Мыхуыры рацыд журнал «Мах дуг»-ы ацы азы ӕхсӕзӕм номыр.

Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты райдианӕй 80 азы кӕй рацыд, уый тыххæй Дауыраты Дамир ныммыхуыр кодта Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты архайджыты мысинӕгтӕ «Тохы быдыры», зæгъгæ. «Уыцы бонты мӕ хъӕу – Хуымӕллӕджы», ахӕм иумӕйаг сӕргонды бынмӕ бакӕсӕн ис Дамиры цыбыр нывтӕ: «Бомбӕты бӕллӕхтӕ», «Сау гӕххӕттытӕ», «Мӕ дзыгъуыртӕ йын баххуыс кодтой», «Уарзгӕ дӕр кодтой», «Ганинӕйы обау» ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ирыстоны адæймæгтæй сæ иу уыдис Таболты Солтанбег. Йӕ райгуырдыл сӕххӕст 75 азы. Солтанбеджы тыххӕй журналкæсæг бакӕсдзӕн Бзарты Русланы «Ӕцӕг ирон лӕг», Нафийы мысинаг «Ӕрдзӕй фӕцис раздзог» ӕмӕ Черчесты Хъасболаты уац «О, уыцы худгӕ цӕстытӕ».

Рубрикӕ «Фӕсарӕйнаг поэзи»-йы бынмӕ мыхуыр æрцыдысты немыцаг поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ. Ратæлмац сæ кодта Золойты Аркади.

«Аивад, культурæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын журналы бакæсдзыстут зындгонд фӕндырдзӕгъдӕг Гӕздӕнты Булаты райгуырдыл 85 азы кæй сӕххӕст, уый цытæн Гасанты Валерийы «Ирон аивады фарны хуындзау», зӕгъгӕ, мысинæгты æмбырдгонд.

Рубрикӕ «Ног тӕлмацтӕ»-йы бынмӕ мыхуыр цæуы Торчынты Хъазыбеджы ӕмдзӕвгӕтӕй фыст роман «Зейнап»-ы дыккаг хайӕ скъуыддзаг. Уырыссаг ӕвзагӕй йæ ратæлмац кодта Годжыцаты Нелли.

«Аланыстоныл саргъуыды 1100 азы бонмæ», зæгъгæ, ацы рубрикæйы бын журналкæсæг бакæсдзæн Саутӕты Тамилӕйы «Аргъуаны нывгӕнӕг Суанты Бола».

Рубрикæ «Max дуг»-ы равдыст»-ы мыхуыр цæуынц Гӕздæнты Булаты цард ӕмӕ сфӕлдыстадон архайдимӕ баст хуызистытӕ, нывгӕнӕг Саулаты Сергейы нывтӕ.

Хозиты Барисы райгуырдыл 65 азы кæй сæххæст, уый цытæн журналы бакӕсӕн ис литературон критикӕйы тыххӕй Барисы уац «Критикӕ литературӕйы фидиуӕг у», «Литературон критикӕ нӕм ис ӕви нӕй?», «Ирон литературон критикӕ: йӕ абон ӕмӕ йӕ сомбон».

Рубрикӕ «Ӕрыгӕтты ӕрмдзӕф»-ы бын мыхуыр æрцыдысты Гобозты Агуындӕйы этюдтӕ «Саударӕг» æмæ Цъингуыр».

«Ирон зонды авналæнтæ»-йы бын бакæсдзыстут Егары «Фæдзæхстытæ».

Рубрикæ «Ирон прозӕйы антологи»-йы бын мыхуыр æрцыд Гӕбӕраты Юрийы цыбыр биографи ӕмӕ йӕ радзырд «Урс кувӕндон».

Журналы ма мыхуыр цæуы «Мæйы цаутыл афæлгæст» дæр.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.