9-ӕм мартӕй 16-æм мартмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  ӕрцыдис иу  фыдракæнд ӕмӕ раргом ис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдæр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыд цыппар фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудта фондз адæймаджы.

Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 213 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 9 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Ивгъуыд къуыри Цхинвалы дыууӕ фӕндагон-транспортон цауы хайадисджытӕ уыдысты милицийы кусджытӕ дыууӕйӕ, кӕцытӕ ма разындысты нозтджын дӕр. Уый фӕдыл Мидхъуыддӕгты министр Наниты Игорь ауагъта оперативон ӕмбырд ведомствойы къухдариуӕггӕнджытимӕ ӕмӕ аттестацион уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ дыууӕ фӕткхалӕджы сӕрибар ӕрцыдысты сæ куыстӕй. Уымӕй уӕлдай ма сӕ хистӕртӕ дӕр баййӕфтой дисциплинарон ӕфхӕрд.

Криминалон милицийы кусджытӕ Дзауы районы Гуфтайы хъӕуы милицийы стационарон посты баурӕдтой автомашинӕ «Mercedes Benz», кӕцыйы шофыр разынд Цхинвалы районы Тбеты хъӕуы 33-аздзыд цӕрӕг. Басгӕрсты рӕстӕджы милицийы кусджытӕ машинӕйы ссардтой 9 капсулӕйы медицинон препарат «лирика» ӕмӕ наркотикон буарад «героин». Бархалæгыл баконд ӕрцыд уголовон хъуыддаг ӕмӕ йӕ бакодтой милицийы рӕстӕгмӕдарӕн изолятормӕ.

Наркотикон буарадты æрзылд контроль кæныны кусджытæ ма баурӕдтой нӕ горӕты 28-аздзыд цӕрӕджы, кӕцы ӕнӕзакъонӕй спайда кодта наркотикон буарадтӕ «марихуана» ӕмӕ «метадон»-ӕй. Цхинвалы тӕрхондон фӕткхалӕгӕн стӕрхон кодта иу мӕй ахӕстоны фӕбадын. Баурӕдтой ма Цхинвалы 20-аздзыд ӕмӕ 29-аздзыд цӕрджыты. Дохтыртӕ куыд рабӕрӕг кодтой, афтӕмӕй фӕткхалджытӕй  иу ӕнӕзакъонӕй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йӕ, иннӕ та – «метадон»-ӕй.

11-ӕм марты Цхинвалы районы Дзарцемы хъӕуы цур ӕфсӕддон полигоны уӕззау цӕф фӕцис Цхинвалы 20-аздзыд цӕрӕг, кӕцы у 4-ӕм ӕфсӕддон базӕйы службӕгӕнӕг. Цӕф салдат бахауд Цхинвалы рынчындонмӕ ӕмӕ йын фыццаг ме-дицинон ӕххуыс бакӕныны фӕстӕ, ласт ӕрцыд Дзӕуджыхъӕуы ӕфсӕддон госпиталмӕ.

Знауыры районы Сихиаты хъӕуы 57-аздзыд цӕрӕг бахъаст кодта Знауыры районы Цъорбисы хъӕуы 25-аздзыд цӕрӕгыл, загъгӕ, мӕ фӕнадта. Оперативон-агурӕн мадзӕлттӕ ауадзыны фӕстиуӕгӕн милицийы кусджытӕ баурӕдтой бархалӕджы нозтджынӕй.

10-ӕм марты Цхинвалы рынчындонмӕ бахаудта нӕ горӕты 25-аздзыд цӕрӕг, кӕцы фӕхъӕстӕ медицинон препараттӕй. Дохтырты ӕххуысы фӕрцы рынчыны цардӕн тӕссаг нал у.

Дзау-Цхинвалы фæндаджы 2-æм километры горæт Елистайы 21-аздзыд цæрæг, 4-æм базæйы æфсæддон, нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Гранта» скъæрынмæ æмæ сæмбæлд æндæр автомашинæ «ВАЗ-2110»-ыл, кæцыйы шофыр та разынд горæт Беслæны 57-аздзыд цæрæг.

Хъоцыйы фырты уынгæй Сталины уынгмæ азилæны Цхинвалы 23-аздзыд цæрæг йæ автомашинæ «Toyota Mark-X» скъæргæйæ фехæлдта фæндагон фæткойтæ æмæ сæмбæлд фæсвæд лæууæг автомашинæ «ВАЗ-2131»-ыл. Шофыр разынд нозтджын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.