Афæдзы бæрæгбонтæ къордтыл дихгонд кæй цæуынц, уым цы ныхмæвæрд уылæнтæ ис, уыдон сты æхсæнады рæзты фæндаг амонджытæ. Бæрæгбонтæ нысангонд цæуынц графикон æгъдауæй зиллакгай.

Бæрæгбонтæ алы адæммæ цæуынц алы хуызы арæзт, алыгъуызон у сæ мидис дæр. Бæрæгбон цавæрфæнды ма уæд, уæддæр у удварн дæттæг, уым æмбæхст ис æрвылбонон цардыл рæстмæ аудæг, фарнхæссæг арф мидис.

Уæдæ  нæ фыдæлтæ куыд бæрæг кодтой, бæрæгбон радон бонмæ куыд æрхаудзæн, уый? Уыдон зыдтой, мæй цы уавæры ис, æмæ-иу æй анымадтой  уымæ гæсгæ. Зæгъæм, Комахсæн бæрæг кодтой чырыстон  Урсы къуырийы размæ æмæ Комбæттæнимæ иу рæстæг, зонгæ та-иу æй бакодтой мæйы къæлиндармæ гæсгæ. Ногбонæй Комахсæнмæ-иу куы фондз къуырийы уыд, куы – авд къуырийы. Кæд-иу мæй Ногбонты сног ис,  уæд-иу Комахсæн арæзтой авд къуырийы фæстæдæр. Ногбонæй иу къуыри фæстæдæр куы сног ис мæй, уæд та-иу уыцы бæрæгбон арæзтой фондз къуырийы фæстæ. Уыцы бонæй анымайгæйæ-иу базыдтой, уый фæстæйы бæрæгбонтæй кæмæ ма цас хъуыди, уыцы æмгъуыдтæ. Афтæ  нæ фыдæлтæ афæдзы рæстæг хыгътой иу бæрæгбонæй иннæмæ нымай-гæйæ.

Ногбонæй Комахсæнтæм уыди авд къуырийы. Комахсæнтæй Куа-дзæнмæ дæр – авд куъырийы. Куадзæнæй Зæрдæвæрæнтæм – æхсæз къуырийы, Зæрдæвæрæнтæй Кæрдæгхæссæнмæ – иу къуыри. Кæрдæгхæссæнæй Кæхц-гæнæнмæ  – фондз къуырийы. Кæхцгæнæнæй Атынæгмæ –  дыууæ къуырийы. Атынæгæй Майрæмы куадзæнмæ – æртæ къуырийы æмæ æрдæг. Майрæмы куадзæнæй  Фыдуанимæ – дыууæ къуырийы. Фыдуанийæ Ичъынамæ  – цыппар къуырийы. Ичъынайæ Джеоргуы-бамæ  – æхсæз къуырийы. Джеор-гуыбайæ Цыппурсмæ – æхсæз къуырийы. Цыппурсæй Ногбонмæ – иу къуыри. Бафиппайын хъæуы, номхыгъды зындгонд адæмон бæрæгбонтæ сегас кæй не сты, уый. Уыцы бæрæгбонтæ уыдысты бирæ фылдæр.

  Уæдæ алы бæрæгбонтæн æмæ афонтæн ис  дыууæ къордыл фæдих кæнæн. Фыццаг къордмæ хауынц, хорæрзадыл чи ауды, уыдон, дыккагмæ  – тыллæг ба-хъахъхъæнын æмæ йæ бафсна-йыныл чи ауды, уыцы бæрæгбонтæ.

Уыцы къордтæн кæрæдзийы фæдыл ис афтæ равæрæн: фыццаг –  зымæгон къорд, баст сты уалдзæ-джы быдырон куыстытæм хи бацæт-тæ кæнынимæ. Дыккаг – уалдзыгон къорд, баст сты  уалдзыгон куыс-тытæ арвитынимæ.  Ӕртыккаг – сæрд æмæ фæззæджы  къорд, баст сты хортæ бахъахъхъæнын æмæ тыллæг бафснайыны куыстытимæ.  Адæмон къæлиндармæ гæсгæ сын лæвæрд цыди ахæм æмгъуыдтæ: фыццаг къордæн – Цыппурсæй Стыр Тутырты онг; дыккагæн –  Рæмон бонæй Кæрдæгхæссæнмæ; æртык-кагæн – Дауджытæй Цыппурсмæ.

