Ног азы æрбалæудмæ ма баззад нымад бонтæ æмæ та йæм алы адæймаг дæр æн-хъæлмæ кæсы зæрдиагæй. Аив, бæрæгбонвæлыст скæны йæ хæдзар, йæ куысты бынат æмæ афтæмæй фæивы йæ зæрдæйыуаг дæр, цæттæ вæййы куыд хъæлдзæгдæрæй сæмбæла йæ Ног азыл. Ногазон сæйраг атрибуттæй сæ иу назбæлас кæй у, уый алкæмæн дæр зындгонд у. Алчи дæр фæтырны, цæмæй рæсугъд сфæлындза йæ назбæлас. Уымæ гæсгæ адæм фелхæнынц чи хъæдæй ласт назбæлас, чи та – хиаразгæ. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр адæмæн сæ фылдæр Ног азмæ самал кæнынц æмæ сфæлындзынц хъæды ракæн-гæ назбæлæстæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хуыздæр æмæ рæсугъддæр у. Бирæтæ ма афтæ дæр фæзæгъынц, зæгъгæ сын æхсызгон вæййы хихджын бæлæсты æхцонхæссæг тæф хæдзары къуымты куы фæбады, уый. Бирæтæ та сæрыстыр вæййынц æмæ æппæлæгау фæзæгъынц, зæгъгæ, махмæ хæдзары æвæрд ис хъæдæй хаст назбæлас. Фæлæ назбæлас æрмæст ногазон атрибут æмæ рæсугъддзинад нæу, фæлæ, цыран æрзайы, уым дæр адæймагæн хæссы стыр пайда æмæ æхцондзинад. Сæйраджыдæр, ахъаз кæны æнæ-низдзинад фидардæр кæнынæн, сыгъдæг кæны уæлдæф. Уæдæ, бæрæг куыд у, афтæмæй йын æрдзы дæр ис стыр æмæ ахсджиаг нысаниуæг. Уыдæттæ хынцгæйæ та махæй чи ахъуыды кæны, иу назбæласы цал азы бахъæуы, цæмæй йæ ралыг кæнæм æмæ йæ нæ хæдзæртты сæвæрæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн иу æмæ дыууæ азы нæ фæхъæуы, фæлæ – бирæ фылдæр. Уымæ гæсгæ сæ æрвылхатт ног азы къæсæрыл æгъатырæй куы цæгъдæм, уæд нæ æрдзæн æмæ хъæдтæн мах стыр зиан кæй хæссæм, уый хъуамæ зонæм. Бирæ азты æнхъæлмæ кæсын кæмæ фæхъæуы, уымæй цалдæр боны нæхи абуц кæнæм, уый тыххæй йæ куы лыг кæнæм, уæд нын цасы фаг хъуамæ суой уыцы нæзытæ? Ахъуыды ма йыл кæнæм: ныр бирæ азты дæргъы Ног азы размæ цал назбæласы ракæнæм æмæ сæ бынаты та цал ныссагъдæуыд, ууыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ бынатмæ сагъд ницы æрцæуы æмæ уый та у мæгуырау хъуыддаг нæ экологийæн. Раздæр, советон дуджы ацы хъуыддагмæ, ома, æнæзакъонæй хихджын бæлæстæ ракæнын уыд карздæр. Ныр та дæ кæмфæнды, уырдæм бауай æмæ дæ цахæм назбæлас хъæуы, ахæмтæ цалдæр дæр ракæн. Стæй дзы уыдонæй иууыл рæсугъддæры равзар æмæ иннæты та фæсвæд аппар. Хъыгагæн, ахæм нывтæн вæййы фенæн Ног азы размæ бонты. Иу хатт ма йæ зæгъон, бæлас кæрдæг нæу æмæ иу азмæ не ‘рзайдзæн. Ацы хъуыддагмæ хъæуы аудгæ ахаст дарын. Афтæ куы нæ уа, уæд тагъд рæстæджы нæ хъæдты хихджын бæлæстæ нал баззайдзæн. Дзауы районы ныртæккæ дæр фенæн ис ахæм нывтæн: фæндагмæ æввахс дзы цы чысыл хъæдтæ ис, уымыты тынг стæнæг сты хихджын бæлæстæ. Тынг дæ куы бафæнда, уæддæр дзы нал ракæндзынæ,  Ног азы бæрæгбонты æвæрынæн чи бæззы, ахæм астæуккаг бæрзæнды назбæлас. Фендзынæ ма дзы зæронд бæлæстæ, ома, бæрæгбонмæ кæй нæ ралыг кæндзынæ, ахæмтæ. Ахæм ныв куы федтон хъæды, уæд мын тынг бацагайдта мæ зæрдæ. Стæй канд мæнæн нæ, фæлæ ма нæ бæстæйы бирæ æндæр цæрджытæн дæр сæ зæрдæтæ риссынц ацы хъуыддагыл. Уымæн æмæ йæ алчи дæр æмбары, уый æрдзы сæйраг проблемæ кæй у, уый. Назбæлæстæ нæ экологийæн цы пайда хæссынц, ууыл æз нал дзурдзынæн, фæлæ хъæуы афтæ саразын, цæмæй ацы проблемæйыл мауал дзу-рæм. Æвæццæгæн, ахæм аз нæ вæййы æмæ мах нæ газеты фæрстыл ма ныммыхуыр кæнæм, ногазон назбæлæстæ æгъатырæй цагъд кæй фæцæуынц, уый фæдыл критикон уацтæ. Фæлæ та-иу, хъыгагæн, федтам стыр машинæтыл-иу горæтмæ куыд æрластой уыцы цъæх-цъæхид хихджын бæлæсты, уый. Ахæм проблемæ уыд нæ сыхаг республикæты дæр, Уæрæсейы дæр. Фæлæ мах уæлдай уыдонмæ хихджын бæлæстæ бахъахъхъæныны тыххæй ист æрцыдысты карз мадзæлттæ æмæ хъæдыл чи нæ ауæрда, уыдонæн аскъуыддзаг кодтой ивар кæныны хъуыддаг. Мæнмæ гæсгæ, ацы ран æппындæр нæ фæрæдыдысты, хъæдыл чи батыхст, уыдон. Афтæ хъуамæ уаид махмæ дæр, цæмæй бахъахъхъæнæм нæ хихджын бæлæсты. Ацы проблемæйы фæдыл нын йæ хъуыдытæ загъта нæ республикæйы Хъæды хæдзарады управленийы хъæдæй пайда кæныны хайады хистæр Чилæхсаты Æхсар.

