Мыхуырӕй рацыд журнал «Мах дуг»-ы иуӕндӕсӕм номыр. Журналы мыхуыргонд æрмæджытæ иууылдæр цӕттӕгонд ӕрцыдысты Ирон театры 85 азы юбилеймӕ.

Журнал байгом Цæгат Ирыстон-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы арфӕйæ: «Ирон театр махæн уыдис æмæ у национ аивады артдзæст, раст хъомылад æмæ рухстауæн фæрæз, бæрзонд æмæ ирд хъуыдыты айдæн».

Арфӕйы ныхӕстӕ ма загътой Цæгат Ирыстон-Аланийы Парла-менты Сӕрдар Алексей Мачнев, Цæгат Ирыстон-Аланийы Культурӕйы министр Къубалты Эльбрус, Хуссар Ирыстоны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры директор Уалыты Мæдинæ.

Рубрикæ «Зындгонд адӕймӕгты хъуыдытӕ», зӕгъгӕ, мыхуыр кæны Агънаты Гӕстӕн, Бекъойты Розӕ, Ходы Камал, Черчесты Хъасболат ӕмӕ ӕндӕрты хъуыдытӕ театры тыххӕй.

Рубрикӕ «Историйы сыфтӕ»-йы бынмӕ журналкæсæг бакæсдзæн Дауыраты Харитон, Хъайттаты Сергей, Цӕлыккаты Мæирбег æмæ Тæбæхсæуты Балойы мысинæгтæ ирон театры тыххӕй – «Ирон профессионалон театры райдиан», «Фарны фӕндагыл», «Фӕдонтӕ».

Рубрикӕ «Поэзи»-йы бынмӕ мыхуыр æрцыдысты Чеджемты Ӕхсар, Плиты Хадо, Касаты Бат-радз, Дауырӕ, Цӕрукъаты Алыксандр, Бекмӕрзты Афон, Хадыхъаты Фатимӕйы ӕмдзӕвгӕтӕ ирон зындгонд актертыл.

Рубрикӕ «Мысинӕгтӕ»-йы бынмӕ зындгонд актертӕ Цӕрукъаты Алыксандр, Годжыцаты Исахъ, Тӕбӕхсӕуты Бало, Уататы Бибо ӕмӕ иннӕты тыххӕй фыссынц Цӕрукъаты Азӕ, Абайты Арбилянӕ, Хӕбӕлаты Олег, Дагун Омаев, Ходы Камал ӕмӕ æндæртӕ.

Журнал «Мах дуг»-ы редактор Хетӕгкаты Оксанӕ Ирон театры 85 азы юбилеймӕ интервью райс-та УФ-йы сгуыхт ӕмӕ РЦИ-Аланийы адӕмон артист, театры абоны къухдариуæггæнæг Колыты Владиславӕй – «Кад ӕмӕ дын намыс».

Журнал ма мыхуыр кæны «Нымæцтæ, цаутæ, зонинæгтæ».

Ирон театрыл дзурӕг къамтимæ нæ зонгæ кæны «Мах дуг»-ы равдыст».

Стыр Уæлахизы 75 азы цытæн театр æмæ театры артистты тыххæй журналы мыхуыр æрцыд «Уыд аивад сæ хотых…».

 «Артисттӕ худынц», зæгъгæ, ахæм рубрикӕйы бынмӕ мыхуыргонд ӕрцыдысты, театры актертӕ сӕхӕдӕг кӕй радзырдтой, дзыхӕй-дзыхмӕ чи ацыд, ахӕм худӕджы хабӕрттӕ.

Къӕбысты Зӕринӕйы новеллӕ «Хъазӕн чындз» мыхуыр æрцыд рубрикӕ «Æрыгӕтты ӕрмдзӕф»-ы бынмӕ.

Рубрикæ «Ирон прозӕйы антологи» нæ зонгæ кæны Цомартаты Изӕтбегы цыбыр биографи ӕмӕ йӕ радзырд «Хӕхтыл мӕйы тынтӕ уарыд»-имæ.

Журналы ма мыхуыр æрцыд «Мæйы цаутыл афæлгæст» дӕр.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.