15-æм февралæй 24-æм февралмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымæй уæлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис фараст фæндагон-транспортон цауы. Авариты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой фондз адæймаджы.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 4 адӕймаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 144 фæткхалæн цауы. Уыдонæй фондз уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

21 февралы горæты рынчындонмæ бахаудта 23-аздзыд бынæттон цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг æгæр бирæ банызта медицинон препараттæ «Нимесулид-ЛекТ» æмæ «Эринит». Дохтырты тагъд медицинон æххуысы фæрцы рынчынæн мæлæтæй тас нал у.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.