– Раст кæй нæу ацы хъуыддаг, уый тыххæй мах нæ республикæйы Мидхъуыддæгты министрадимæ бакуыстам, цæмæй уадзæм иумæ рейдтæ. Чидæриддæр æнæзакъонæй лыг кæна æмæ ласа хихджын бæлæстæ уæймæ, уыдон иваргонд цæудзысты. Уыдонæн сæ ивар у æртæ минæй цыппар мины онг. Ацы аз ногазон назбæлæстæ уæй кæндзыстæм 25-æм декабрæй, сæны завод кæм ис, уыцы ран. Уыдон уыдзысты 300-500 назбæласы бæрц. Хихджын бæлæстæ конд цæудзысты, хъæды санитарон уавæры фæдыл цы мадзæлттæ уагъд цæуынц, уый фæлгæтты. Цæмæй хъæдæн зиан мауал кæнæм, уый тыххæй ацы аз сфæнд кодтам къаддæр назбæлæстæ ракæнын. Фидæнмæ та, куыд гæнæн ис, афтæмæй бынтондæр хъуамæ мауал ракæнæм ацы хихджынты, уымæн æмæ хъæуы æрдзыл аудын. Стæй, цæмæй назбæлас иу метры онг сырæза, уымæн хъæуы азтæ. Ацы хъуыддаджы фæдыл мах сидæм адæммæ, курæг сæ стæм, цæмæй æмбаргæ ахаст равдисой æмæ дард-дæр æцæг назбæлæсты бæсты сæхицæн амал кæной  пластмассæй, пластикæй наз-бæлæстæ. Уыдон ныртæккæ афтæ рæсугъд аразынц æмæ сæ нæ равзардзынæ æцæг назбæлæстæй. Стæй ма сæ пайдагæнæн ис бирæ азты дæргъы дæр. Уый экологийæн дæр ахъаз у æмæ нæ æрдз та уыдзæн рæсугъд.

Скъолатæн, сывæллæтты цæхæрадæттæн æмæ уагдæттæн развæлгъау сæ куырдиæттæм гæсгæ æрцæттæ кодтам назбæлæстæ æмæ сæ уарæм ныртæккæ, – зæгъы Хъæды хæдзарады управленийы кусæг.

Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй æппæт ацы назбæлæстæ конд цæуынц Дзауы районы. Нæ республикæйы сæйраг назбæлас дæр развæлгъау æвзæрст æрцыд уым æмæ йæ кæнгæ дæр ракодтой, æрластой йæ горæтмæ æмæ йæ рæхджы сфæлынд-дзысты бæрæгбонон мадзæлттæм.

      Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.