Ноябры æмбисы Ирыстоны кæмттæй иуæй-иу рæтты арæзтой мæрдты бæрæгбон Сагæйтты æхсæв. Цыппæрæмы-иу изæры хортæ æфснайд чи фæци, уыдон мæрдтæн арæзтой фынг. Ацы бæрæгбоны-иу кувгæ дæр скæнынц фæззæджы дзуæрттæн, цæмæй сын мæрдтæ ныууадзой сæ фæззæджы кусæн дзаумæттæ: цæвджытæ, æхсырфытæ, сагæйттæ, халамæрзæнтæ æмæ æндæртæ, цæмæй уыцы кусæнгæрзтæй дарддæр мауал тухæн кæной мæрдты бæсты. Гуырысхойаг нæу, зæххон цард æцæг æнусон уæларвон царды къæсæрыл нымад куы цыди, ацы бæрæгбон уæд кæй фæзынди, уый.

Уастырджийы бонтæй къуыри раздæр хуыцаубоны та арæзтой Зыгуымоны бæрæгбон. Ацы бæрæгбон абон адæмæй ферох, фæлæ йæ раздæры заманты арæзтой Ирыстоны хуссары дæр æмæ цæгаты дæр. Йæ ном йæхæдæг дæр дзуры йæ нысаныл – уæдмæ-иу хъуамæ быдыры куыстытæ иууылдæр конд фæуыдаиккой, сæ хор-иу хъуамæ бафснайдтаиккой. Суанг ма-иу хъæмп æмæ зыгуым дæр æфснайд æрцыдаиккой. Хохаг лæджы зæрдæ ницæмæуал æхсайы – куывдты рæстæг æрцыд.

Бæрæгбон арæзтой бинонтæ. Хистæр-иу æртæ чъирийæ скуывта. Хуыцауы фæстæ тынгдæр куывтой Уацилла æмæ Галæгонмæ, цæмæй хор æмæ фосæфсæст уой, сæ бæркад фылдæрæй-фылдæр кæна, дымгæйы бардуаг Галæгон сæ фыдбылызæй хиза.

Афтæ дæр уыд, æмæ-иу бинонты хистæр æртæ чъирийæ скуывта, сæ хортæ кæм уыдысты, уым сæ къутуты цур, ома, уæд Хуыцау æмæ Уацилламæ,  хоры бæркад кæмæй аразгæ у, уыцы зæдтæ, уыцы дауджытæм йæ ныхас хуыздæр фехъусдзæн, зæгъгæ.

Ирон адæм стыр кад, стыр аргъ кæнынц сæ зæдтæ, сæ дзуæрттæн. Фæлæ   ацы дзуæртты ‘хсæн дæр уæлдай кадджындæр бынат ахсы Уастырджи, нæлгоймæгты бардуаг, бæлццæтты, хæстонты фæндарастгæнæг, мæгуыртæн æх-хуысгæнæг, кæстæрты раст фæндагыл æфтауæг.

Ноябры æртыккаг къуырийы Хуссарæй Цæгатмæ ирæттæ иууылдæр арæзтой  Уастырджийы бæрæгбон Джеоргуыба. Йæ кæныны æмгъуыд бæрæг кæмæн у, уыцы бæрæгбон Майрæмкуадзæны фæстæ-иу Джеоргуыба райдыдта дыууадæс къуырийы фæстæ. Ацы бæрæгбон афтæ кадджын уыди æмæ абон дæр у æмæ йын зæгъæн дæр нæй. Афтæ уымæн уыди, æмæ-иу ирон адæмæн ралæууыдысты  æппæты кадджындæр дзуар Уастырджийы кувæн бонтæ. Ирон адæймаг ыл кæддæриддæр йæхи ма бафæ-дзæхса, уымæн гæнæн нæй.

Уастырджи у лæгты дзуар, бады алæмæттаг урс бæхыл, у давджыты, цæстфæлдахджыты, мæнгæрдты æмæ марджыты æфхæрæг, раст адæм æмæ хæдзарон фосыл аудæг. Йæ ном ын арæх фæзæгъынц ардбахæрды æмæ арфæйы ныхæсты. Уастырджийы тыххæй Ирыстоны ис бирæ таурæгътæ. Йæ бæрæгбон ахæссы æрæгвæззæгмæ. Уастырджи ахæм кадджын уыд нæ фыдæлтæм æмæ йын азы иуæндæсæм мæй сæрмагондæй схуыдтой йæ номыл – Джеоргуыбайы мæй. Фæлæ йын ацы мæйы дæр ис сæрмагонд бонтæ, сæрмагонд къуыри – Джеоргуыбайы бæрæгбон, кæнæ Уастырджийы кувæн къуыри.

