Цард куыд æвдисы, афтæмæй нозт, наркотиктæ æмæ тамако стыр зиан хæссынц, чи сæ пайда кæны, уыдонæн. Сæ цард цыбырдæр кæны æмæ тагъддæр амæлынц. Нозтдзуангæнджытæ, наркомантæ æмæ тамакодымджытæ канд сæхицæн нæ, фæлæ зиан хæссынц сæ  алфæмблай уæвджытæн дæр. Æмæ кæд бæрæг куыст цæуы ацы зианхæссæг цайдагъдзинæдты ныхмæ, фæсивæдон организацитæ, ахуырадон æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ барадхъахъхъæнæг органты ‘рдыгæй, уæддæр сæ нымæц нæ къаддæр кæны.

Махмæ нырма ацы уавæры ныхмæ фаг мадзæлттæ ист нæ цæуы. Нæ горæты уынгты куы фæцæйцæуай, уæд фембæлдзынæ расыг адæймæгтыл. Хъыгагæн, уыдон æхсæн вæййы æвзонг лæппутæ дæр æмæ фæкæнынц æнæуаг митæ. Æмæ канд уынджы нæ, фæлæ æхсæнадон уагдæтты дæр сæхи фæдарынц мæгуырау. Зæгъæм зианы фынгыл бадгæйæ, бирæтæ ферох кæнынц, кæм бадынц æмæ хидарын куыд хъæуы. Хистæр кувын нæма райдайы, афтæмæй уыдон нуазынмæ фæвæййынц, сæ хъæлæба райхъуысы æмæ арæх фæхъыгдарынц кувæджы. Хатт ын «зонд амонын» дæр райдайынц.

Иннæ зианхæссæг, ома наркотикон буарадты махмæ 20 азы размæ зонгæ дæр ничи кодта. Йæ парахатгæнджытæ-иу æфхæрд цыдысты, æрцахстой-иу сæ, фæлæ фæстаг рæстæджы никуыуал райхъуыст, искæй бафхæрдтой, уыцы цау. Мардæрцыд уый у æмæ ацы маргæй кæй пайда кæнынц скъолаты ахуыргæнинæгтæ дæр. Уыцы цаутимæ зонгæ сты Мидхъуыддæгты министрады æнахъомтимæ куысты хайады кусджытæ дæр, фæлæ сын нырма уадиссаг æнтыст нæй наркотикон буарадтæ скуынæг кæныны хъуыддаджы. Ацы æнамонддзинадимæ тох куыннæ фæкарздæр уа, уæд фæсивæдæй бирæтæ фæцайдагъ уыдзысты хъылма дымыныл. Хъуамæ алы ныййарæг дæр уа цырддзаст, иугæр æнахъом саби арæх куры æхца, кæнод  хæдзарæй исты мигæнæнтæ сæфы, уæд  хъуамæ уый уа сигнал æмæ ныййарæг сараза æппæт дæр, цæмæй йæ хъæбул къухтæй ма аирвæза.

Æмæ канд ныййарæг нæ, фæлæ ма ацы æртæ æнамонддзинады – нозт, наркотикон буарадтæ æмæ тамакойы ныхмæ хъуамæ тох кæна æхсæнад дæр. Ахуырад æмæ барадхъахъхъæнæг органтæ та хъуамæ æмгуыст кæной æмæ сæ хъус лæмбынæгдæр дарой ацы фарстмæ.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.