Уый дæр ма бафиппаинаг у, æмæ ирæттæн бæрæгбонтæн  къуырийы алы бон аразæн кæй нæ уыд. Иннæмæй та, бирæ ирон бæрæг-бонтæ нысангонд цыдысты сæйраг боны размæ æхсæв. Кæд-иу бæрæгбон Хуыцаубонмæ æрхауд, уæд-иу æй аразын райдыдтой сабаты фæсæхсæвæрты.

Бæрæгбонтæй иутæ аххæссынц иу бон, иннæтæ – иу бонæй иннæ бонмæ, аннæтæ та – æнæхъæн къуыри, фæлæ дзы сæйрагдæр вæййынц фыццаг æртæ боны.

Зæгъæм, Джеоргуыбайы бонтæй ахсджиагдæр уыди фыццаг æмæ-иу райдыдта хуыцаубоны æхсæвы. Джеоргуыбайы бонтæй кадджындæр боныл нымад уыди къуырисæризæр, ома, дыццæгæхсæв, хонынц ма йæ Уастырджийы æхсæв, Джеоргуыбайы къуырийы фæстаг бон та хонынц Уастырджийы æрвитæн.

Ирон адæм кæмфæнды æмæ куыдфæнды  ма цардаиккой, уæддæр-иу ацы бæрæгбон æнæмæнг банысан кодтой  алы ирон бинонтæ дæр. Ӕнæмæнг-иу акодтой кусарт. Уастырджийы æвæрдтой иннæ зæдтæ æмæ дауджытæй бирæ бæр-зонддæр.  Ирæттæ фæндагыл цыдысты æви хæсты быдыры уыдысты, уæддæр куывтой: “Уастырджи, æххуысгæнæг нын у!”

Уастырджийы адæм зæронд лæг хуыдтой, æдзух фæбады бæхыл, скодтой йыл алыгъуызон зарджытæ æмæ таурæгътæ. Джеоргуыбаты хæдразмæ æмæ Джеоргуыбаты рæстæджы-иу æмкъайдзинад чи сарæзта, уыдон-иу нымадтой иууыл амондджындæр æмкъæйттыл. 

Ӕппæты кадджындæрыл нымад цыд дыццæгæхсæв, акусарт-иу кодтой сæгъ. Ӕрæмбырд-иу сты бинонтæ иууылдæр, хиуæттæ æмæ-иу удыдзæбæхæн фæминас кодтой.

Гъе, афтæмæй æгъдæуттæ баст уыдысты æнæуи æмæ адæмон бæрæгбонты нысанимæ, ивгъуыд замантæй хастой фарн, фидæныл аудыдтой.  Ӕцæгæйдæр, бæрæгбон уыди, адæмы зæрдæйы цы баззади, уый рæгъмæ рахæссыны мадзал, ивгъуыд рæстæгæй æрхаста ахсджиаг зонинæгтæ. Бæрæгбон йæхæдæг æмæ йе ‘гъдæуттæ уы-дысты фидæны æхсæнады хъысмæтаразæг, хорзæрдæм ыл аудыдтой. Афтæмæй иугонд цыдысты, абоны бон фидæны тыххæй хорзæх-тæ кæй куырдтой, æмæ фыдæлтæй баззайæг æгъдæуттæ кæй арæзтой, уыцы æртæ æууæлы.

Бæрæгбон йе ‘ппæт фидыцы æууæлтимæ тырныдта иу нысанмæ,  адæм æм цæмæ æнхъæлмæ кастысты, уымæй сын фылдæр хорз-дзинæдтæ бакæнынмæ. Гъе, афтæмæй бæрæгбоны æххæст кодтой  фыдæлтæй баззайгæ хорз æгъдæуттæ, æмæ куырдтой фидæны тыххæй хорзæхтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.