О, АЦЫ СÆРЫХЪУЫНТÆ!

Симонæн йæ сæр цалдæр хатты смаст кодта. Дзырд, мидæгæй дзы цы магъз ис, ууыл нæ цæуы, нæ ныхасы сæр йæ сæр-хъуынтыл у.

Сæрыл алчи дæр гуырцæй хъуынтæ рахæссы. Гъе, фæлæ алчи уыцы хъуынты дарын нæ базоны æмæ йæ сæр лæгуын, коса кæнын райдайы. Уый æрмæст нæлгоймæгтæм хауы – сылгоймæгтæ дзы цæмæдæр гæсгæ хызт сты… Дзурынц, зæгъгæ, зæнджын сæрæй æдылы сæрыхъуынтæ сæхи фесафынц, кæнæ та иннæрдæм – æдылы сæрæй зондджын сæрыхъуынтæ фæлидзынц. Кæцы сæ растдæр у, стæй дзы Симоны сæр кæцытæм хауы, уый бæлвырдгæнæг не стæм, фæлæ бæлвырд уый у, æмæ йын æгæр раджы лæгуын кæнын кæй райдыдта. Сæр та чысыл нæ уыд. Мæнæ, цæйау фæдзурынц, арс ын æй йæ хуынггоммæ нæ батылдтаид. Уыимæ ма йыл задис бæзджын, зына-нæзына къæбæлдзыг хъуынтæ æмæ йын æй уыдон уæлдай стырдæрæй зынын кодтой, мæлæты фæтæнтæ чи нæ уыдысты, уыцы уæхсчыты астæуæй.

Симон бирæ уарзта арфæтæ кæнын. Уæлдай тынгдæр йæ зæрдæмæ цыдис «мæ сæрыл цал æрдуйы ис, уал азы æнæниз, æнæмастæй фæцæр», зæгъгæ. Цалынмæ йæ сæр хъуынджын уыдис, уæдмæ уыцы арфæ алкæйы зæрдæмæ дæр цыдис. Æмæ, мæнæй-ма, уыцы стыр сæрыл цас æмæ цас сæрыхъуынтæ задис! Гъе, фæлæ, куыд ма загътам, афтæмæй сæр лæгуын кæнын райдыдта æмæ йæ фæзуат куыд стырдæр кодта, афтæ уыцы арфæтæ кæй зæрдæмæ цыдысты, уыдон къаддæрæй-къаддæр кодтой. Сæры лæгуын къæбуты ‘рдæм куы ауырдыг, уæд та йæм дызæрдыджы цæстæй кæсын райдыдтой, «ай зæрдæбынæй арфæ кæны, æви нæ хынджылæг кæны», зæгъгæ.

Фæлæ Симон хынджылæг нæ кодта. Кæд æмбæрста, йæ сæрыл ма бæрцыл хъуынтæ баззад æмæ ахæм арфæ нал æмбæлы, уæддæр адæймаг цæуыл фæцайдагъ уа бирæ азты дæргъы, уый æнцонтæй нæ сафы æмæ-иу Симонæй дæр, фæндыд æй – нæ фæндыд, схаудис йæ дзыхæй уыцы арфæ.

Æмæ, æппынфæстаг, сæры цармыл иу æрду дæр хæснагæн нал ссардтаис. Афтæмæй та дзы иу бадты куы сивæрзид уыцы æнæхайыры арфæ. Йæ фарсмæбадджытæ йыл схор-хор кодтой, дæ сæрыл иу æрду нал ис æмæ нæ цæуыл цæгъдыс, зæгъгæ. Чи йыл бустæтæ скодта, чи та йæ æлгъитгæ ракодта. Иу уæйгуытæконд лæппу та æнæдзургæйæ сыстад йæ бынатæй, йе ‘фцæгготыл ын ныххæцыд, раласта йæ фынгæй, æмæ йын иннæ къу-хæй, мустучъи ацаразгæйæ, иу сæргъæвта…

Симоны иу ахæмы бамæстджын кодтой хилдасæны дæр. Раст у, ам æй нæмгæ нæ фæкодтой, фæлæ хъуыддаг уымæ цыд, рæстæгыл йæхи куыннæ райстаид, уæд. Уæвгæй, хилдасджытæй дарддæр йæ сæр æлвынынмæ никæмæ цыд, уымæн æмæ зыдта, йæ бæзджын сæрыхъуынты йын дзæбæх ничи сылвындзæнис. Уый уартæ райдианы, бæзхъуын, зынæлвынæн куы уыди йæ сæр, уæд. Æмæ фæцайдагъ хилдасджытæм. Фæлæ йыл уæд уыдон æрмттæтыгъдæй не ‘мбæлдысты. Къæсæрæй-иу æй æрбахизгæ куы ауыдтой, уæд-иу æм чи йæ чъылдым фездæхта, чи та-иу йæхи ницыуынæг скодта. Фæлæ уыдон дæр иуыл иугъуызон кæм уыдысты, разынд-иу дзы уæддæр чидæр, æрбадын-иу æй кодта йæ разы æмæ-иу хъуыр-хъуыргæнгæ æрæвнæлдта йæ куыстмæ.

