Сатихъар æмæ уырдæм æввахс хъæуты цæрджытæ Асаты Иваны дзырддзæугæ адæймагæй зонынц. Кæддæры чысыл хæххон хъæу Снекъæй Сатихъары хъæумæ куы ралыгъдысты йæ ныййарджытæ, уæд уыцы хъæусоветы Иван фæкуыста сæйраг бухгалтерæй, экономистæй, Ксуисы колхозы сæрдарæй, Хелцуайы хъæуы колхозы директорæй…

Фæлæ уал Иван, цалынмæ йæ фæллойадон архайд нæ райдыдта, уæдмæ бакаст Ксуисы астæуккаг скъола. Ахуырмæ æвзыгъд æрыгон лæппу, канд йæ уроктæ нæ цæттæ кодта, фæлæ каст бирæ литературæ, ирон периодикон мыхуыр. Йæ удæн фæадджын газет «Советон Ирыстон». Зæрдейæ банкъардта ирон аив дзырды ад æмæ йæхæдæг дæр райдыдта уацтæ фыссын газетмæ. Скъола бакæсыны фæстæ йæ фæндыд журналисты дæсныйад райсын, фæлæ ныййарджытæ куы бамбæрстой сæ фырт Уæрæсемæ сфæнд кодта ахуырмæ фæцæуын, уæд æй бакъуылымпы кодтой. Фæлæ Иван йæ уацтæ фыссын нæ уагъта газетмæ, дзырдта царды рæсугъд æмæ хъæндзинæдтыл.

Иван скъолайы ахуыргæнгæйæ дæр тынг æххуыс кодта йæ ныййарджытæн хæдзары æмæ колхозы алыгъуызон куыстыты. Уæдмæ йæм æрсидтысты æфсадмæ. Йе службæйон хæс æххæст кодта Венгрийы. Уыд цæвиттойнаг салдат. Йæ фыссын нæ ныууагъта æфсады службæ кæнгæйæ дæр. Ам дæр йæ уацтæ мыхуыры цыдысты æфсæддон газет «Красная зведа»-йы. Йе службæйон хæс сæххæст кæныны фæстæ та уайтагъд æрлæууыд иннæ колхозонты æмрæнхъ æмæ хайад иста колхозы алыгъуызон куыстыты. Куыстуарзаг лæппуйыл уайтагъд сæ цæст æрæвæрдтой. Фæсивæд æй сæхицæн равзæрстой фæскомцæдисон комитеты секретарæй. Уыцы иурæстæджы ахуыр кæнынмæ бацыд Цхинвалы хъæууонхæдзарадон техникуммæ. Райста бухгалтеры дæсныйад æмæ уæд кусын райдыдта сæ колхозы сæйраг бухгалтерæй, стæй та экономистæй. Фæлæ, уыцы ахуырад фаг нæ каст Иванмæ æмæ та йæ ахуыр адарддæр кодта Цæгат Ирыстоны Цæгаткавказы хæххон металургон институты. Райста экономисты дæсныйад æмæ йæ зонындзинæдтыл æууæндгæйæ, ныр фидарæй æрæвнæлдта йæ куыстмæ. Фæстæдæр æй снысан кодтой Ксуисы колхозы сæрдарæй. Фæстаг азты, цалынмæ цард нæ сызмæст, уæдмæ та куыста Хелцуайы хъæуы колхозы директорæй. Стæй зындгонд цауты фæстиуæгæн раууатмæ æрцыдис нæ хъæууон хæдзарад, фехæлдысты, ныппырх сты кæддæры егъау колхозтæ, æрбатары сты сæ фермæты бирæнымæц фос æмæ æгуыстæй аззадысты хъæууон адæм. Фæлæ нæ фæтыхстис Иван, ныр  бæстондæрæй æрывнæлдта йæхи хæдзарад æрбæстон кæнынмæ. Скодта стыр дыргъдæттæ, сæндæттæ æмæ зæрдæ рухс кæны сæ уындæй. Цы хуызæн дыргъ дæ хъæуы æмæ дзы цынæ ссардзынæ: алтъами, алыгъуызон члауи бæлæстæ, къомситæ, æнгузтæ, тутабæлæстæ. Дарынц фос æмæ мæргътæ дæр бирæ.

Куыстмæ зивæг чи кæны, уый бирæ аххосæгтæ ссары. Фæлæ Асаты Иван уыдонмæ нæ хауы.

«Бæркад хи фæллойæ цæуы. Кусын уарз, æнæзивæг у, æмæ уæд дæ къухты æнæмæнг æфтдзæнис æнтыст», – зæгъы Иван.

