Ног азы бæрæгбоны размæ алкæцы бинонты дæр фæфæнды сæ хæдзæртты ногазонбæрæгбоны символ – назбæлас сæвæрын. Хихджын бæлæстæй нæ республикæйы хъæдты бирæ хуызтæ ис. Махмæ фырбуцæн арæхдæр æвзарынц назбæлас, мохъо æмæ соцъи. Кæй зæгъын æй хъæуы, адæм уыцы бæлæсты талатæ ракæнынц æнæзакъонæй, уымæн æмæ нæ республикæйы территорийыл бар нæй уыцы бæлæсты хуызтæ лыг кæнын æмæ фæткхалджытæ конд цæудзысты административон кæнæ уголовон бæрндзинадмæ. Бирæ азты дæргъы афтæ кæй уыдис, уымæ гæсгæ нæ республикæйы бирæ хъæдтæ, уæлдайдæр та æввахсдæр чи сты, уыдон стæнæг сты æмæ уый та катайдзинад æвзæрын кæны экологтæ æмæ нæ республикæйы Хъæды хæдзарады управленийы кусджытæм.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъæды хæдзарады управленийы домæнмæ гæсгæ, ныр цалдæр азы нæ республикæйы хъæдты нал ис ракæныны бар хихджын бæлæстæн, уымæн æмæ сты мæгуырау уавæры. Ацы хъуыддаджы тыххæй нын фехъусын кодта уæлдæрбанысангонд управленийы хистæр Чилæхсаты Таймураз. «Æртыккаг аз мах æххæст кæнæм ацы домæн. Уымæн æмæ 90-æм азтæй фæстæмæ æгъатырæй куынæг цыдис хъæд. Æрмæст хихджынтæ нæ, фæлæ ма сугæн, стæй арæзтадон æрмæгæн дæр фæцагътам хъæд æмæ цæмæй ногæй схæцой æмæ та схъæд уа, уый тыххæй хъæуы рæстæг æмæ æрурæдтам ацы хъуыддаг. 8-10 азы бæрц хъæуы, цæмæй уыцы хъæдтæ фæстæмæ схæцой æмæ пайда хæссой фыццаджыдæр экологийæн. Мах нæхæдæг дæр ныссадзæм тала-бæлæстæ, фæлæ сæйрагдæр у, цæмæй сæхигъæдæй сзайой. Айразмæ Дзауы комы Раройы хъæды рдæм куы ацыдыстæм, уæд федтам иу æхсызгон хъуыддаг. Цалдæр азы размæ æрдузтæ кæм уыд, уыцы рæтты ногæй схæцыдысты хихджын бæлæстæ. Уыдон цыма иу боны мидæг ныссагъдæуыдис, раст афтæ иубæрзæндæнæй сзадысты æмæ цъæх адардтой. Дардмæ дæр уыцы рæсугъдæй зынынц æмæ уый адæймагæн тынг æхсызгон уыдис. Ахæм ныв ма федтам Котантойы рдæм цы хъæд цæуы, уым дæр.

Ног азы æрбалæудмæ ма нымад бонтæ баззад æмæ йæм алы адæймаг дæр æнхъæлмæ кæсы æхсызгонæй. Алчидæр фæтырны, цæмæй йæ хæдзары сфæлындза «удæгас» ласт назбæлас. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм назбæлас хуыздæр æмæ рæсугъддæр фæкæсы адæммæ, вæййы йын æхцонхæссæг тæф. Фæлæ назбæлас æрмæст ногазон атрибут æмæ рæсугъддзинад нæу, фæлæ цыран æрзайы, уырдыгæй дæр адæймагæн хæссы стыр пайда æмæ æхцондзинад. Ахъаз кæны æнæниздзинад фидар кæнынæн, сыгъдæг нын кæны нæ уæлдæф. Уымæ гæсгæ сæ  æрвылхатт ног азы къæсæрыл æгъатырæй куы цæгъдæм, уæд уымæй нæ хъæдтæн æмæ æрдзæн æрхæсдзыстæм стыр зиан. Бæлас иу бонмæ не рзайы, бирæ æзты йæм хъæуы æнхъæлмæ кæсын, цалдæр боны дзы нæхи абуц кæндзыстæм, уый тыххæй йæ куы лыг кæнæм, уæд уыйбæрц кæм ис? Ацы хъуыддагмæ хъæуы аудгæ ахаст æмæ йыл кусæм. Стæй канд мах нæ, фæлæ ма не ‘мбæстæгтæй бирæтæн сæ зæрдæтæ риссынц ацы хъуыддагыл, уымæн æмæ бындуронæй æмбарынц проблемæ.  Ацы проблемæ канд нæ республикæйы нæй, уыимæ тох кæнынц сыхаг республикæты æмæ Уæрæсейы дæр, фæлæ сæм ист цæуынц карз мадзæлттæ. Уый у раст æмæ мах дæр архайæм, цæмæй хъахъхъæд цæуой нæ хъæдтæ. Нал уадзæм цæгъдын хихджын бæлæсты. Æрмæст бæрцæй ракæндзыстæм цалдæр назбæласы скъолатæн æмæ организацитæн. Æнхъæлмæ кæсæм номхыгъд нæм кæд æрбарвитдзысты, уымæ. Съолатæ æмæ рæвдауæндæттæй бирæтæ самал кодтой сæхицæн пластмассæй назбæлæстæ æмæ кæд номхыгъды нымæц фæкъаддæр уаид», – банысан кодта Чилæхсайы-фырт. Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сыхаг республикæтæй, сæрмагондæй Цæгат Ирыстонæй хъуамæ æрласой хихджынтæ, цæмæй адæм хъæлдзæгæй сæмбæлой ног азыл. «Чидæриддæр æнæфарстæй хихджын бæлæстæм бавнала æмæ сæ цæгъда, уыдон иваргонд цæудзысты. Цалдæр боны размæ нæ республикæйы мидхъуыддæгты министрадмæ барвыстам гæххæт, цæмæй нæ кусджытимæ иумæ уадзæм рейдтæ назбæлæстæ чи кæна, уыдон ныхмæ», – банысан кодта Хъæды хæдзарады управленийы хистæр.

                                     ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.