæ баурæдтой Итраписы хъæуы 30-аздзыд цæрæджы, кæцы спайда кодта марихуанайæ. Ацы æмбæстаг раздæр дæр бæрндзинадмæ конд æрцыд наркотиктæй спайда кæныны тыххæй. Уымæй уæлдай ма Цхинвалы районы милицийы управленийы кусджытæ дæр баурæдтой горæттаг 36-аздзыд цæрæджы марихуанайæ спайда кæныны тыххæй.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.