14-æм декабрæй 21-æм декабрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдис иу адӕймаг.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 168 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 6 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

18 декабры сихорафон Тæболы фырты уынгыл «Зоомагазины» цур горæт Цхинвалы 30-аздзыд цæрæг Дзабиты Ацæмæз фæнадта 45-аздзыд горæттаг цæрæджы, кæцы кусы Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны хъуыддæгты фæдыл министры шофырæй. Бынатмæ ацыдысты милицийы оперативон-слестгæнæн къорд æмæ куыд рабæрæг кодтой, афтæмæй Дзабийы фырт 12 декабры мобилон телефонæй фæдзырдта министры шофырмæ, зæгъгæ мын 60 литры бензин радт. Куы нæ йын сразы ис, уæд æм 18 декабры райсомæй бацыд хæдзармæ æмæ та дзы æркуырдта бензин. Уый фæстæ сихорыл министры службæйон автомашинæ лæууыд Тæболы фырты уынгыл æмæ йæм уырдæм йæхи автомашинæ «Лада Приора»-йыл баскъæрдта Дзабийы фырт æмæ йæ къухæй цалдæр цæфы фæкодта. Милицийы слестгæнæн управленийы ацы цауы фæдыл бакодтой уголовон хъуыддаг. Оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн 19 декабры фæткхалæг ахст æрцыд.

Милицийы наркотикты ӕрзылдыл контроль кӕныны управленийы кусджытӕ баурӕдтой 53 æмæ 62-аздзыд горæттаг цæрджыты, кæцытæ æнæзакъонæй спайда кодтой наркотикон буарадтæ «марихуана» æмæ «морфинæй». Горæт Цхинвалы тæрхондон фæткхалджыты фæивар кодта фæйнæ 8 мин сомы. Уымæй уæлдай ма баурæдтой горæттаг 30-аздзыд æмæ цæгатирыстойнаг 23-аздзыд цæрджыты, кæцытæ æнæзакъонæй спайда кодтой наркотикон буарад «марихуана»-йæ.

17 декабры Цхинвалы районы милицийы управленийы кусджытæ Цхинвал-Дменисы фæндагыл баурæдтой зæрдæхсайгæ автомашинæ «ВАЗ-2107», кæцыйы шофыр æмæ бæлццон разындысты фæсарæйнаг бæстæйы æмбæстæгтæ æмæ рæстæгмæ цæрынц Гудзабары хъæуы. Медицинон басгæрст куыд рабæрæг кодта, афтæмæй бæлццон æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Цхинвалы районы тæрхондон фæткхалæджы фæивар кодта 10 мин сомы.

16 декабры Знауыры районы Хъорнисы хъæуы ссыгъд 37-аздзыд бынæттон цæрæджы хисæрмагонд хъæдæй арæзт хæдзар. Зынгхуыссынгæнæн службæйы кусджытæн сæ бон не ссис йæ ахуыссын кæнын æмæ хæдзар иууылдæр басыгъд.

18 декабры æхсæвы рынчындонмæ уæззау уавæры бахаудта горæттаг 40-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг, йæ хæдзары уæвгæйæ, фæулæфыд сыгъдхъæстæ.

18 декабры æхсæвы милицийы кусджытæ сæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ, хъуамæ баурæдтаиккой автомашинæ «Audi A8», фæлæ сын шофыр нæ бакоммæ кастис. Йæ фæдыл ацыдысты æмæ йæм сидтысты, цæмæй баурома йæ машинæ, фæлæ уæддæр нæ чъил кодта. Уымæй уæлдай ма, Сталины уынгыл цæугæйæ, ныццавта Фæндагон змæлды æдасдзинады управленийы службæйон машинæ «Лада Гранта». Куыд рæбæрæг, афтæмæй шофыр разынд горæттаг 33-аздзыд цæрæг æмæ уыд нозтджын.

20 декабры æрдæгæхсæв рынчындонмæ уæззау цæфтимæ бахаудта горæттаг 56-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг нозтджынæй йæ хисæрмагонд хæдзары дыккæгæм уæладзыгæй рагæпп кодта.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.