12 июны Уæрæсейы адæмимæ иумæ хуссарирыстойнаг адæм дæр банысан кодтой ахсджиаг бæрæгбон – Уæрæсейы бон.  Ацы боны цытæн Хуссар Ирыстоны ауагъдæуыд бæрæгбонон мадзæлттæ. Бæрæгбонон мадзæлтты хайад райста Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик. Уый дидинджытæ сæвæрдта Стыр Фыдыбæстон хæсты хъайтарты обелискы цур Æнусон арты раз.

Мадзалы хайад райстой РХИ-йы Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Марат Кулахметов, Россотрудничествойы минæварады къухдариуæггæнæг Сергей Скворцов, республикæйы министрадтæ æмæ ведомствоты къухдариуæггæнджытæ, æфсæддонтæ, æхсæнады минæвæрдтæ.

«Куыд Уæрæсейы, афтæ Хуссар Ирыстоны дæр ацы бон нымад у паддзахадон бæрæгбоныл æмæ у Уæрæсейы паддзахадимæ нæ республикæйы æнæаскъуыйгæ баст-дзинады символ.

Абоны бæрæгбон нын дæтты  нырыккон вазыгджын дунейы нæ иумиаг историон хъысмæты иууондзинад æмæ æнæахицæнкæнынад арф банкъарыны фадат æмæ нæ уарзондзинадæй иу кæны стыр Уæрæсеимæ», – загъта Хицауады Сæрдар.

Уæрæсейы бæрæгбоны фарсхæцынады нысанæн Хуссар Ирыстоны ауагъдæуыд автоалыгъд дæр, кæцыйы сорганизаци кодтой республикæйы æхсæнадон фæсивæдон организаци «Иууон Алани» Хуссар Ирыстоны Россотрудничествойы минæварады æххуы-сæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.