Мæ уацы хъайтар, не ‘мбæстаг  Хъуылымбегты Лейлæ ма скъолайы куы ахуыр кодта, уæд æргомæй райдыдта æвдисын музыкæмæ йæ уарзондзинад, кæй йын ис музыкалон курдиат лæвæрд, уый. «Райстон-иу къарандас, йæ иу кæроныл-иу ын æрфидар кодтон къуыбылой, уымæй бынмæ та-иу ыл æртыхтон хуызджын æндæхтæ æмæ-иу дзы иу таг ауагътон даргъ – электроны тагы хуызæн.  Гъе, уый мын уыд «микрофон». Мæ мады дарæсæй-иу сфæлыстон мæхи æмæ-иу ме’мгæрттæ æмæ хъæубæстæн æвдыстон «концерт»»,- радзырдта Лейлæ. Ахæм цаутæ Лейлæйы сабибонты уыд тынг бирæ, хъуыды кодта, зæгъгæ хъуамæ суон музыкант. Фæлæ астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд йæ ныййарджыты фæндонмæ гæсгæ, бацыд Цхинвалы медицинон ахуыргæнæндонмæ, уым дæр нæ уагъта йæ зард, уыимæ фыста æмдзæвгæтæ дæр уырыссаг æвзагыл. Фæстæдæр бацæттæ кодта йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд мыхуырмæ, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ рухс нæ федта.

Медицинон ахуыргæнæндон каст фæуыны фæстæ æрыгон чызджы царды уылæнтæ ахастой Уæрæсемæ, Сочимæ. Ам Лейлæ горæты скъолатæй сæ иумæ бацыд ме-дицинон хойæ кусынмæ.  Кæй зæгъын æй хъæуы, æрыгон чызг уæвгæйæ,  æнæзонгæ горæты æнæзонгæ адæмы ‘хсæн æййæфта зындзинæдтæ дæр, фæлæ йæ фидар удыхъæды руаджы нæ фæтасыд. Уæззау рæстæджытæ уыд уæд. Алкæмæн не ‘нтыст царды йæ бынат ссарын. Лейлæ дæр нæ хæст кодта йæ уарзон хъуыддагыл æмæ йæ хъуыд, зæрдæмæ æввахс чи нæ лæууыд, ахæм куыст кæнын. Сылгоймаг уæвгæйæ, бацыд иу арæзтадон фирмæйы къухдариуæггæнæгæй. Сæрмагонд ахуырад æм кæй нæ уыд, уымæ нæкæсгæйæ, Лейлæ  йæ разылæууæг хæстæ æххæст кодта гъæдджынæй. Кæд æрыгон чызджы царды уавæртæ домдтой æмæ иу куыст ивта иннæмæй, уæддæр  иу уысм дæр йæ зæрдæ никуы сивта, йæ миддунейы арф цы курдиат уыд, ууыл. «Музыкæ мæнæн у æрдзæй ратгæ курдиат, æз ууыл дызæрдыг никуы кодтон. Медахуыргæнæндон каст кæй фæдæн, уый дæр нæ уыд æнæнхъæлæджы, ацы дыууæ дæсныйад сты кæрæдзийæн, куыд æххæстгæнæн, афтæ», – загъта Лейлæ.

Сочæйы арвыста йæ царды зынгæ хай  30 азы. Ам базонгæ ис зындгонд продюсер Владимир Любиомовимæ, кæцы ма уыцы рæстæджы цæттæ кодта уырыссаг зарæггæнæг Лариса Долинайы. Уый Лейлæимæ акуыста, æдæппæт, иу мæй æмæ æрдæджы бæрц, фæлæ æвзыгъд чызгæн фæлтæрд ахуыргæнæджы амындтытæ фесты ахъаз йæ зонындзинæдтæ рауæрæхдæр æмæ бафидардæр кæнынæн. Фæстæдæр Лейлæ фембæлд бардон музыкæ æххæстгæнджытимæ, фæцыд йæ зæрдæмæ æмæ кæд уæды онг архайдта  шансоны фæдыздæхты, уæд ныр та йе ‘ргом раздæхта барды зарæгмæ. «Иуахæмы мæ ме’мбал фæхуыдта барды зарæггæнджыты æрвылазон фестивальмæ, кæцы уыцы аз цыд Адыгейы. Æз æххæстæй æмбаргæ дæр нæ кодтон, цы нысан ис ахæм фестивалæн, фæлæ фæстæмæ здæхтæн мæ зæрдæйы уæлтæмæн æнкъарæнтимæ.

