Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуг»-ы 2020 азы 12-æм номыр.

Журнал байгом зындгонд поэт Хӕмыцаты Албеджы Ног азы тыххӕй фыст ӕмдзӕвгӕйæ.

Ивгъуыд аз, 15 декабры зынгæ ахуыргонд, æвзагиртасӕг ӕмӕ иранист Абайты Васойы райгуырдыл сæххæст 120 азы. Журнал уый фӕдыл  мыхуыр кӕны филологон зонæдты канди¬дат, Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты профессор Битарты Зойæйы мысинӕгтӕ, афтæ ма Джыккайты Шамилы ӕмдзӕвгӕ «Уасо».

Ивгъуыд ӕнусы 80-ӕм азты  Абайты Васойӕн Дзӕуджыхъӕуы уыд фембӕлд Цæгат Ирыстоны интеллигенцийы минӕвӕрттимӕ. Фембæлды рæстæджы уый ныхас кодта ӕхсӕнады, мадӕлон ӕвзаджы ӕмӕ культурӕйы рӕзты тыххӕй. Фембæлды раныхæстæ журналмæ мыхуырмæ бацӕттӕ кодта Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон премийы лауреат, поэт Кокайты Тотрадз.

Поэзийæ журналы мыхуыргонд цӕуы æмдзæвгæты цикл «Фарн ӕрбахӕсс нӕ Ирӕн», зæгъгæ, Ног азы тыххӕй зындгонд поэтты æндæр æмæ æндæр рӕстӕджыты фыст æмдзæвгæтæ.

Фарон зынгӕ фыссӕг Дзесты Куыдзӕджы райгуырдыл 115 азы сӕххӕст. Фыссæг  ивгъуыд ӕнусы 30-æм азты æвзагхæсджыты аххосӕй ахст ӕрцыд, ӕмӕ ахæстоны бадгӕйӕ, бавзæрста зындзинæдтæ. Уый тыххӕй журналы мыхуыр æрцыд фыссӕг Бицъоты Грисы уац «Йӕ уӕлӕуыл зындон!».  Куыдзӕджы тыххӕй ма мыхуыр цæуы поэт Дзуццаты Хадзы-Мураты уац «Хор хаста нӕ литературӕмӕ» ӕмӕ Куыдзӕгӕн йӕхи радзырд «Ӕрдхӕрӕны лӕвар».

Журналкæсæг æхсызгонæй бакæсдзæн журналист, новеллист Гуырдзыбеты Барисы этюдты цикл «Хӕхты зæлтӕ».

«Аивад, культурӕ», зæгъгæ, ацы рубрикӕйы бын мыхуыр цæуы, Аланыстон чырыстон дин куы райста, ууыл 1100 азы кӕй ӕххӕст кӕны, уый тыххæй историон зонæдты кандидат Мамиаты Михалы уац «Аллоныстоны ивгъуыды сурӕттӕ».

Журналы бакæсдзыстут, советон фыссӕг Уырыймӕгты Езетханы райгуырдыл 115 азы кӕй сӕххӕст, уый фӕдыл журналист, журнал «Мах дуг»-ы шеф-редактор Джусойты Нинӕйы уац «Мады рæвдыдау – ӕнӕрох».

Чырыстон дины рухстауæг Цомайты Харлампийы райгуырдыл та 145 азы кӕй сӕххӕст, уый фӕдыл журналы ацы номыры мыхуыргонд цӕуы Цомайты Ростиславы уац «Рухстауæг», зæгъгæ.

Зындгонд ирон фыссӕг Дзаттиаты Тотырбеджы очерк «Астан» мыхуыр цæуы рубрикӕ «Карз хӕсты фӕндагыл – уӕлахизмӕ»-йы бын.

Рубрикӕ «Бакӕсӕм нӕ хурты хуртӕн»-ы бын мыхуыр æрцыдысты ног азы бӕрӕгбонмӕ сывӕллӕттӕн фыст ӕмдзæвгӕты цикл «Уӕ басылы къух мӕн куыд фӕуа».

Журналы ма бакæсдзыстут филологон зонæдты доктор Сокаты Дианӕйы фыст уац ирон алæмӕты аргъӕутты тыххӕй, афтæ ма Ногбоны бӕрӕгбонмӕ Гусалты Барисы уац ӕмӕ Ногбоны арфӕтӕ.

Рубрикæ «Ирон прозӕйы антологи»-йы бын бакӕсдзыстут Хъауыраты (Дзиойты) Дауыры цыбыр биографи æмæ йӕ радзырдтӕ.

Ацы номыры ма бакӕсдзыстут, ивгъуыд аз сæ цардӕй чи ацыдысты, уыцы фысджытӕ ӕмӕ журналисттӕ Багаты Аврам ӕмӕ Дыгъуызты Тенгизы тыххæй редакцийы номӕй тӕфӕрфӕстӕ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.