Æрдзы мидæг алы уæвæгойæн дæр йæхи царды æмгъуыд ис. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хауы бæлæстæм дæр. Нæ горæты уынгты цы æндæр æмæ æндæр бæлæсты мыггæгтæ зайынц, уыдон иуæй йæ цæрджытæн æнæниздзинады хос сты, иннæмæй та горæты рæсугъддзинадмæ ноджыдæр рæсугъддзинад æфтауынц. О, фæлæ, куыд ма загътам, афтæмæй а-зæххыл æнусон ницы ис. Ацы бæлæстæй бирæтæ кæд сагъд æрцыдысты, уый, æвæццæгæн, хистæр кары адæмæй дæр бирæтæ нæ хъуыды кæнынц. Сæ царды дæргъвæтиндзинадыл сын мæгуырауæрдæм бандæвтой, горæты            уынгты цы хæрзарæзтадон куыстытæ кодтой, уыдон дæр. Къахгæ-къахын уыдонæн бахъыгдард сты сæ уидæгтæ. Æмæ бæлас та йæ уидæгты фæрцы фæлæууы фидар. Зæгъын хъæуы уый æмæ ма бæлæстæн стыр зиан кæй рачындæуыд 2008 азы хæсты фæстиуæгæн.

Ацы аххосæгтæм гæсгæ горæты уынгты сагъд бæлæстæй иуæй иутæ æвзæрын кæнынц тасдзинад куы рафæлдæхой, уымæй. Ахæм тасдзинад кæй ис, уымæн цæвиттон – æрæджы Октябры уынджы тыхдымгæты рæстæджы цы гималайаг кедр рафæлдæхтис, уый. Ацы цауы фæстæ сæвзæрыд фарст, горæты уынгты цы бæлæстæ зайынц, уыдоны уавæрмæ æркæсыны тыххæй. Æмæ ацы бонты горæты хæрзарæзтады кусджытæ æрæвнæлдтой, цæрджытæн тасдзинад чи æвзæрын кæнынц, уыцы бæлæсты ралыг кæнынмæ.

Горæты уынгты цы бæлæстæ зайынц, уыдоны уавæр цахæм у, уый тыххæй нын радзырдта хæрзарæзтады комбинаты директоры хæдивæг Джиоты Филипп æмæ йæ ныхас райдыдта уæлæр цы цауы кой скодтам, уымæй. Куыд зонæм, афтæмæй уыцы бæлас рафæлдæхт, ам, уынджы цы рог автомашинæ лæууыд, ууыл, разиан кодта типографы æмбондæн дæр. Джиойы фырты ныхæстæм гæсгæ хæрзарæзтады горæтон управленийы сæрмагонд къамис, бæлас басгаргæйæ, сбæлвырд кодта, йæ уидæгты зынгæ хай кæй бахъыгдард сты, ацы уынджы арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ куы цыдысты, уæд. Уынг къахт цыдис æрдæг метры арфæн æмæ йæ уидæгты системæйæн кæй разианчындæуыд, уый фæстиуæгæн æмбийын райдыдтой æмæ нал баурæдтой бæласы.

Уынгты хæрзарæзтадыл чи куыстой, уыцы арæзтадон организациты разамонджыты, кæд хæрзарæзтадон управленийы кусджытæ къорд хæттыты фæдзæхстой, цæмæй зæххы бæлæстæм æгæр æввахс ма къахой, æмæ бæлæсты уидæгты системæ æгæр ма бахъыгдард уа, уæддæр уыдон, уыцы бацамындтытæ ницæмæ æрдардтой. Сæ ахæм архайд уымæй æмбарын кодтой, зæгъгæ, махмæ ис проектон-сметæйон документаци æмæ уым куыд нысан у, уымæй иу сантиметр дæр нæй ахизæн. Афтæ æмæ, Джиоты Филипп куыд зæгъы, хæрзарæзтады куыстытæ цы уынгтыл цыдысты, уыдоны бæлæстæн иу-уылдæр бахъыгдард сты сæ уидæгтæ.Хæрзарæзтады комбинаты декоратор, биологон зонæдты кандидат Къæбулты Зауыр куыд зæгъы, афтæмæй сæ уи-дæгтæ бынмæ кæмæн цæуынц, уыцы бæлæстæ фидардæр лæууынц, æмæ сын тас нæу рафæлдæхынæй, фæлæ фæрсæрдæмыты кæмæн ацæуынц, уыдонæн тас у. Ахæм сты хихджын бæлæстæ, уыцы нымæцы гималайаг кедртæ дæр, кæцытæ зайынц Октябры уынджы.

Къæбулы фырт куыд зæгъы, афтæмæй кæд ацы мыггаг бæлæстæн сæ хуыз æнæниз зыны, уæддæр уый афтæ нæу. Сæ уидæгтæ райдыдтой æмбийын. Сыфтæрджын бæлæс-тæй хъауджыдæр, уыдоны уидæгтæн сæ бон сæхи сæндидзын кæнын нæу. Æмæ сын ахæм фæстиуæг кæй уыдзæн, уый тыххæй, зæгъгæ, къорд хæттыты хъусын кодтам. Афтæ кæй у, уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ комбинаты кусджытæ цы бæлæстæ ралыг кодтой, уыдон мидæгæй уыдысты æмбыд.

Бæлæсты ахæм уавæр катайдзинад æвзæрын кæны уынджы цæрджытæм. Уымæн æмæ ахæм бæлас æнæнхъæлæджы куы рафæлдæха, уæд гæнæн ис æмæ разиан кæна искæйы хæдзарæн æмæ æрцæуа уды зиан дæр. Уынджы цалцæггæнæн куыстыты рæстæджы цæрджытæ дæр сæ катайдзинад æвдыстой бæлæстæм æввахс уынджы кæй къахтой æмæ бæлæсты уидæгты кæй ныскъуыдтæ кодтой, уый тыххæй, фæлæ уыдоны ныхæстæм дæр ничи байхъуыста. Уды зиан гæнæн уыд æмæ æрцыдаид, тыхдымгæты рæстæджы чи рафæлдæхт, уымæй дæр. Машинæйы гæнæн уыд æмæ бадтаиккой, чидæртæ фæлæ цыдæр амондæн уыдис афтид.

Бæлæсты ахæм уавæр катайдзинад æвзæрын кæны æгас горæты цæрджытæм дæр. Хæрзарæзтады комбинаты сæрмагонд къамисы уæнгтæ куыд зæгъынц, афтæмæй республикæйы разамынады æрдыгæй хъæуы бакусын æмæ ахæм къамис саразын, кæцы сбæрæг кæна горæты уынгты бæлæсты дарддæры хъысмæт. Æвæццæгæн ахъуыды кæнын хъæуы сæ бынæтты ног талатæ ныссадзыныл. Ахæм фæлтæрддзинад та нæм ис. Цæвиттон, 2015 азы Мæскуыйы уынджы цы бæлæстæ ралыгчындæуыд, уыдоны бæсты сагъд æрцыдысты ног талатæ, кæцытæ ныр рæз хæссынц.

Бестауты В.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.