Уастырджийы бонтæм-иу быдырон куыстытæ конд фесты, адæм-иу сæ фæллæйттæ зæр-дæхъæлдзæгæй бабиноныг кодтой æмæ-иу бæрæгбон ахаста æнæхъæн къуыри.

Джеоргуыбайы бæрæгбон райдайы галæргæвдæнæй. Бирæтæ снывонд кæнынц гал, уæныг æмæ йæ хуыцаубоны акусарт кæнынц, уымæ гæсгæ йæ хуыдтой Галæргæвдæн хуыцаубон. Ӕппæты кадджындæр уыди бæрæгбоны къуырийы дыццæг æхсæв. Хуыдтой йæ Уастырджийы æхсæв. Уæд æнæмæнг кодтой кусарт, скуывтой-иу уæдмæ сæрмагондæй арæзт бæгæны-йæ. Дыццæг бон арæзтой хъæугуывд, æрæвæрдтой-иу иумæйаг фынг. Иумæйаг нывондаджы дзидза-иу байуæрстой, куывды чи архайдта, уыцы хæдзæрттыл. Къуырийы фæстæ-иу ралæууыд йе ‘рвитæн бон æмæ йæ хуыдтой Уастырджийы фæдзæхсæн. Иуæй-иу рæтты-иу бæрæгбон ахаста дыууæ къуырийы бæрц дæр.

Фæстаг азты Джеоргуыбайы бæрæгбон  ирон адæмæн сси национ бæрæгбон. Алы хæдзар, алы бинонтæ дæр æм сæхи бацæттæ кæнынц, кæмæн куыд йæ фадат амоны, афтæ акусарт кæны. Ӕрхонынц сыхбæсты. Бирæ рæтты сыхбæстæ, хъæубæстæ  скæнынц иумæйаг куывдтæ.

Ирыстоны зындгонддæр кувæндæттæй ма иу у Дзывгъисы дзуары кувæндон. Кувæндон ис Куырттаты комы Дзывгъисы хъæуы цур. Йæ бæрæгбон вæййы Джеоргуыбайы фæстæ фыццаг хуыцаубоны. Уыцы бон æм Ирыстоны алы рæттæй æрцæуы бирæ адæм.

Кувæндон фæзынд æвддæсæм æнусы. Йæ рæзты исчи фæцæуы æмæ ма æрлæууыдаид, йæ худ ма систаид, барæг йæ бæхæй ма ‘рхызтаид, уымæн гæнæн нæ уыд. Йæ фадат кæмæн куыд амыдта, афтæ-иу мысайнаг сæвæрдта. Ныр дæр йæ цуры бирæ адæм æрлæууынц, мысайнаг сæвæрынц, сæхи бафæдзæхсынц Уастырджийыл.

Бæрæгбон ахæссы иу къуыри. Фыццаг афтæ уыд, æмæ-иу куывд  куы иу хъæу скодта, куы – иннæ хъæу. Равзæрстой-иу дыууæ адæймаджы – куывды фысымтæ. Уыдонæй-иу алчи дæр радих кодта фæйнæ фысы, гал, дзуллаг ссад, хъæбæрхор бæгæны аразынæн. Бæрæгбонмæ бацæттæ кæнын æнцон нæ уыд, æмæ-иу сын æххуыс кодтой цалдæр адæймаджы. Нæлгоймæгтæ хастой суг, фыхтой бæгæны, дзидза, сылгоймæгтæ кодтой хойраджы кой. Уыцы куыстытæ цыдысты кувæндонмæ хæстæг хæдзæртты.

Дзывгъисы дзуары бон-иу ацыд кæддæриддæр æгъдауыл. Изæрырдæм-иу хъазт баурæдтой æмæ адæм сæ хæдзæрттæм здæхтысты. Дард хъæутæй чи æрцыд, уыдон-иу æхсæвы фысымтæм баззадысты. Фысымтæ-иу сæ сбуц кодтой, æхсæв-бонмæ-иу фæкафыдысты.

Къуырийы бон-иу куы ‘рхæццæ, уæд-иу скодтой Дзывгъисы Уастырджийы æрвитæн куывд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.