4-ӕм октябрӕй 11-æм ноябрмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл фыдракæнд не ‘рцыдис. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Къуырийы дӕргъы республикӕйы фӕндӕгтыл авари не ‘рцыд.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 198 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 6 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцыдысты 7 адӕймаджы.

Милицийы уголовон фӕдагуырды кусджытӕ ӕрцахстой горӕты 45-аздзыд цӕрӕджы, кӕцымӕ сӕ зӕрдӕ фехсайдта фыдракӕнд саразынæй. 2-ӕм ноябры Абайты Васойы уынгыл магазин «Сантехника»-йæ адавдӕуыд 150 мин сомы ӕмӕ уӕдӕй нырмӕ милицийы кусджытӕ агуырдтой къӕрныхы. Фыдгӕнӕг басаст йӕ фыдракӕндыл.

Горӕты рынчындонмӕ бахаудта 16-аздзыд ӕнӕххӕст кары сывӕллон. Дохтыртӕ куыд рабӕрӕг кодтой, афтӕмӕй ацы рынчын спайда кодта наркотикон буарадӕй. Наркотикон буарадты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ оперативон-агурӕн мадзӕлттӕ ауадзыны фӕстиуӕгӕн ноджы баурӕдтой дыууӕ 17-аздзыд ӕнӕххӕст кары сывӕллоны, кӕцытӕ ӕнӕзакъонӕй спайда кодтой наркотикон буарад «марихуана»-йӕ. Ацы фактты фӕдыл бӕрндзинадмӕ конд ӕрцӕудзысты ӕрыгон фӕткхалджыты ныййарджытӕ дӕр.

Наркотикон буарадты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ ма баурӕдтой ӕртӕ горӕттаг цӕрӕджы, кӕцытӕм сӕ зӕрдӕ фехсайдта наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕнынмӕ. Фӕткхалджытӕ тӕрхондоны уынаффӕмӕ гӕсгӕ ивар ӕрцыдысты фӕйнӕ 8 мин сомы. Уымӕй уӕлдай ма басгӕрсты рӕстӕджы 26-аздзыд Цхинвалы цӕрӕгмӕ ссардтой гӕххӕтты тыхтӕй цъӕхбын ссадӕг, кӕцы, эксперт куыд рабӕрӕг кодта, афтӕмӕй разынд наркотикон буарад «марихуана».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.