Фæллойуарзаг лæг йæ сабибонтæй фæстæмæ алцæмæ дæр хæрзарæхст уыд. Иваны бинойнаг Æлборты Маринæ дæр йæхихуызæн фæллойуарзаг рауад. Сатихъары хъæумæ ссæуæны ис сæ хæдзар. «Нæхи тыхтæй сарæзтам ацы хæдзар. Рæстæгимæ адæймагмæ фæлтæрддзинад дæр фæзыны. Не ссаргæ фæллойæ цæрын фæразæм. Æхсыр, дзидза, цыхт, сой, рæвдуан –  алцыдæр нæм ис», – зæгъы Æлборон.

Алы куыст дæр зын у, æнцон нæу Асаты бинонтæн дæр. Фæлæ хорз æмбарынц зæххæн йæ бын сой кæй у æмæ змæлынц зæрдиагæй. Æрзайын кæнынц джитри, помидор, настæ æмæ æндæр халсæрттæ дæр. Хорз æххуыс сын сты сæ кæстæртæ дæр.

Иудзырдæй, бинонтæ æлхæнынц æрмæстдæр ссад, цæхх, сæкæр, дарддæр цæрынæн, хæрынæн цы хъæуы, уыдон та арынц сæхæдæг. Уæлдай сæм цы продукттæ вæййы, уыдон та ауæй кæнынц нæ горæты цæрджытæн. Афтæ у, æнгом бинонтæ цард æнцонæй арынц.

Фæлæ йæ куыстытæ хæдзары алыгъуызон митыл нæ фæуд кæнынц Маринæйæн. Райсомæй фондз сахатæй райдайы йæ хæдзары бирæ алыгъуызон змæлдтытæ. Базилы йæ фосмæ, бацахсы йæ цыхт, стæй бинонтæн ацæттæ кæны сæ аходæн æмæ уый фæстæ атындзы йæ куыстмæ – библиотекæмæ.

Райгонд дзы сты чиныгкæсджытæ

Сатихъары хъæуы библиотекæйы къæсæрæй бахизгæйæ æмæ чингуыты тæрхджытыл цæст ахæсгæйæ, уайтагъд ахъуыды кæндзынæ, ам кусы йæ куыстыл æнувыд чи у, ахæм адæймаг. Æмæ, канд, чингуыты æгъдауыл равæрыныл, хæрзæфснайд бакæныныл нæ архайы Æлборты Маринæ, фæлæ йæ сæйрагдæр хæсыл нымайы рæзгæ фæлтæрæн чиныг бауарзын кæныныл, цæмæй тындзой зонындзинæдты бæрзæндтæм.

Ам къултыл аиввæлыстæй фенæн  ис ирон фысджыты цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг стендтæ. Ис дзы ирон фысджытæн фæстаг хатт чи рацыдысты, уыцы чингуытæ. Хицæн къуым арæзт æрцыд Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг чингуытæн, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хъайтарты сгуыхтдзинæдтыл.

Маринæ хорз æмбары, дуджы фæсивæд интернет тынг кæй бандæвтой чиныгыл, раздæрау ыл адæм зæрдейæ нал сты. Фæлæ Сатихъары æмæ йæ алфæмблай хъæуты цæрджытæй нырма бирæ ис, чиныгыл, уæлдайдæр та ирон чиныгыл чи нæ суæлæхох, йæ мадæлон æвзагыл кæсын чи уарзы, ахæмтæ. Скъоладзаутæн дæр сæ уарзондæр бынат у ацы библиотекæ. Цæуынц æм æнæзивæгæй, кæсынц журналтæ, равзарынц хъæуæг литературæ. Кæд истæуыл фæтыхсынц, уæд Маринæ сæ уæлхъус балæууы æмæ сын баххуыс кæны сæ кармæ гæсгæ чиныг равзарынæн.

Хъæууон хæдзары бирæ куыст ис сылгоймагæн. Дæ тых ма куыд цæуы рæстæгыл библиотекæмæ æрбацæуын. Фергом кодтон мæ хъуыды: «Мæ куыст хъуамæ йæ рæстæгыл райдайа, хæдзары зылдтытæн та хъуамæ уа сæхи рæстæг. Дæ рæстæг хъуамæ афтæ адихтæ кæнай æмæ иу куыст иннæуыл ма хъуамæ æндава», – загъта уый.

Æмæ, æцæгæйдæр, Маринæ уарзы йæ куыст, кæсы йæм бæрнон цæстæй, йæ хорз куысты тыххæй йын лæвæрд æрцыд Кады грамотæ.

Чиныгкæсджытимæ йын ис хорз ахастытæ, кæддæриддæр сыл сæмбæлы хорз зæрдæйы равгимæ, æвзонг чиныгкæсджытимæ ауадзынц алыгъуызон литературон мадзæлттæ.

Уæдæ Маринæйы куыстæй райгонд сты чиныгкæсджытæ æмæ йын Хуыцау ноджыдæр радтæд стырдæр æнтыстытæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.