Киноконцертон зал «Чермены» уагъд æрцыд бæрæгбонон концерт «Сымахæн, ветерантæ», Стыр Фыдыбæстæйон хæсты советон адæмы уæлахизыл 74 азы сæххæсты сæраппонд.

Концерт уагъд æрцыд ансамбль «Русский берег» æмæ Уæрæсейы адæмон артисткæ Надежда Крыгинайы хайадистæй. Концерты организатортæ уыдысты Хуссар Ирыстоны Культурæйы министрад æмæ РХИ-йы Уæрæсейаг æм-бæстæгты координацион совет Россотрудничествойы æх-хуысæй.

Цытджын мадзалмæ æрбацыдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Парламенты Сæрдар Гасситы Петр, Хицауады уæнгтæ, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветерантæ, республикæйы æхсæнады минæвæрттæ. Киноконцертон залы фойейы æвдыст æрцыд хæсты рæстæджы нывты экспозици.

Æрæмбæрдуæвджытæн Уæлахизы боны цытæн раарфæ кодта паддзахады сæргълæууæг. Уый бузныджы ныхæстæ загъта ансамблы артисттæн æмæ Надежда Крыгинайæн ахæм диссаджы изæры æмæ зæрдæмæхъаргæ зарджыты тыххæй. Уыцы зарджытæ æууæндын кодтой Уæлахизыл æмæ æнусон кæнынц хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй мысынад, Райгуырæн бæстæмæ æнувыд уарзондзинад.

«Ацы изæры зæлыдысты ахæм зарджытæ, кæцытæ мах уарзæм чысылæй фæстæмæ. Æз сæ зарыдтæн æфсæддон ахуыргæнæндоны курсант уæвгæйæ», – загъта Президент.

Бибылты Анатоли бузныджы ныхæстæ загъта мадзалы организатортæн, ахæм æнæферохгæнгæ тæлмæнтæ сын кæй балæвар кодтой, уый тыххæй. Ансамбль «Русский берег»-ы артисттæ æмæ Надежда Крыгинайæн РХИ-йы Президенты Барамындæй лæвæрд æрцыд арфæйы фыстæг «музыкалон аивады рæзтмæ сæ сæрмагонд хайбавæрд æмæ активон сфæлдыстадон архайды тыххæй».

РХИ-йы Президенты  Пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.