«Уыцы бон дæр снайперон хæцæнгарз, егъаукъалиброн пулеметтæ æмæ минометтæй æхстой гуырдзиæгтæ. 1-æм августы фæзиан мæ фыды хойы 22 аздзыд лæппу Дыгъуызты Роин – Хъахъхъæнынады министрады службæгæнæг. Снайперы нæмыг комкоммæ йæ риуыл сæмбæлд посты лæугæйæ. Республикон рынчындонмæ ма йæ бæргæ аскъæфта Дменисы хъæуы тагъд æххуысы машинæ, фæлæ рынчындоны амард. Ныр æй йæ сыджытыл сæмбæлын кæнын хъуыд, фæлæ йын йæ мард буар моргæй куыд раласæм, уый дæр нал зыдтам.

Църуйы фæндагыл цæуын æдас нæ уыд, милмæ йæ систой Ергнет æмæ Никозæй. Тынг æхсын-иу куы райдыдтой, уæд-иу Роины мард чи ласта, уыдон  ададжы амбæхстысты. Тыхамæлттæй Уанаты онг æрбахæццæ сты. Фæлæ ацы хъæу дæр оккупаци уыд, уым æрбынат кодтой гуырдзиаг тыхон дæлхæйттæ. Уыдон æхсæн ирон лæг æвыдæй нæ ахызтаид. Æндæр гæнæн нал уыд æмæ нæ дард, гуырдзиаг хæстæгмæ бахатыдыстæм. Мард ын æд машинæ йæ бæрны бакодтам лæгъстææмхасæнтæй. Уый машинæ Дменисы хъæумæ бакодта æмæ йæ уым ныууагъта. Уырдыгæй та йæ посты лæууæг лæппутæ фæхæццæ кодтой хæдзармæ, Сатихъармæ», – радзырдта нын Уазæгты Ритæ.

Дыгъуызты Роины марды уæлхъус чи бадтаид, уый дæр нæ уыд, уымæн æмæ ма хъæуы стæм чидæртæ баззад. Ныккæндты чи  бадтысты, уыдон æй хъусгæ дæр нæ фæкодтой. Лæппутæ хъæумæ æрбахизæнтæ хъахъхъæдтой. Роины хиуæттæ – Зоя æмæ Ритæйæн æндæр цы гæнæн уыд, бадтысты марды уæлхъус. Семæ ма Роины саугуырм фыд. Рæстæгæй-рæстæгмæ-иу сæм хъæуы хъахъхъæнæг лæппутæй чидæртæ æрбауад. Ныфсытæ-иу сын авæрдтой, марды дам, æнæныгæд нæ ныууадздзыстæм, кæд æмæ, дам, æхстытæ фæкъаддæр уой, уæд æй уæлмæрдмæ фæхæццæ кæндзыстæм, науæд та йæ хæдзары кæрты баныгæндзыстæм. Фæлæ нын фашисттæ уыцы уавæр нæ лæвæрдтой. Мардæй дæр цыма сæ хъавд уымæ уыд, 4-æм августы райсомæй Роины кæрты фæткъуыбæласыл сæмбæлд минæ, бæлас гæбазгай фæтахт. «Ныр мæхицæн загътон, кæй нæм ничиуал æрбацæудзæн æмæ нæ мард æнæныгæд баззайдзæнис. Уалынмæ мæ уæлхъус æрбалæууыд мæ кæстæр æфсымæр Уазæгты Шалва. Уый нæм Самарæйæ æрхæццæ. Лæппутæй дæр мæ ныфс уыд, кæй нын баххуыс кæндзысты, фæлæ уыдонæн сæ постытæ ныууадзæн нæ уыд. Æз мæ катай ме ‘фсымæрæн бамбарын кодтон, зæгъын мард æвзæр кæны, хæст та – карзæй-карздæр. Сихормæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы, марды бавæрæм æмæ нæхæдæг дæр нæхи бааууон кæнæм.  Уалынмæ хъæуы лæппутæй чидæртæ нæ уæлхъус алæууыдысты æмæ æз дæр фæныфсджын дæн. Кæрты нæ, уæлмæрды, дам, æй бавæрæм, аскъуыддзаг кодтой лæппутæ æмæ хъæуы сæрмæ цы уæлмæрд уыд, уым ын йæ мады фарсмæ ингæн скъахтой. Æхстытæ-иу куы сарæх сты, уæд-иу зæххыл ахуыссыдысты», – зæгъы  Уазæгты Ритæ.

