Дунейы алы къуымты цы æгъатыр низ тезгъо кæны, уый никæй æвзары, нæдæр æвзонджы нæдæр – ацæргæйы. Бирæ адæм, кæцытæн се ‘æнæниздзинад цудыд у, уыдон хауынц тæссаг къордмæ. Ацы инфекцийы ныхмæ тохы æрмæст медицинон ресурсты фадыг мобилизаци кæнын фаг нæу. Стыр нысаниуæг ис алы адæймаджы зондджын ахастæн, санитарон æмæ изоляцийы мадзæлттæ куыд æххæст цæуой, уымæн дæр.

Хуссар Ирыстонæн æддейæ нæ æмфыдыбæстæйонтæ куыд æрвитынц сæ хиизоляцийы, «ахæсты» бонтæ, уымæ бацымыдис кодтам.

Не ‘мбæстаг Гæззаты Аидæ цæры Италийы, сакъадах Сицилийы. Информацион фæрæзтæ куыд хъусын кæнынц, уымæ гæсгæ Итали дæр бахауд ацы æнæхайыры вирусы дæрзæг армы бын. Аидæимæ ныхасгæнгæйæ Сицилийы нырма уадиссаг нæй ацы вирус, фæлæ сæ алфæмблай уавæр хорз нæу.

«Уавæр æцæг вазыгджын у. Мах дæр продукттæ балхæдтам, иугæр хицауад хиизоляцимæ сидт, уæд. Фæлæ уыдон дæр цас хъуамæ балхæнай, æмæ нæ бахъæуы закъаз кæнын дæр. Æмæ сæм рахизæм маскæты, сæхæдæг дæр фæдзæхсынц, ома нæм æнæ маскæтæй ма хизут», – дзуры уый.

Аидæ ныртæккæ æнхъæлмæ кæсы сывæллонмæ, нымайы бонтæ.. Фæлæ иуæй та æнкъард кæны, уымæн æмæ сæ уыцы æгъатыры хæцгæ низ тас æфтауы.

Болататы Азæ та ныртæккæ ис Мæскуыйы. Уыдон дæр, кæй зæгъын æй хъæуы, хиизоляцийы сты йæ чызг Викæ æмæ йæ хъæбулы хъæбул Эрнестимæ.

«Эрнест æнæуый дæр рынчын уыд æмæ скъоламæ нæ цыд. Ныр фæрсагыл сбады æмæ æддæмæ кæсы. Æдзух нæ фæрсы, æддæмæ цæуыны бар цæмæннæ уал ис, афтæ уыдзæн нырæй фæстæмæ æмæ мæ хæлæртты никуыуал фендзынæн æввахсмæ, зæгъгæ.

Тынг тыхсæм ацы изоляцийæ, фæлæ цы чындæуа, æнæниздзинад ахсджиаг у, æмæ æххæст кæнæм санитарон – эпидемиологон нормæтæ, нæхи æмæ æмбæстæгты хæрзæбонæн», – дзырдта уый.

Санкт-Петербургæй не ‘мзæххон Багаты Алеш нæм куыд хъусын кæны, афтæмæй ацы хъуыддаг æвзæр æндавы йæ кары цæрджытыл.

«Мæ сыхæгтæй бирæтæ сты мæ кары æмбæстæгтæ. Тынг тыхсæм ацы хабарæй, лæг æддæмæ куынæ хиза, куы никæимæ ныхас кæна, уый зын у. Афтæ гæнæн ис æмæ адæймаг йæхицæн исты низ бакуса. Æмæ уынгты атезгъо кæнынæн та фадат нæй, алы къахдзæфæн дæ уромынц полициæгтæ æмæ æмдзыхæй дзурынц, æрмæстдæр, «хæдзары бадут, æнæ хъуыддагæй æддæмæ ма хизут».

Æмæ цы уæлдай у, фæнды уыцы æнæхайыры вирусы амæттаг у, фæнды хæдзары кондæй фæнизджын у. Раст у, адæймагад йæхи хъуамæ бахиза æмæ низæн æрæхгæнæм йæ фæндæгтæ, фадæттæ æмæ уавæртæ», – дзырдта нын æнæразыйæ Алеш.

Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр хъуамæ æмбарæм иу хъуыддаг: ацы низы ныхмæ хъæуы архайын, цæмæй ма парахат кæна, æмæ тагъдыл куынæг æмæ иуварс æрцæуа. Уый тыххæй ноджыдæр хъæуы ныртæккæйы рæстæджы эпидемиологтæ, вирусологтæ æмæ бæстæйы хицауады уынаффæтæ æххæст кæнын, цæмæй æрмæст дунейы алы бæстæты æмрæнхъ, нæ чысыл Ирыстоны дæр бахизæм вирус апарахат кæнынæй. Уый тыххæй конд æрцыдысты карантины мадзæлттæ бирæ уагдæтты, дистанцион уавæрты цæуы кæм ахуыры процесс, кæм – хицауады рабадтытæ. Карантины мадзæлттæ чи халы, уыдон конд цæуынц административон бæрндзинадмæ. Уымæн æмæ ам серьезон ахаст ис адæймаджы æнæниздзинадмæ, æмæ йæ куыд бахъахъхъæнæм, уый нæхицæй кæнгæ у.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.