Мыхуыры æрцыд ӕрвылмӕйон журнал «Мах дуджы» 8-ӕм номыр.

Зындгонд ирон курдиатджын поэт, тӕлмацгӕнӕг, драматург, публицист Чеджемты Георы райгуырдыл сӕххӕст 80 азы æмæ уый фӕдыл журналы бакӕсӕн ис йе ‘мдзӕвгӕты цикл «Æрвхуыз цин», афтæ ма биографион зонӕнтӕ.

УФ-йы адӕмон артисткӕ Хъариаты Тамарӕйы райгуырдыл ацы аз ӕххӕст кӕны 105 азы. Ирон театры сценӕйыл уый бирӕ зӕрдӕагайгӕ фæлгонцтӕ сарӕзта æмæ уыдон иууылдӕр бацыдысты национ театралон аивады сыгъзӕрин фондмӕ. Хъариаты Тамарӕ канд курдиатджын актрисӕ нӕ уыд, фӕлӕ ма ныффыста театралон аивады тыххӕй бирӕ иртасæн ӕрмӕджытӕ, сывӕллӕттӕн радзырдтӕ ӕмӕ аргъӕуттӕ. Журналкæсæг бакӕсдзӕн йӕ радзырд «Сылгоймӕгты тох».

Прозӕйӕ журналы мыхуыр ӕрцыд зындгонд журналист Гаджиты Иласы радзырд «Фыййау куыдз Бури».

Поэт, фыссӕг, музыкант, УФ-йы Фысджыты цӕдисы уӕнг. Бы-зыккаты Земфирæ у поэтикон ӕмӕ сывӕллӕттӕн фыст радзырдты чингуыты автор. 30 азӕй фылдӕр уый кусы газет «Рӕстдзинад»-ы хайады сӕргълӕууӕгӕй. Журналы ацы номыры мыхуыргонд ӕрцыдысты йӕ мысинӕгтӕ, газеты редакцийы кусгæйæ, кæимæ куыста, уыдоны тыххӕй.

Рубрикӕ «Карз хӕсты фӕндӕгтыл – Уӕлахизмӕ»-йы  бынмӕ бакӕсдзыстут Тъехты Тамерланы фыст очерк «Берлинмӕ дамбацаимӕ… Берлинӕй ракетӕимӕ», Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты хайадисӕг тлийыхъӕуккаг Къадзаты Состыччы, зынгзæрдæ патриоты цард ӕмӕ лӕгдзинады фæдыл. Ацы рубрикӕйы бын ма мыхуыр ӕрцыд зындгонд поэт, Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты архайӕг Цырыхаты Михалы кадӕг «Мастисӕг».

Рубрикӕ «Ног æмдзæвгæтæ» та мыхуыр кæны  – РЦИ-Аланийы аивӕдты сгуыхт архайӕг, Адӕмон сфӕлдыстады республикон хӕдзары директор Цӕриаты Валерийы ӕмӕ Бутаты Ритӕйы ног ӕмдзӕвгӕтӕ.

Ӕрӕджы не ‘хсӕнӕй фӕхъуыд Гуыбаты Зауыр, Ирыстоны архитектурӕйы аивады зынгӕ фӕд чи ныууагъта, уыдонæй сæ иу. Журнал «Мах дуджы» ацы номыры мыхуыр цӕуынц, зындгонд архитектортӕ Алыккаты Русланы, Кодзырты Русланы, УФ-йы сгуыхт нывгӕнӕг Дзбойты Михалы, УФ-йы культурӕйы сгуыхт кусӕг Гӕгойты Таймуразы, УФ-йы Нывгӕнджыты цӕдисы уӕнг Езеты Марклены мысинӕгтӕ.

Курдиатджын ӕмӕ дӕсны къамисӕг Сабанты Валерийæн æрӕджы Национ зонадон библиотекӕйы байгом, цалдæр азы дæргъы цы къамтæ систа, уыдон равдыст. Журнал «Мах дуг»-ы мыхуыргонд æрцыдысты Валерийы ист къамтӕй цалдæр.

Рубрикӕ «Адӕмон сфӕлдыстад»-ы бын журналкæсæг бакӕсдзæн «Æртӕ усгуры аргъау».

УФ-йы культурӕйы сгуыхт кусӕг, газет «Рӕстдзинад»-ы хайады сӕргълӕууӕг Цгъойты Хазбийы уацау «Уӕлахизы сидзӕртӕ» ӕмӕ авторы цыбыр биографи мыхуыр ӕрцыд «Ирон прозӕйы антологи»-йы бын.

Журналы ма бакӕсдзыстут августы мӕйы культурӕйы цаутыл афӕлгӕст.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.