Дæргъвæтин рæстæджы Лейлæ зарыд йæхи фыст зарджытæ, гитарæйыл та-иу ын куы чи цагъта, куы чи. Уый фæстагмæ нал цыд чызджы зæрдæмæ æмæ райдыдта йæхæдæг гитарæйыл цæгъдын ахуыр кæнын. Ныртæккæ Лейлæ зары куыд йæхи æмдзæвгæтыл фыст зарджытæ, афтæ ма пайда кæны æндæр авторты æмдзæвгæтæй дæр. Ирон поэзийæ арæх пайда кæны Зассеты Мераб æмæ Уалыты Зояйы æмдзæвгæтæй. Йæхæдæг дæр райдыдта æмдзæвгæтæ иронау фыссын. Йæ зарджытæн музыкæ дæр фыссы йæхæдæг. Гитарæйы тæгты зæлынимæ сæм хъусгæйæ адæймаджы зæрдæйы сæвзæры цавæрдæр райдзаст æнкъарæнтæ æмæ сæм иу хатт чи байхъуса, уый сæ никуы ферох кæндзæн. Йæ зарæг «Диссаджы бæстæ»-мæ хъусгæйæ адæймаджы йæ бæллицтæ ахæссынц сæ базыртыл æмæ йын æрбайрох кæнын кæнынц царды æппæт зынтæ дæр. Афтæ зæрдæмæхъаргæ сты йæ репертуары иннæ зарджытæ дæр .

Курдиатджын чызджы хъуыдымæ гæсгæ, адæймаг йæ æрдзон курдиат хъуамæ йæ миддунейы ма амара, хæлар æй кæна æмæ йæ амона, чи йæм цымыдис кæна, уыдонæн, уæлдайдæр та – рæзгæ фæлтæрæн. Уыцы хъуыдыимæ йæм сæвзæрд, нæ горæты культурæйы хæдзары авторон зарæджы клуб æрбакæныны хъуыды. Ам алы адæймагæн дæр, йæ кармæ нæ кæсгæйæ, уыдзæн куыд йæхи фыст зарджытæ æххæст кæнын, афтæ ма æндæр зарæггæнджыты зардмæ дæр байхъусын, ног зонындзинæдтæ райсыны уавæртæ. Лейлæ ма фæнд кæны авторон  зарæджы æрвылазон  фестиваль ацы аз нæ республикæйы ауадзын. «Сабырдзинадмæ æмæ æхсæнады иудзинадмæ фæндæгтæй сæ ахсджиаг-дæртæй иу у культурон æмархайды арæнтæ уæрæхдæр кæнын. Уыцы нысанæн мæн фæнды нæ республикæйæн исты ахъаз фæуын. Цас фылдæр адæм цæуой, уыной æмæ зонгæ кæной нæ республикæимæ, уыйас фылдæр адæм зондзысты, Ирыстон кæй у æрмæстдæр сабырдзинадмæ тырнæг, уазæгуарзон æмæ хæларадон бæстæ», – загъта йæ хъуыдытæ Лейлæ. 

Ацы хъуыддæгтæ саразынæн ын ныфс бавæрдтой нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Цхинвалы администрацийы Фæсивæд æмæ спорты комитеты къухдариуæггæнæг Тасойты Игорь. Лейлæ ныртæккæ кусы йæ фæндтæ сæххæст кæныныл æмæ йæ ныфс ис, тагъд рæстæджы йын кæй бантысдзæн æппæт дæр.

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.