Роинæн баззад куырм фыд, кæцы æхсæвæй-бонæй куыдта йæ хъæбулыл. Сатихъары хъæуæй комгæ дæр нæ кодта, фæлæ йæ лæппутæ тыххæй ахизын кодтой хъæд-хъæд иннæ лигъдæттимæ. Фæстæдæр уавæр куы фæсабырдæр, уæд фæстæмæ æрцыд. Йæ цардæмбал æмæ йæ фырт кæм ныгæд уыдысты, уырдæм скæнын кодта йæхи, бирæ сыл фæхъынцъым кодта, куывта Хуыцаумæ, цæмæй йæ тагъд сæхимæ акæной. Цасдæр рæстæджы фæстæ уый дæр амард.

Роин райгуырд 1984 азы, йæ хъомылгæнджытæ Дыгъуызты Зауыр æмæ Уазæгты Езнайæн зæнæг нæ уыд. Зæрырдæм сфæнд кодтой сывæллон æрхæссын. Рафæрс-бафæрс кодтой, ома, кæд искуы исчи æнæхицау сывæллон зоны. Уалынмæ разынд иу æнæзæрдæ гуырдзиаг мад, кæцыйы нæ хъуыд йæ сывæллон æмæ сын æй радта. Мад æмæ фыды цинæн кæрон нал уыд, æрхъæцмæ кæм лæууыдысты сæ хъæбулыл. Сатихъары скъолайы  ахуыргæнгæйæ, Роин тырныдта канд хорз ахуыр кæнынмæ нæ,  фæлæ уыцы иурæстæджы æххуыс кодта йæ ацæргæ хъомылгæнджытæн хæдзарон куыстыты дæр. Сæрибар рæстæг та каст чингуытæ. 6-æм къласы ахуыргæнгæйæ фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ. Æмдзæвгæтæ, цæмæдæр гæсгæ, иууылдæр фыста фыдыбæстæмæ æнæкæрон уарзты темæйыл. Астæуккаг скъола каст фæцис хорз нысæнттыл æмæ бацыд нæхи уæлдæр ахуыргæнæндонмæ. Равзæрста журналистикæйы факультет. Иттæг хорз ахуыр кодта ам дæр, фæлæ фылдæр йæ зæрдæ æхсайдта йæ ацæргæ хъомылгæнджытæм. Сæ куыстытæ -иу сын акодта, уый фæстæ-иу хъæуы хъахъхъæнæг къордтæм йæхи баппæрста, семæ-иу фæлæууыд суанг райсоммæ. Фæстагмæ институтæй райста академион улæфт æмæ бацыд Хъахъхъæнынады  министрадмæ æмæ уыдонæн Дменисы хъæуы цы дæлхай уыд, уым службæ кодта. Ам Роин уыд иууыл кæстæр. Хъæбулы æмæ йæм æфсымæры зæрдæ дардтой йе ‘мбæлттæ, æдзух дæр ын лæггад кодтой.  Хатт-иу ын уайдзæфтæ дæр кодтой, ома уал каст фæуыдаис дæ институт. Стæй дæуæн дæ мад æмæ дæ фыд ацæргæ сты, ничи дæ ницы домы. Фæлæ-иу уый дзырдта: «Кæд æмæ лæджы фæнды царды бæрзæндтæм схизын, уæд хъуамæ царды цыдимæ иумæ æмдзу кæна. Ныртæккæ тохы рæстæг у, мæхи нæ бааууон кæндзынæн. Стæй та сабыр рæстæг куы уа, уæд мæ институт дæр фæуыдзынæн».

Роины мад тынг тарст йæ иунæгæн, чысыл уæвгæйæ, хæстон фæндаг кæй равзæрста, уый йын йæ зæрдæйы тас уагъта. Чысыл æхстæй дæр-иу фæхауд. Куывта-иу Хуыцаумæ, цæмæй йын йæ фырт æмæ Ирыстоны хъахъхъæнджыты æвыдæй ныууадза. Фæлæ йæм йæ фырт афæдзмæ мæрдтæм бацыд.

УАЗÆГТЫ Марфæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.