Цыд рæстæг. Симонæн йæ сæр куыд лæгуындæр кодта,  афтæ йæм хилдасджытæ дæр хурмæзилæгау се ‘ргом здахын райдыдтой, къæсæрыл-иу куы фæзынд, уæд-иу ын салам дæр авæрдтой. Бынтон диссаг та, сæрыхъуынтæ къæбутæрдыгæй йедтæмæ сæрыл куынæуал аззад, уæд уыдис. Йæ алы фæзынд дæр сын хаста стыр циндзинад, сæрибар-иу чи уыдысты, уыдон-иу сæ хъуымæцты гæппæлты тилынмæ фесты, уый та нысан кодта, æрбад мæ разы æмæ дæ дзы æрбамбæрзон, зæгъгæ. Йе ‘лвыныны амонд-иу дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, æрмæстдæр иумæ æрхауд æмæ-иу,  йæхинымæр зарæг самонгæйæ, райдыдта æлвынын. Æниу, æлвынын цы – æлвынæны цалдæр хатты уыцы бæрцыл хъуынтыл суадз, къæбут дасæнæй барæстытæ кæн æмæ фæци.

Фæлæ ныр та хилдасджытæй Симон йæхæдæг нал у райгонд. Ау, чидæр йе стыр хъуынджын сæры тыххæй æлвынæггаг цас бафиды, уыйас уый цæмæн хъуамæ фида! Æмæ йе ‘нæразыдзинад иу ахæмы, чи йæ æлвыдта, уыцы хилдасæгæн раргом кодта.

– Сæр сæр у, цы æмбæлы, уый фидын хъæуы! – цыбыр уыд йæ дзуапп хилдасæгæн.

– О, фæлæ… цæвиттон, негр йæ бæзхъуын сæр æлвынæггаг цас хъуамæ бафида, æз уый бæрц цæмæн хъуамæ  фидон.

– Æмæ дын дæ сæр æз алæгуын кодтон, – йе ‘нæразыдзинад та равдыста хилдасæг.

– Афтæ æнхъæлыс, æмæ мæнæн тынг æхсызгон у, мæ сæр кæй лæгуын кæны, уый…

– Бафид æлвынæггаг æмæ уæлдæйттæ мауал дзур, – фæкарздæр хилдасæг.

Бафыста Симон æлвынæггаг, уæдæ цы, фæлæ бамæстджын. Нæ йын бауырнын кодта йæ рæстдзинад.

Уæдæй фæстæмæ хилдасджытæм бынтондæр никуыуал бацыд – рацыд ма чысыл рæстæг, æмæ сæм цы бæрцыл сæрыхъуынты тыххæй цыд, уыдон дæр азгъæлдысты.

Афтæ Симон ферох кодта фæндаг хилдасджытæм æмæ нады кæй тыххæй бахауд, уыцы арфæйы дæр.

РАГОН ФИЛОСОФТЫ ЦАРДÆЙ

Солонæн афинаг адæм тынг кад кодтой æмæ йæ хицауады сæргъ дæр стыр райгондæй æвæрдтой, фæлæ йæхæдæг не сразы. Куы базыдта йæ хицон, мæнгард Писистрат бырсы хицауиуæгадмæ, уæд йæ ныхмæ рацыд. Адæмон æмбырдмæ уарт æмæ цирхъимæ бабырста æмæ хъæрæй фехъусын кодта, Писистраты ныхмæ чи сты, уыдоны æвварс кæй хæцдзæнис. «Æмбæстæгтæ, афинæгтæ, – дзырдта уый, – сымахæй иутæй æз зондджындæр дæн, иннæтæй та –  хъæбатырдæр. Зондджындæр дæн, Писистраты сайд чи не ‘мбары, уыдонæй, хъæбатырдæр та дæн, уый чи æмбары, фæлæ чи ныхъус, уыдонæй». Писистраты æвварс чи хæцыд, уыдон æй рахуыдтой æдылы.

