«НÆ КОМБÆСТЫ УÆЗДАН ДОХТЫР»

  Цхинвалы районы Громы хъæуы медицинон фельдшерон пункты 15 азæй фылдæр дохтырæй кусы уæздан, æнувыд æмæ фæлмæнзæрдæ сылгоймаг Быценты Маринæ. Маринæйæн хъæуы цæрджыты æхсæн ис хорз кад. Кæд йæ цæрæн бынатмæ медицинон пункт дард у, уæддæр уымæ нæ кæсгæйæ, никуы бафæзивæг кæны, æгæрыстæмæй улæфтбонты дæр рынчынæн баххуыс кæныны тыххæй уырдæм бацæуынмæ. Уый цæсгомджынæй лæггад кæны канд Громы хъæуы цæрджытæн нæ, фæлæ ма æввахс хъæуты цæрджытæн дæр. 

Рынчынты химæ исын, лæмбынæг сæм байхъусын, æмбæлон медицинон æххуыс сын бакæнын – уыдонæй конд у Быценты Маринæйы æрвылбонон куыст. Арæх æй бахъæуы рынчынмæ хæдзармæ ацæуыны сæр дæр. Фырбуцæн æй хъæуы цæрджытæ хонынц «нæ комы уæздан дохтыр», зæгъгæ. Йæ иууыл зынаргъдæр хорзæхыл нымайы йæ пациентты арфæтæ æмæ сæ амондджын мидбылхудт. 

Хъæуы цæрджыты номæй мæ стыр бузныг зæгъын фæнды Громы хъæуы медицинон пункты медицинон хотæ Къусраты Вандæ, Мæргъиты Лианæ æмæ Гæбæраты Марияйæн дæр. Уыдон дæр сæ дохтырау сты фæлмæнзæрдæ æмæ аудгæ ахаст дарынц, медицинон æххуыс райсынмæ сæм чи бацæуынц, уыдонмæ. Нæ зæрдæ сын зæгъы фидар æнæниздзинад æмæ амондджын царды бонтæ. 

Уавæрæй пайда кæнгæйæ ма нæ бузныджы ныхæстæ зæгъын фæнды нæ Республикæйы разамынадæн, нæ хъæуæн нын тагъд æххуысы машинæ кæй рахицæн кодтой, уый тыххæй.

КЪУДУХТЫ  Еленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.