Фæстаг азты нæ республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты бирæ уынгтæ арæзт æрцыд. 1970 азæй фæстæмæ нæ горæты уынгты ивд нæ цыдысты нуазыны доны æмæ канализацийы хæххытæ æмæ уый аххосæй раууатмæ æрцыдысты. Ныр уынгты аивдзинадæй зæрдæ рухс кæны.   Уынгты арæзтадыл кусы бынæттон организаци ООО «Дорэкспострой». Куыстытæ куыд цæуынц, уый арæх бабæрæг кæнынц нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæ. Сæ фæдзæхст вæййы, цы аразæм, уый иу бонæн арæзт ма хъуамæ  цæуа, стæй дæр æй нæхицæн кæй аразæм, уымæ гæсгæ хъуамæ арæзт цæуа гъæдджынæй.

Уынгтæ гъæдджынæй бæргæ арæзт цæуынц, фæлæ иуæй-иу уынгтæ быгъдæгæй кæй баззайынц, уый зæрдæ бацагайы. Аразджытæ зæххы бын инженерон-коммуникацион куыстытæ куы фæкæнынц, уæд акалынц, уынджы цы фи-дыцтæ – бæлæстæ лæууы, уыдон. Бирæ азты, уынгтæ арæзт куынæма уыдысты, уæд ацы сусхъæдтæ, тæгæр бæлæстæ æмæ кедртæ сæрды æнтæфты æмæ зымæгон бонты дæр адæмæн уыдысты ахъаз, æрмæст ау-уон нæ дардтой, фæлæ ма сыгъдæг кодтой уæлдæф дæр.

Арæзтад æмæ архитектурæйы министрады куыд загътой, афтæмæй уынг капиталонæй арæзт куы цæуа, уæд, дам, бахъыгдард вæййынц бæлæсты уидæгтæ. Бæласæн йæ уидаг куы бахъыгдард вæййы, уæд, дам, цадæггай райдайы хус кæ-нын æмæ гæнæн ис, рафæлдæха. Ивгъуыд аз, дам, мах æвдисæн уыдыстæм ахæм инцидентæн: Октябры уынджы райдианы рафæлдæхт стыр бæлас. Уæд удзиан не ‘рцыд, фæлæ йæ бынмæ цы цалдæр машинæ уыд, уыдоныл рафæлдæхт. Цæмæй ахæм цау фæлхатт ма æрцæуа, уый тыххæй калд æрцæуынц арæзтады рæстæджы бæлæстæ.

Æндæр у йæ хъуыды нæ республикæйы сæйраг дрендолог Къæбулты Зауырæн. «Уынг аразджытæ, цалцæг кæныны рæстæджы цалынмæ бæлас ракалой, уæдмæ хъуамæ бар райсой специалистæй, уый бæлвырд базондзæнис бæлас, æцæгдæр бахъыгдард, æви нæ. Йæ рæстæджы Мæскуыйы уынджы цы рагон бæлæстæ ис, уыдон дæр мах фæрцы аирвæзтысты. Кусджытæн, кæй зæгъын æй хъæуы, æнцондæр у быгъдæг ран кусын, уымæ гæсгæ сæ фæфæнды бæлæсты бынтондæр рафæлдахын, уымæн æмæ, дам, инженеронхызæгтæ аразыны рæстæджы сæ уидæгтæ бахъыгдард сты, уæддæр, дам, цадæггай райдайдзысты хус кæнын æмæ, гæнæн ис, рафæлдæхой. Æцæг, тæссаг уавæр цы бæлæстæ æв-зарын кодтой, уыдон сын нæхæдæг ракалын кодтам. Фæлæ, бæласæн тас вæййы йæ сæйраг уидаг куы бахъыгдард вæййы, æрмæстдæр уæд. Дон ыл фаг куы кæнай, уæд цадæггай æндидзын райдайы. Хъыгдард куы уа, уæддæр 10 азæй фылдæр фæцæры. Бахъыгдардгонд бæлæсты бынаты та, хуыздæр у талатæ ныссадзын».

Къæбулты Зауыр ма æрдзырдта  Октябры уынджы тыххæй. Уый, дам, нымад цæуы Цхинвалы рæсугъддæр уынгтæй иуыл. 1,7 километры дæргъæн уынгæн йæ астæуты цæуы улæфæн зонæ. Иу кæронæй иннæ кæронмæ дзы зайы сæдæйæ фылдæр гималайаг кедры, сусхъæдтæ æмæ тæгæр бæлæстæ. Абон уыдон сты хæрзарæзт уынджы фидынц. Уынг куы арæзтой, уæд уыдон ракалыныл дæр цыд дзырд. Йæ цæрджытæ дæр фæдих сты дыууæ къордыл, иутæ домдтой, зæгъгæ, коммуникацитæ ивыны рæстæджы бæлæстæ хъыгдард æрцы-дысты æмæ, дам бар-æнæбары дæр бахус уыдзысты. Цæрджыты иннæ къорд та уыд кедртæ ракалыны ныхмæ. Уыдон уынджы арæзтадмæ сæ хъус лæмбынæг дардтой æмæ канализацион люктæ рахæссын кодтой ахæм бынæттæм, цæмæй бæлæсты уидæгтæ ма бахъыгдард уой. Сæ зæрдæ цы бæлæстæм фехсайдта, ома, хъыгдард сты, зæгъгæ, уыдоныл ацы уынгы цæрджытæй сæ иу кодта æрвылбон дæр 500-700 литры дон. Кæд ын къухæй хæссын зын уыд, уæддæр. Сæ бынты сын ныссагъта ног талатæ. Зæгъгæ, цалынмæ тала рæза, уæдмæ зæронд бæлас аууон дардзæнис. Стæй, дам, климат афтæ карз никуы вæййы, цæмæй бæлæсты уидæгтæ быныл стона. «Уымæй размæ тæссагыл цы бæлас банымадтой, уый ракалдтой, фæлæ йæ бындзæфхад бынтондæр низджын нæ уыд æмæ йын рафæлдæхынæй дæр тас нæ уыд. Мах, уынджы цæрджытæ дæр, нæ позици куынæ равдыстаиккам, уæд махмæ дæр абон уаид быгъдæг»,  – зæгъы Октябры уынджы цæрæг.

 Уый ма загъта, цæмæй цы уынгтæ аразынц, уыдон цæрджытæ-иу бахатой аразджытæм, цæмæй сын сæ бæлæстæ ма лыг кæной, гæнæн уæвгæйæ арæхстджынæй арахайой бæлæсты алфæмблай, кæд сын зын у, уæддæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.