10-ӕм июнӕй 17-æм июнмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æрцыдис æртæ фыдракæнды æмæ иууылдæр раргом сты. Наркотикон буарадтӕй ӕнӕзакъонӕй спайда кӕныны тыххӕй урӕд ӕрцыдысты цалдӕр ӕмбӕстаджы. Уымӕй уӕлдай ма республикӕйы фӕндӕгтыл ӕрцыдис дыууæ авари, кæцыты фæстиуæгæн рынчындонмæ бахаудтой æртæ адæймаджы.

Планон рейдон мадзӕлттӕ уадзыны рӕстӕджы Фӕндагон змӕлды ӕдасдзинады инспекци къуырийы дӕргъы сбӕлвырд кодта 185 фӕткхалӕн цауы. Уыдонӕй 8 уыдысты нозтджынӕй машинӕ скъӕрыны цаутӕ.

Алыгъуызон бархалыны фӕдыл бӕрн-дзинадмӕ конд ӕрцыдысты 12 адӕймаджы.

10 июны Цхинвалы Джиоты Аланы проспектæй Пушкины уынгмæ фæзилæны нæ горæты цæрæг æхсæнгарзæй фехста Цхинвалы 40-аздзыд цæрæджы, кæцы фæцис цалдæр цæфы æмæ бахаудта рынчындонмæ. Фыдгæнæг бамбæхстис æмæ милицийы кусджытæ уадзынц оперативон-фæдагурæн мадзæлттæ йе ‘рцахсыны фæдыл.

Милицийы наркотикон буарадты æрзылдыл контроль кæныны управленийы кусджытæ оперативон-агурæн мадзæлттæ ауадзыны фæстиуæгæн Цхинвалы 37-аздзыд цæрæджы цæ-хæрадоны ссардтой 189 гæны къутæры. Фыдгæнæгыл баконд æрцыдис уголовон хъуыддаг.

Милицийы наркотикон буарадты æрзылды контроль кæныны управленийы кусджытæ баурæдтой нæ горæты 65-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «марихуана»-йæ. Цхинвалы тæрхондон бархалæджы фæивар кодта 10 мин сомы.

Цхинвалы районы Махисы хъæумæ хæстæг æрцыдис фæндагон-транспортон цау. Ленингоры районы Цъолды хъæуы 36-аздзыд цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Лада Приора» скъæрын, ахаудта фæндаджы фæсвæд æмæ сæмбæлд кæдзæхдуртыл. Аварийы фæстиуæгæн шофыр æмæ йæ бæлццон, Ленингоры районы Цъолды хъæуы 43-аздзыд цæрæг, бахаудтой рынчындонмæ. Шофыр ис уæззау уавæры. Слестгæнæн кусджытæ машинæйы ссардтой гæххæтты тыхтæй наркотикон буарад «марихуана».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.