Солон дзырдта, зæгъгæ, закъæттæ сты хæлуарджыты тыны хуызæн: кæд сæм рог æмæ æдых адæймаг бахауа, уæд фидар лæудзысты, кæд – тыхджын, уæд сæ атондзæн æмæ раирвæздзæн.

***

Тæрхондон мæлæты тæрхон кæмæн рахаста, уыцы рагон философтæй сæ иу уыд Сократ. Цалдæр боны фæстæ уый марг банызта æмæ йæ цардæн хæрзбон загъта. Афинæгтæ уайтагъд сæ рæдыд бамбæрстой æмæ йыл чи стæрхон кодта, уыдон карз æфхæрд баййæфтой.

Сократ быцæу ныхасæй кæддæриддæр цыд уæлахиздзауæй. Ахæм ныхасы уый ардта рæстдзинад. Бирæтæ йæ уый тыххæй нæ уарзтой, фæлæ сæм дардта куыдфæндыйы ахаст. Иу ахæмы йын йе ‘рбадæнтæ дæр фæцæф кодтой. Куы йын загътой, цæуылнæ йын исты бауайдзæф кодтай, зæгъгæ, уæд сын загъта: «Зæгъæм, хæрæг мæ разæвæт ласта, уæд ыл тæрхондонмæ хъаст куыд хъуамæ балæвæрдтаин?».

***

Антисфен уыд æнæзæрдæхудт, хиуылхæцгæ, фæндвидар, диссаджы ныхасгæнæг. Уый дзырдта, зæгъгæ, паддзахадтæ уæд фесæфынц, хорз адæмы æвзæртæй хицæн кæнын сæ бон куынæуал вæййы. Афинæгтæн куы загъта, зæгъгæ, райсут ахæм уынаффæ: «Хæрджыты нымайут бæхтыл» æмæ йæ сæрхъæн куы рахуыдтой, уæд сын загъта: «Уæдæ сымах хуымæтæджы хъæлæсæппæрсты руаджы æнаккаг лæгтæй æсæддон раздзогтæ куыд аразут?».

***

Диоген хуымæтæджы цард кодта. Дардта пæлæз æмæ уый мидæг фынæй кодта. Йемæ хаста хызын, йæ мидæг – хæринаг. Кæмфæнды дæр бафынæй кодтаид, йе ‘ххормаг басастаид. Иу ахæмы уацары бахауд æмæ йæ ракодтой уæй кæнынмæ. Чи йæ балхæдта, уый бафæдзæхста, зæгъгæ, кæд уацайраг дæн, уæддæр мæм хъуамæ хъусай, куыд дохтыр – уацайрагмæ, афтæ.

Иу ахæмы Диоген йæхи хурмæ тавта. Паддзах Алыксандр йæ цурты рацæйцыд, æрлæууыд йæ разы æмæ йын афтæ зæгъы: «Дзур, цыдæриддæр дæ хъæуы». Диоген ын дзуапп радта, хур мæм рауадз, зæгъгæ. Куы йæ бафарстой, кæцон дæ, уæд загъта: «Æз дæн дунейы æмбæстаг». Боныгон цырагъимæ куы рацыд æмæ йæ куы бафарстой, цы агурыс, зæгъгæ, уæд дзуапп радта: «Адæймаджы».

Фарстытæ

Адæмæн æнусты дæргъы сæ бон нæу дзуапп радтын, карк раздæр фæзынд æви аик, зæгъгæ, уыцы фарстæн. Уымæй нæ бон базыдтам, фæлæ ма ис æндæр фарстатæ дæр, кæцытæн адæм бæлвырд дзуапп нæ ратдзысты. Мæнæ дзы цалдæр.

***

Асыкк йедзаг у фæткъуытæй. Уыдонæй иутæ æмбийын райдыдтой, иннæтæ нырма цæхæртæ калынц. Сæ хицау сæ хъуамæ райдайа хæрын, фæлæ йын кæд хъуамæ фæуой! Катайыл фæцис. Сыгъдæг, æнæхъæнтæй райдайа хæрын æмæ цалынмæ уыдон фæуд кæной, уæдмæ иннæтæ бамбийдзысты. Чи æмбийынц, уыдонæй райдайа æмæ уæдмæ иннæтæ дæр æмбийын райдайдзысты. Афтæмæй хæрдзæн æрдæгæмбыд фæткъуытæ. Уæдæ кæцы фæткъуытæй райдайа хæрын сæ хицау?

