Мыхуыры рацыд ӕмӕ йӕ кӕсджытӕм фӕхӕццӕ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ы ацы азы фӕстаг, ӕхсӕзӕм номыр. Сӕххӕст 60 азы журнал «Ирӕф»-ы сӕйраг редактор Скъодтаты Эльбрусы райгуырдыл. Уый цытӕн «Ногдзау» мыхуыр кӕны йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстадон архайды тыххӕй цыбыр зонӕнтӕ, ис дзы йӕ къам дӕр. «Журналы уазӕг», зӕгъгӕ, ахӕм рубрикӕйы бын редакцийы фарстатӕн дзуапп дӕтты ӕрыгон фӕндырдзӕгъдӕг Томайты Алик. «Бӕрӕгбӕттӕ»-йы дзырдӕуы ирон адӕмы уарзондӕр бӕрӕгбонтӕй сӕ иу – Ногбоны тыххӕй. «Ӕгъдӕуттӕ» –  уыцы рубрикӕйы бын та журналы редакци йӕ чысыл кӕсджыты зонгӕ кӕны Ногбоны гуыдын ӕртхуронимӕ ӕмӕ йын дзуры йӕ нысаниуӕджы тыххӕй.

 Редакци кӕддӕриддӕр фӕндаг дӕтты райдайӕг автортӕн ӕмӕ сын  йӕ фӕрстыл ныммыхуыр кӕны сӕ уацмыстӕ. Ацы номыры дӕр рубрикӕ «Ӕмдзӕвгӕтӕ»-йы бын мыхуыр сты Беслӕныхъӕуы 4-ӕм астӕуккаг скъолайы 3-ӕм къласы ахуырдзау Дадтеты Тамерлан ӕмӕ Алайнаг гимназы 2-ӕм «а» къласы ахуырдзау Джиоты Т. ӕмдзӕвгӕтӕ «Ирыстон – мӕ зӕрдӕйы» ӕмӕ «Ногдзау».

«Ногдзау» хорз кӕны, зарӕджы аивадмӕ ӕмхиц чи у, уыдонӕн кӕй мыхуыр кӕны зарджытӕ. Ацы номыры дӕр дзы ис Гӕджынон – Хабӕты Риммӕйы ныхӕстыл фыст зарӕг «Ног аз», музыкӕ йын ныффыста Евгений Воложанин. «Ирон этикет»-ы рубрикӕйы та мыхуыр ӕрцыд «Ирон фынджы ӕгъдӕуттӕ». Рубрикӕ «Таурӕгъ»-ы ӕв-зонг кӕсджытӕ бакӕсдзысты прогимназ «Интеллект»-ы 3-аг къласы ахуырдзау Кошелева Радмирайы «Хорз ӕмӕ ӕвзӕр» ӕмӕ рубрикӕ «Аргъау»-ы та мыхуыр ӕрцыд Беслӕныхъӕуы фыццӕгӕм астӕуккаг скъолайы 8-ӕм къласы ахуырдзау Кодзырты Асланы аргъау «Зӕронд бирӕгъ». Рубрикӕ «Иры намыс»-ы мыхуыр ис «Дауыт-Сослан (Цӕразонтӕй)».

Редакци йӕ хъус дары ӕмӕ мыхуыр кӕны ӕндӕр адӕмты авторты уацмыстӕ дӕр. Цӕвиттон, «Ӕфсымӕрон адӕмты сфӕлдыстад»-ы кӕсджытӕ базонгӕ уыдзысты Ясиноватаяйы горӕты скъолайы ахуырдзау Рачек Владиславы ӕмдзӕвгӕтимӕ «Один язык… Одна любовь» ӕмӕ «Красота русской природы». Рубрикӕ «Аивад»-ы та редакци йӕ кӕсджыты зонгӕ кӕны «Уӕздӕтты кафт»-имӕ. Мыхуыр ма дзы сты Ӕрыдоны ӕртыккаг скъолайы 2-аг къласы ахуырдзау Лазарты Тамерланы радзырд «Мӕ уарзон къӕбыла». Куыд иннӕ номырты, афтӕ та ацы номыры дӕр лӕвӕрд цӕуы рубрикӕ «Ирон хъӕутӕ» ӕмӕ дзы йӕ райгуырӕн хъӕуы тыххӕй фыссы Бӕрӕгъуыны астӕуккаг скъолайы ахуырдзау Дзасохты Анжелӕ. «Ирон мыггӕгтӕ»-йы та  дзы дзырдӕуы Бигъаты мыггаджы тыххӕй. Журнал йӕ кӕсджыты зонгӕ кӕны Ирыстоны зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтимӕ, сты ма дзы «Базон-базонтӕ», «Ахуыр кӕнӕм ирон ӕвзаг», «Ӕмбисӕндтӕ», «Сканворд» ӕмӕ «Дзырдбыд». Журнал аивадон ӕгъдауӕй сфӕлындзыныл хорз бакуыстой нывгӕнджытӕ Дзиуаты Земфирӕ, Айларты Владимир, Абайты Аркади ӕмӕ Мамсыраты Хасан.

ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.