Мыхуыры рацыд сабиты журнал «Ногдзау»-ы ацы азы фыццаг номыр æмæ та йе ‘взонг кæсджыты базонгæ кæндзæн дзæвгар цымыдисон æрмæджытимæ. 80 азы сæххæст Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон премийы лауреат, Цæгат Ирыстон-Аланийы адæмон поэт Ходы Камалы райгуырдыл. Юбиляры цард æмæ сфæлдыстадимæ журнал йæ кæсджыты зонгæ кæны цы-быртæй, ис дзы йæ къам дæр. «Журналы уазæг»-ахæм рубрикæйы бын редакцийы фарстатæн дзуапп дæтты «Ногдзау»-ы конкурс «Бузныг, ахуыргæнæг»-ы уæлахиздзау Джыгкайты Дауыт. «Бæрæгбæттæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын кæсджытæ базонгæ уыдзысты ирон бæрæгбон Доныскъæфæнимæ. «Æгъдæуттæ»-йы рубрикæйы та дзырдæуы «Цæмæн æвæрынц фынгыл кусарты сæр æмæ бæрзæй», зæгъгæ, æмæ йын дзуапп ссардзыстут, куы йæ бакæсат, уæд.

Редакцийы коллектив хорз хъусдард здахы, æрыгон авторты сфæлдыстадмæ æмæ сын алы номыры дæр фæндаг радты сæ уацмыстæн. Ацы номыры дæр та «Æмдзæвгæтæ» рубрикæйы бын мыхуыр æрцыдысты Беслæны 7-æм скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау Цомартаты Хетæг æмæ Дзæуджыхъæуы 28-æм скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау Гæджиты Валерияйы æмдзæвгæтæ «Фыдыбæстæ» æмæ «Мæ уарзон Ирыстон». «Аргъау», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын та журналкæсджытæ æхсызгонæн бакæсдзысты Беслæны 7-æм астæуккаг скъолайы 9-æм къласы ахуырдзау Къæбысты Астаны фыст аргъау «Уызын». Зæрдæмæдзæугæ рауад йæ фыст уацмыс «Алайнаг гимназ»-ы 4-æм къласы ахуырдзау Хъулаты Дзерассæйы радзырд «Æнгузбæлас» дæр. «Ногдзау»-ы архивæй, зæгъгæ, уым та мыхуыр æрцыд 1984 азы Дзæуджыхъæуы 5-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзау Цæрукъаты Мæдинæйы фыст уацмыс «Дзургæ къуы-былой». Æндæр рубрикæ хуыйны «Хистæрты сфæлдыстад сабитæн» æмæ дзы йе ‘мдзæвгæтæ «Мадæлон æвзаг» æмæ «Мæ зæрдæ риссы» мыхуыр кæны Къозонты Жаннæ. Сабиты зарæгыл фæцайдагъ кæныны тыххæй «Зарæг»-ы рубрикæйы лæвæрд æрцыд Гæджынон-Хабæты Риммæйы фыст æмдзæвгæ «Уасæг», музыкæ та йын ныффыста композитор Евгени Воложанин, сты дзы текст нотæтимæ.

Иры намыс кад æмæ æхсаримæ чи хъахъхъæдта, йæ адæмы кадыл кад чи æфтыдта, уыдонæй иу уыд номдзыд алайнаг æфсæддон фæтæг Ардабур-1 æмæ «Ногдзау»-ы фæрстыл дзырдæуы йæ хъæбатырдзинады тыххæй. Дарддæр журналы дыууæ фарсыл нывгæнæг Абайты Аркади сныв кодта авайраг национ дарæс. Рубрикæ «Æфсымæрон адæмты сфæлдыстад»-ы мыхуыр æрцыд Дагъестаны республикæйæ Халимбекаулы астæуккаг скъолайы 11-æм къласы ахуырдзау Умахан Бадрутдиновы уац ахæм сæримæ «Халимбекаул». «Аивад»-ы рубрикæйы журнал мыхуыр кæны «Æфхæрдты кафт». Куыд раздæры номырты, афтæ та ацы номыры дæр дзырдæуы ирон хъæуы равзæрдыл. Быдыры Дæргъæвсы астæуккаг скъолайы 4-æм къласы ахуырдзау дзуры йæ райгуырæн хъæуы равзæрды тыххæй. Беслæны 4-æм астæуккаг скъолайы 8-æм къласы ахуырдзау Чеджемты Зауырбег фыссы сæ мыггаджы равзæрд æмæ цы бынæтты цæрынц, уыдон тыххæй. Журналы ма мыхуыр æрцыдысты  ахсджиаг æмæ цымыдисон æрмæджытæ ахæм рубрикæты бын, куыд «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Базон-базонтæ», «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», «Æмбисæндтæ», сканворд æмæ дзырдбыд.

 «Ногдзау» аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл зæрдиагæй бацархайдтой нывгæнджытæ Айларты Владимир, Абайты Аркади æмæ Мамсыраты Хасан.

                                             Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.