***

Нæлгоймаг сылгоймагæн кæддæриддæр лæггадгæнаг у. Рады лæугæйæ, нæлгоймаг иуварс алæууы. Искуыдæм хизгæйæ, гъе та, рахизгæйæ, сылгоймаджы разæй рауадзы. Афтæ бирæ æндæр хъуыддæгты дæр. Уæдæ асинтыл уæлæмæ хизгæйæ та цы хъуамæ бакæна нæлгоймаг? Сылгойма-джы разæй ауадза æви йæ фæстæ цæуа?

ФРАЗÆТÆ

Спортивон ерыстæ фыркъатæм дæр ис – сæ сæртæ кæрæдзийыл гуыпп кæнынц, цæмæй сæ иу фыццаг бынат бацахса.

***

Царды хæрзиуджытыл йæ къух сисгæйæ, рагон философ Диоген цахæм боцкъайы цард, ахæмы ныххизын кодтой нырыккон олигархы æмæ цалдæр боны фæстæ йæ тыбыртæ бацагъта.

***

Раст адæймагæн æнæраст дунейы зын цæрæн у.

***

Нæл гогыз йæ бохъхъуыртæ æруагъта æмæ йæхи куырыхон банхъæлдта.

***

Иу æхстæн дыууæ тæрхъусы амардта… сармадзанæй.

***

Лæг æдзух куывта, цæмæй йæхицæн знагыл кæй нымадта, уыдонæн сæ мæлæт йæхи цæстæй фена. Рацæй-рабон, æмæ йæхæдæг сæ разæй фæцис.

Бегемот тæхын зоны?

Бимбол æмæ Дзамбол сыхæгтæ сты. Кусгæ дæр иу заводы кæнынц æрмæст æндæр æмæ æндæр цехты. Бимбол чиныгимæ нæ фæхæлар æмæ æнахуырæй баззад, Дзамболæн астæуккаг ахуырад райсын йæ къухты бафтыд, райста дæс-ныйад æмæ ма цехы хистæр дæр ссис. Уæдæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр зыдта. Æмæ дын æй, куыстмæ цæугæйæ, Бимбол куы афæрсид:

– Дзамбол, дæ хорзæхæй, зæгъ-ма, бегемот тæхын зоны?

Дзамбол зæрдиагæй ныххудт, афтæмæй йын дзуапп радта:

– Цæй тæхын зоны бегемот, чи дын æй загъта?

– Сило мын æй загъта, мæ фарсмæ чи кусы, уыцы лæг. Æмæ æз дæр фæдызæрдыг дæн. Бегемоты зонын, галы хуызæн у, стыр хæмхудтæ йын ис, фæлæ йын базыртæ ис, уый нал хъуыды кодтон.

– Фæсайдта дæ, Бимбол, æмæ йыл ма æууæнд.

– Йед у… æз дæр, дам, æй хъусгæ фæкодтон, нæ хицауæй.

– Кæмæй, дам, æй фехъуыстон? – бадис кодта Дзамбол.

– Хицауæй, дам, заводы директорæй. Заводы кæрты, дам, кæимæдæрты лæууыд æмæ, дам, æй уым дзырдта. Сæ иувæрсты, дам, фæцæйхызтæн, афтæмæй, дам, æй фехъуыстон.

– Хицау, дам, æй дзырдта, зæгъыс? – сцыбæл Дзамбол.

– О, о, заводы директор, – бафидар кодта йæ ныхас Бимбол.

Дзамбол афæлурс. Йæхинымæр цыдæртæ багуым-гуым кодта.

– Зоныс цы, – æппынфæстагмæ йæ хъуыды раргом кодта Дзамбол. Æз дæр кæддæр фехъуыстон бегемот, дам, тæхын зоны. Фæлæ ныллæджыты тæхы… раст зæгъгæйæ, мæхæдæг æй никуы федтон тæхгæ телевизоры дæр.

Бимбол ницы æмбарæгау йæ уæхсчытыл хæрдмæ фæхæцыд, стæй сындæг-сындæг сæ раздæры бынат æрцахстой.

Дыккаг бон дæр амбæлдысты дыууæ сыхаджы.

– Нæ, дам, зоны нæ бегемот тæхын. Хицау, дам, хъазгæ кодта, – уый Бимбол Дзамболæн дзуры.

Дзамбол амæсты.

– Чи дын æй загъта!

– Кæимæ лæууыд, уыдонæй сæ иуы бафарстон æмæ мын æй уый загъта.

– Уæллæй, Бимбол, адæймаджы схæццæ кæныс, дызæрдыджы йæ ныппарыс, æндæра дын нæ дзырдтон бегемот тæхын кæй нæ зоны, уый, – сбустæтæ йыл кодта Дзамбол.

Фарс мыхуырмæ бацæттæ кодта БИАЗЫРТЫ Роланд

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.