6-ӕм майæ 13-ӕм маймӕ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис иу фыдракæнд æмæ раргом ис. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд æртæ авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды  ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 172 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 13 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 10 адӕймаджы.

Горæт Цхинвалы Комаровойы уынджы æрцыдис фæндагон-транспортон цау. 33-аздзыд горæты цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «ВАЗ-2109» скъæрын æмæ сæмбæлд фæндагон нысаны цæджындзыл. Шофыр разынд нозтджын.

Горæт Цхинвалы Нарты уынгæй Фидауынгæнджыты уынгмæ азилæны 41-аздзыд Цхинвалы цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Приора» скъæрын æмæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «Лада Калина»-йыл, кæцыйы шофыр та разынд нæ горæты 24-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн «Лада Приора»-йы бæлццон бахауд рынчындонмæ. «Лада Калина»-йы шофыр разынд нозтджын.

Горæт Цхинвалы 8-æм Июны уынджы нæ горæты 23-аздзыд цæрæг нæ сарæхстис йæ автомашинæ «Mersedes-Benz E350» скъæрын æмæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «ВАЗ-2114»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд Цхинвалы 28-аздзыд цæрæг. Аварийы фæстиуæгæн ма бахъыгдард ис ноджы иу автомашинæ. «ВАЗ-2114»-ы шофыр æмæ йæ бæлццон бахаудтой рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.