29-æм июнæй 6-æм июлмæ Хуссар Ирыстоны территорийыл  æрцыдис дыууæ фыдракæнды æмæ раргом сты. Наркотикон буарадтæй æнæзакъонæй спайда кæныны тыххæй урæд æрцыдысты цалдæр æмбæстаджы. Уымæй уæлдай ма республикæйы фæндæгтыл æрцыд иу фæндагон-транспортон цау. Аварийы фæстиуæгæн рынчындонмæ бахауд дыууæ æмбæстаджы.

Фæндагон змæлды æдасдзинады инспекци къуырийы дæргъы сбæлвырд кодта 159 фæткхалæн цауы. Уыдонæй 7 уыдысты нозтджынæй машинæ скъæрыны цаутæ.

Æхсæнадон фæтк фехалыны фæстиуæгæн бæрндзинадмæ конд æрцыдысты 2 адæймаджы.

28-æм июны Цхинвалы рынчындонмæ кардæй цæфимæ бахаудта Цхинвалы районы Сарабукы хъæуы 33-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстагæн Сарабукъы хъæуы хъаугъа рауад æртæ адæймагимæ, кæцыйы фæстиуæгæн æй кардæй ныццавтой. Фыдгæнджытæ ахст æрцыдысты.

1-æм июлы Цхинвалы рынчындонмæ уæззау цæфтимæ бахаудта горæттаг 13-аздзыд цæрæг. Куыд рабæрæг, афтæмæй ацы æмбæстаг уазæгуаты уыд Цхинвалы районы Тбеты хъæуы йæ хæстæджытæм æмæ велосипедæй ахаудта.

5-æм июлы Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы зынгсирвæзты фæстиуæгæн басыгъд бынæттон цæрæджы хисæрмагонд хæдзар. Куыд рабæрæг, афтæмæй хæдзар басыгъд йæ сыхаджы аххосæй, кæцы йæ кæрты ссыгъта брæттæ æмæ зынджы стъæлфæнтæ бахаудысты бæстыхаймæ.

Милицийы наркотикты æрзылдыл контроль кæныны кусджытæ оперативон информацийы фæдыл басгæрстой горæт Цхинвалы 61-аздзыд цæрæджы хисæрмагонд хæдзар æмæ дзы ссардтой иу гæны къутæр æмæ ма ноджы 5 хус гæны къутæры пластмассæйæ арæзт донгæрзты æвæрдæй.

Наркотикты æрзылдыл контроль кæныны кусджытæ  баурæдтой нæ горæты 33-аздзыд цæрæджы, кæцы æнæзакъонæй спайда кодта наркотикон буарад «морфин»-æй.

24-аздзыд горæттаг цæрæг нæ сарæхст йæ автомашинæ «Toyota Mark X» скъæрынмæ æмæ Цхинвал-Ленингоры фæндаджы 7-æм километры фæсвæд афæлдæхт. Аварийы фæстиуæгæн шофыр æмæ йæ бæлццон, Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы 20-аздзыд цæрæг, алыгъуызон цæфтимæ бахаудтой рынчындонмæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.