Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъæды хæдзарады управленийы домæнмæ гæсгæ, ацы азæй нæ республикæйы хъæдты нал уыдзæнис ракæныны бар хихджын бæлæстæн, уымæн æмæ сты мæгуырау уавæры æмæ хъуыддаг домы уыдонмæ аудгæ ахаст цæрджыты æрдыгæй. Ацы инициативæйы æвварс рахæцыдысты нæ республикæйы къухдариуæгад æмæ хицауад дæр, бацархайдтой, цæмæйдæриддæр хъахъхъæдгонд цæуой нæ хихджын бæлæстæ æмæ экологи.

Ног азы æрбалæудмæ ма баззад нымад бонтæ æмæ та йæм алы адæймаг дæр æнхъæлмæ кæсы зæрдиагæй. Аив, бæрæгбонвæлыст скæны йæ цæрæн æмæ куысты бынæттæ, йæ уынг æмæ афтæмæй фæивы йæ зæрдæйыуаг дæр, цæттæ вæййы куыд хъæлдзæгдæрæй сæмбæла Ног азыл. Ногазон сæйраг атрибуттæй сæ иу назбæлас кæй у, уый алкæмæндæр зындгонд у. Алчидæр фæтырны, цæмæй рæсугъд сфæлындза йæ назбæлас. Уымæ гæсгæ адæм фелхæнынц чи хъæдæй ласт назбæлас, чи та – хиаразгæ. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр адæмæн сæ фылдæр Ног азмæ самал кæнынц æмæ сфæлындзынц хъæды ракæнгæ назбæлæстæ. Уыдæттæ хынцгæйæ та махæй чи ахъуыды кæны, иу назбæласы цал азы бахъæуы рæзын, цæмæй йæ ралыг кæнæм æмæ йæ нæ хæдзары сæвæрæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæн иу æмæ дыууæ азы нæ фæхъæуы, фæлæ бирæ фылдæр. Уымæ гæсгæ сæ æрвыл ног азы къæсæрыл æгъатырæй куы цæгъдæм, уæд нæ æрдзæн æмæ хъæдтæн мах стыр зиан кæй хæссæм, уый хъуамæ зонæм. Бирæ азты æнхъæлмæ кæсын кæмæ фæхъæуы, уымæй цалдæр боны нæхи абуц кæныны тыххæй куы лыг кæнæм, уæд, нын цасы фаг хъуамæ суой нæ уыцы  хъæдтæ? Ахъуыды ма йыл кæнæм: ныр бирæ азты дæргъы Ног азы размæ цал назбæласы ракæнæм æмæ сæ бынæтты та цал ныссагъдæуыд, ууыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, сæ бынæттæ сагъд ницы æрцæуы æмæ уый та мæгуырау æрдæм æндавы нæ экологийыл. Раздæр, советон дуджы ацы хъуыддагмæ, ома, æнæ закъонæй хихджын бæлæстæ ракæнын уыд карздæр. Ныр та дæ кæмфæнды, уырдæм бауай æмæ дæ цахæм назбæлас хъæуы, ахæмтæ цалдæр ракæн, стæй дзы уыдонæй иууыл рæсугъддæры равзар æмæ иннæты та фæсвæд аппар. Хъыгагæн-иу, ахæм нывтæн уыд фенæн Ног азы размæ. Ныр уыцы бынæтты цахæм дæ хъæуы, ахæм назбæлæстæ зынтæй ссардзынæ, афтæ сæ фæцагътам бирæ азты дæргъы.

