Ацы бонты нæ республикæйы Дунеон ахыгъдон банчы къухдариуæггæнæг Вадим Шадян хæрзиуæгон æххуыс бакодта гимнази «Рухс»-æн. Нæ республикæйы хуыздæр скъолатæй сæ иуæн уый балæвар кодта æхсæз нырыккон ноутбукы, нымæцон пианино, портативон студи æмæ микроскоп, кæцыйæ ис гæнæн интернеты руаджы пайда кæнын дæр.

Гимнази «Рухс»-æн уыцы бон уыдис куыд бæрæгбон, афтæ æмæ хорз суазæг кодтой Вадим Шадяны. Ахуыргæнæн уагдоны директоры хæдивæг Джиоты Алан йæхи æмæ коллективы номæй стыр бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта коммерцион банчы адресыл, сæрмагондæй та йæ сæргълæууæг Вадим Шадяны номыл. Джиоты Алан йæ раныхасы куыд банысан кодта, афтæмæй гимназæн ахæм æххуыс фыццаг хатт нæу ацы коммерцион банкæй æмæ сæ кæй сты сæрыстыр æмæ бузныг. Ахуырадмæ уæлæнгай цæстæй кæсын кæй нæ хъæуы, егъау аргъ ын кæй кæнынц рагæй фæстæмæ дæр æхсæнады, уый загъдгонд æрцыдис хæрзиуæгон фембæлды. «Нæ зынаргъ уазæгæн мæ абон фæнды стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын. Уымæн æмæ уый махæн бакодта, ахуыргæнинæгты сæ ахуыры цы хъæуы, уыцы æххуыс. Вадим Алыксандры фырт развæлгъау бацымыдис кодта æмæ нæ бафарста, зæгъгæ, гимназæн цавæр проблемæтæ ис æмæ ахуыргæнинæгты фыццаг рады цы хъæуы, уымæй. Мах ын загътам, зæгъгæ, ахуыргæнæндонæн нæ фаг кæны оргтехникæ. Афтæ ма дзы ракуырдтам микроскоп, кæцы дзуапп дæтты нырыккон домæнтæн. Ахæм микроскоп та нæ хъæуы уый тыххæй, цæмæйдæриддæр биологийы уроктæ уой цымыдисондæр æмæ сывæллæттæ арфдæр ахуыр кæной предмет. Дистанцион ахуыры рæстæджы ахуыргæнæгæн йæ бон уыдзæнис микроскопыл фæлварæнтæ уадзын æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæттæн та уыдзæн уыцы фадат, цæмæй сæм кæсой интернеты руаджы. Уымæй дарддæр ма нын нæ ахуырæн стыр ахъаз уыдзысты ноутбуктæ дæр, фенцон нын кæндзысты нæ ахуыры процесс. Ацы техникæ у хъæуæг æмæ уый тыххæй стæм стыр бузныг Вадимæй. Ахуыргæнджытæн ныртæккæ ахсджиаг у компьютер сахуыр кæнын, уымæн æмæ æнæмæнгхъæуæг у дистанцион ахуыры рæстæджы. Куыд зонæм, афтæмæй ахуыргæнджытæн æмæ ахуыргæнинæгтæн дæр сæ фылдæр дистанцион ахуыры архайынц телефонтæй æмæ практикæ куыд равдыста, уымæ гæсгæ тынг зын у афтæмæй кусын, фæллайынц ахуыргæнджытæ», – банысан кодта гимназийы директоры хæдивæг. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ног портативон студи æмæ пианиноимæ сæ музыкалон ахуыртæ æмæ мадзæлттæ дæр ныр уыдзысты цымыдисон дæр, сывæллæттæ сæ пайда кæндзысты æхсызгонæй.

Гимнази «Рухс»-ы ахуыргæнинæгтæм зæрдиаг арфæйы ныхæстимæ рахызт Вадим Шадян. Уый банысан кодта, зæгъгæ, махæн нæ сывæллæттæ сты нæ республикæйы фидæнаразджытæ æмæ уымæ гæсгæ хистæртæ хъуамæ аудой рæзгæ фæлтæрыл, æххуыс сын кæной сæ ахуыры хъуыддаджы, цæмæйдæриддæр райсой хорз, гъæдджын ахуырад. «Махæн нæ коллективы бафæндыд, цæмæйдæриддæр уын истæмæй баххуыс кодтаиккам. Гимназийы коллектив æнæмæнгхъæуæгыл цы банымадтой, уыдон самал кодтам æмæ сæ ныр фæрнæй ахуыр кæнут. Махæн абон ахсджиаг у, цæмæй нæ сывæллæттæ исой хорз ахуырад æмæ хорз хъомылад. Уый та баст у хистæртыл  æмæ хъуамæ мацы хъуамæ хæлæг кæнæм нæ сомбонаразджытæн», – загъта коммерцион банчы хистæр.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ коммерцион банк Вадим Шадяны къухдариуæгадæй арæх кæй баххуыс кæнынц нæ республикæйы сидзæр æмæ æххуысхъуаг сывæллæттæн. Æндæр æмæ æндæр бæрæгбонты, афтæ ма бахъуыды рæстæджы коммерцион банк иузæрдион æххуыс бакæны, нæ республикæйы цы скъола-интернаттæ уæвынад кæнынц, уыдонæн æмæ дзы стыр бузныг сты куыд сывæллæттæ, афтæ скъолаты разамынад дæр. 

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.