2020 азы майы  республикæйы Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министрад адресон æххуыс бакодта уæззау цардуагон уавæры бахауæг æмбæстæгтæн. Æххуысы иумиаг суммæ уыд 1350000 сомы бæрц.

Адресон æххуыс райстой 1-аг æмæ 2-аг къорды 6 инвалиды (90000 сомы); 7 æмбæстаджы, кæцытæ фæсахъатджын сты,  1989-2008 азты гуырдзиаг агрессийы рæстæджы кæй фæцæфтæ сты, уый фæстиуæгæн (70 000); 13 гуырцæй инвалиды (135000 сомы);  66 бирæсывæллонджын бинонтæ (745000 сомы); фæмардуæвджыты  бинонтæ 14 (14000 сомы); 5 иунæг æмбæстаджы (55000 сомы).

Бæрæг куыд у, афтæмæй республикæйы æмбæстæгтæй уæззау цадрдуагон уавæрты чи бахауд, уыдонæн адресон æххуыс лæвæрд цæуы «Адресон социалон æххуыс бакæныны тыххæй» Хицауады уынаффæмæ гæсгæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.