Хъæды хъуыддагмæ æввахс чи нæ лæууы æмæ йæм куыдфæндыйы цæстæй чи кæсы ацы проблемæмæ, уый йæ кæронмæ æмбаргæ дæр нæ кæны назбæлæстæ куынæг кæй цæуынц, уый. Иу хатт ма йæ зæгъон, бæлас кæрдæг нæу æмæ иу азмæ не рзайдзæнис. Ацы хъуыддагмæ хъæуы аудгæ ахаст дарын. Афтæ куы нæ уа, уæд тагъд рæстæджы нæ хъæдты хихджын бæлæстæ нал баззайдзæнис. Назбæлæстæ горæтмæ арæхдæр Дзауы районæй кæй ластой, уый тыххæй дзы ныртæккæ фенæн ис ахæм нывтæн. Фæндагмæ æввахс дзы цы чысыл хъæдтæ ис, уымыты тынг стæнæг   сты хихджын бæлæстæ. Тынг дæ куы бафæнда, уæддæр дзы нал ракæндзынæ равзаргæ назбæлас. Фендзынæ ма дзы зæронд бæлæстæ, ома, бæрæгбонмæ кæй нæ ралыг кæндзынæ, ахæмтæ. Ахæм ныв куы федтон хъæды, уæд мын тынг бацагайдта мæ зæрдæ. Стæй канд мæнæн нæ, фæлæ ма нæ бæстæйы бирæ æндæр цæрджытæн дæр сæ зæрдæтæ риссынц ацы хъуыддагыл. Уымæн æмæ алкæмæндæр æмбæрстгонд у, уый æрдзæн стыр зиан кæй хæссы.Назбæлæстæ нæ экологийæн цы пайда хæссынц, ууыл æз нал дзурдзынæн, фæлæ хъæуы афтæ саразын, цæмæй ацы проблемæйыл мауал дзурæм. Æвæццæгæн, ахæм аз нæ вæййы æмæ мах нæ газеты фæрстыл ма ныммыхуыр кæнæм ногазон назбæлæстæ æгъатырæй цагъд кæй цæуынц, уый фæдыл уацтæ. Фæлæ та-иу, хъыгагæн, федтам цъæх-цъæхид назбæлæстæ рæдзагъдæй уынгты куыд уæй кодтой, уый. Ахæм проблемæ уыд нæ сыхаг республикæты дæр, Уæрæсейы дæр. Фæлæ махæй уæлдай уы-донмæ хихджын бæлæстæ бахъахъхъæныны тыххæй ист æрцыдысты карз мадзæлттæ æмæ хъæдыл чи нæ ауæрда, уыдоны ивар кæнынц. Мæнмæ гæсгæ, ацы ран æппындæр нæ фæрæдыдысты, хъæдыл чи батыхст, уыдон. Афтæ хъуамæ уаид махмæ дæр, цæмæй хъахъхъæд цæуой нæ хихджын бæлæстæ. Хъуыддаг хорз æм-баргæйæ, Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъæды хæдзарады управлени ацы аз аскъуыддзаг кодта, цæ-мæй нæ хъæдты конд мауал цæуой хихджынтæ.

 Ацы проблемæйы фæдыл нын йæ хъуыдытæ загъта нæ республикæйы Хъæды хæдзарады управленийы хистæры хæдивæг Къæбулты Инал. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй бирæ азты дæргъы æрвылаз дæр мингай назбæлæстæ лыг цыдысты нæ хъæдты, уæлдайдæр та Дзауы районы æмæ абон хихджынтæ сты мæгуырау уавæры. «Бирæ азты дæргъы  æрвылаз дæр Ног азы бæрæгбонмæ мах æввахс рæтты ракæнæм назбæлæстæ æмæ хъуыддаг афтæ рауадис æмæ дзы ныр нал ис.

