24-æм февралæй 1-æм мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæл-дай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудта иу æнæххæст кары сывæллон.

Алыгъуызон бархалынæдты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 2 адӕймаджы, иу фæткхалæджы горæт Цхинвалы тæрхондон фæивар кодта 500 сомы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 174 фæткхалæн цауы. Уыдонæй дæс уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

22 февралы æхсæвы рынчындонмæ бахаудтой 60-аздзыд, 31-аздзыд æмæ 11-аздзыд сывæллон. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстæгтæ разындысты горæты цæрджытæ æмæ, сæ хæдзары уæвгæйæ, фæулæфыдысты сыгъдхъæстæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.