Ӕрвыл аз дæр Ног азы агъоммæ, куыд горæты уынгты, афтæ районон центрты дæр фенæн вæййы наз бæлæстæ уæййаг. Афтæ дзырдæуы, зæгъгæ, æнæ наз бæлас Ног аз нæ фидауы æмæ уый æцæгæй афтæ у. Хихджын бæлас фенгæйæ, адæймаг бар-æнæбары ахъуыды кæны ногазон бæрæгбоныл. Не ‘мбæстæгтæй бирæтæ сæ сæрмæ нæ хæссынц арæзт наз бæлæстæ, кæцытæ сæ бакастæй вæййынц бирæ рæсугъддæр æцæг наз бæлæстæй, стæй ма сæ æвæрæн ис бирæ азты дæргъы. Ома йæ иу æлхæд бакодтай æмæ цалдæр азы сæрибар дæ.

Ӕвæццæгæн, æцæг наз бæласæн дæр йæхи хорз миниуджытæ ис æмæ йæ уымæн æвæрынц. Фыццаг уый, æмæ йын ис йæхи хæрздæф, кæцы апырх вæййы хæдзары къуымты æмæ адæймагæн фæхæссы æхцондзинад. Дыккаг та уый, æмæ дæ æхца хардз кæнын нæ хъæуы, – фауадтæ хъæдмæ æмæ ралыг кодтай, дæ зæрдæмæ кæцы бæлас фæцыдис, уый. Ӕмæ йæ бæллæх дæр уый мидæг ис, æмæ наз бæласы цалдæр азы хъæуы, цæмæй ралыг кæнынæн сбæзза æмæ адæймаджы та фæхъæуы цалдæр бонмæ, стæй йæ аппары брондоны. Бæргæ, уыйбæрц фадат нын куы уаид, æмæ алчи дæр йæ хæдзары куы æвæрид ногазон наз бæлас, нæ æрдзæн æнæразиан кæнгæйæ. Фæлæ нæ архайдæй мах бæрæг фæмæгуыр кæнæм нæ æрдзы хъæздыгдзинад, кæцы нын дæтты сыгъдæг, сатæг уæлдæф, æндавы нын не ‘нæниздзинадыл.

Раздæримæ абаргæйæ, фæстаг азты уавæр бæрæг фæхуыздæр. Хъуыды ма йæ кæнын, цалдæргай машинæты гуыффæтæ-иу йедзаг куы уыдысты наз бæлæстæй æмæ ма-иу фенæн уыдис, чи нæ-иу ауæй ис, уыдон-иу брондоны куыд акалдтой. Ацы проблемæ азæй-азмæ скъуыддзаг цæуы, фæлæ уæддæр æгæр бирæ бæлæстæ æрцæуы лыг. Уымæ гæсгæ æрвылаз дæр уагъд фæцæуынц рейдон мадзæлттæ фæткхалджыты ныхмæ.

Цæмæй не ‘мбæстæгтæ æнæзакъонæй ма лыг кæной æмæ ма уæй кæной хихджын бæлæстæ Ног азы бæрæгбонтæм, уый тыххæй Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб бардзырд радта, цæмæй райдайой уадзын рейдон мадзæлттæ. Милицийы кусджытæн рейдты рæстæджы æххуыс кæндзысты нæ республикæйы Хъæды хæдзарады управленийы кусджытæ æмæ аххæсдзысты суанг Ног азы бæрæгбонты фæудмæ. Фадыгон инспектортæ ныридæгæн зилынц бынæттон цæрджытыл æмæ сæ фæдзæхсынц, цæмæй ма лыг кæной хихджын бæлæстæ. Кæд искæй феной ралыггæнгæ, уæд та-иу фехъусын кæной æмбæлон органтæм. Уымæй уæлдай ма милицийы стационарон постыты сгардзысты автомашинæты æмæ фæткхалджыты бæрндзинадмæ кæндзысты.

Æппæт ацы мадзæлттæ ист цæуынц нæ æрдзы рæсугъддзинад, сыгъдæгдзинад æмæ æнæниздзинад бахъахъхъæныны тыххæй. Кæд æмæ нæ фидæны цард нæ райгуырæн бæстæимæ бæттæм, нæ сывæллæтты сомбоныл хъуыды кæнæм, уæд нæ алчи дæр хæсджын у, цæмæй аудæм æрдзыл, хъахъхъæнæм хъæд æмæ архайæм хорздзинад аразыныл.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.