Ома, æрыгондæр чи сты, ахæмтæ дзы нал ссардзынæ. Уый размæ азты дæр-иу мах архайдтам, цæмæй-иу сæ ралыг кодтаиккой æхсæнмæ-хсæнты, бæзджындæр кæм уыдысты, уыцы рæтты. Атæнæг-иу сæ кодтам, фæлæ дзы ныр нал ис æмæ хъæуы уыцы фарстмæ æркæсын, ома, нæ хъæуы кæнын хихджын бæлæсты. Цы иугæйттæ ма дзы ис, уыдон тæригъæд сты кæнынæн æмæ сæ хъæуы бауадзын. Стæй экологийыл дæр æвзæрырдæм æндавы ацы хъуыддаг. Уый та ис нæ къухты, нæхицæй аразгæ у, æмæ хъуамæ архайæм ууыл, цæмæй знагиуæг ма кæнæм нæ экологийæн. Назбæлæстæ цæгъдын дæс боны тыххæй тынг æвгъау сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, æнæ уымæй Ног азы бæрæгбон нæ фидауы, фæлæ мах хъуамæ æмбарæм нæ уавæр. Цæмæй назбæлас дыууæ кæнæ дæс метры бæрц сырæза, уый тыххæй йæ хъæуы дæс-фынддæс азы. Ивгъуыд азты-иу уæй кæнынмæ назбæлæстæ ралыг кодтам Дзауы районы, бæзджындæр-иу кæм уы-дысты, уыдон-иу стæнæг кодтам, фæлæ ма-иу махæй дарддæр уыдонмæ баххæссыдысты, давгæ чи кодта, уыдоны къухтæ дæр æмæ сын куыд æнцондæр уыдис, афтæ-иу сæ цагътой. Ныр куы акæсай Шихантур, Зар, Хуыцъе æмæ æндæр рæтты хъæдтæм, уæд дзы назбæлæстæ нал ис, ныццагътой сæ. Ацы проблемæ уынгæйæ, нæ управлени мæйы райдианы аскъуыддзаг кодта, стæй бахатыдыстæм нæ Хицауадмæ, цæмæй мауал цæгъдой хихджын бæлæсты. Уыдон нын нæ хъуыдыйыл сразы сты æмæ ныр кусæм ууыл, цæмæй йæ адæм дæр фехъусой æмæ аудгæ ахаст равдисой нæ иумиаг проблемæмæ. Æнæуый та куыд зонæм, афтæмæй Хуссар Ирыстонмæ Цæгат Кавказы регионтæй хъуамæ æрласой хихджын бæлæстæ, цæмæй адæм хъæлдзæгæй сæмбæлой сæ бæрæг-боныл. Фарон та, зæгъæм, æрластой Ростовæй. Ныр сæ чи æрласдзæн, стæй сæ цы аргъмæ уæй кæндзысты, уыцы информаци нæм нæй, фæлæ уыцы фарст ныридæгæн у скъуыддзаг. Мах сидæм нæ адæммæ, ку-рæг сæ стæм, цæмæй æмбаргæ ахаст равдисой æмæ дарддæр назбæлæсты бæсты сæхицæн амал кæной пластмассæй назбæлæстæ. Уыдон ныртæккæ афтæ рæ-сугъдæй уадзынц æмæ сæ нæ равзардзы-нæ æцæг назбæлæстæй. Стæй ма сæ пайдагæнæн ис бирæ азты. Æцæг, махмæ уы-донæн сæ æргътæ сты бæрзонд æмæ ал-кæмæн та уыцы аргъæй йæ бон нæ вæййы балхæнын ногазон фидауцы. Уый дæр æм-барæм, фæлæ экологи у сæйрагдæр. Ацы хъуыддагыл мах æрмæст ацы аз нæ дзу-рæм, фæлæ йыл тох кодтам ивгъуыд азты дæр. Ныр чидæриддæр æнæфарстæй хихджын бæлæстæ ракæна, уыдон иваргонд цæудзысты 6 мин сомы бæрц. Ацы бонты ныффыстам нæ республикæйы мидхъуыддæгты министрадмæ гæххæтт, цæмæй иумæ æхсæвæй бонæй уадзæм рейдтæ, хихджын бæлæстæ чи ракæна, уыдоны ныхмæ. Милицийы кусджытимæ мах хъахъхъæндзыстæм Цхинвалæй – Дзаумæ, Гуфтайæ – Къуайсамæ, Рукъ, Цхинвалæй – Андисмæ хъæдты, афтæ ма Знауыры районы ‘рдæм дæр уыдзæн рейдтæ», – загъта Къæбулы фырт.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй сæ управленийы кусджытæ республикæйы территорийыл ныссадзынц назбæлæсты талатæ. Зæгъæм, ацы аз уыдон Ленингоры районы фæндаджы былтыл, 1-æм скъолайы уæллаг фарс, стæй горæты алыварс хъæд быгъдæг кæм у, уыцы рæтты ныссагътой иу мин æмæ æрдæг талайы æмæ дарддæр дæр кусдзысты ацы хъуыддагыл.

Цхуырбаты Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.