13-æм майæ 20-æм маймæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ дыууæ дæр раргом сты. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыд æртæ авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудта иу адæймаг.

Планон-рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 218 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 7 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 12 адӕймаджы.

14-æм майы Цхинвалы 26-аздзыд цæрæджы хæдзарæй адавтой телевизор æмæ «DVD-плеер». Уголовон фæдагуырды оперативон архайды фæстиуæгæн урæд æрцыд 35-аздзыд горæты цæрæг, кæцы басаст йæ фыдракæндыл.  

16 майы Цхинвалы милицийы хайадмæ хъаст балæвæрдта нæ горæты 49-аздзыд цæрæг, кæцыйæн йæ магазинæй адавтой 20 мин сомы, тамакотæ æмæ ма æндæр товартæ. Иууыл иумæ йын разиан кодтой 80 мин сомы. Цхинвалы милицийы оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ райсыны фæстиуæгæн Знауыры районы Уахтъанайы хъæуы урæд æрцыд 25-аздзыд Цхинвалы цæрæг, кæцы басаст йæ фыдракæндыл.

Горæт Цхинвалы Харебаты Исахъы уынджы æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Цхинвалы районы Дменисы хъæуы 50-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2107» скъæрын, фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд йæ разæй цæуæг автомашинæ «ВАЗ-2107»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд Цхинвалы районы Зары хъæ-уы 39-аздзыд цæрæг. Автомашинæ «ВАЗ-2107»-ы шофыр разынд нозтджын.

Цхинвалы Хъайтарты уынджы горæты 50-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ уæзласæн автомашинæ «КАМАЗ» скъæрын æмæ сæм-бæлд йæ разæй цæуæг автомашинæйыл, кæцыйы шофыр та разынд Цхинвалы 32-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн ма бахъыгдард ноджы иу автомашинæ.

Дзауы районы Лесоры хъæуы 33-аздзыд цæрæг, цæмæй йæхи уголовон бæрндзинадæй бахиза, уый фæдыл милицимæ барвæндонæй радта автомат Калашников «АК-74», кæцы йæм баззад хæсты рæстæгæй фæстæмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.