2008 азы августы размæ дæр дыууын азы бæрц æндыгъд, хæстон уавæрты цардыстæм.

Хъыгагæн, комкоммæ тохы нæ, фæлæ снайпер æмæ дзæгъæл нæмыгæй дæр дзæвгар фæмард нæ лæппутæй. Уыдонæй сæ иу уыд Цхинвалы районы Сатихъары хъæуы цæрæг, 21 аздзыд Дыгъуызты Роин.

Роин райгуырд 1984 азы, йæ хъомыл-гæнджытæ Дыгъуызты Зауыр æмæ Уазæгты Езнайæн зæнæг нæ цыд, зæрырдæм сфæнд кодтой сывæллон æрхæссын, рафæрс-бафæрс кодтой, ома, кæд искуы исчи æнæхицау сывæллон зоны. Уалынмæ разынд иу æнæзæрдæ гуырдзиаг мад, кæцыйы нæ хъуыд йæ сывæллон æмæ сын æй  радта. Мад æмæ фыды цинæн кæрон кæм уыд, æрхъæцмæ нæ лæууыдысты сæ хъæбулыл. Сатихъары астæуккаг скъолайы ахуыргæнгæйæ, Роин тырныдта канд хорз ахуыр кæнынмæ нæ, фæлæ ма уыцы иурæстæджы æххуыс кодта йæ ацæргæ хъомылгæнджытæн хæдзарон куыстыты дæр. Сæрибар рæстæг та каст чингуытæ. 6-æм къласы ахуыргæнгæйæ фыссын райдыдта æмдзæвгæтæ. Æмдзæвгæтæ, цæмæдæр гæсгæ, иууылдæр фыста фыдыбæстæмæ æнæкæрон уарзты темæйыл. Астæуккаг скъола каст фæцис хорз нысæнттимæ æмæ бацыд нæхи уæлдæр ахуыргæнæндонмæ, равзæрста журналистикæйы факультет. Иттæг хорз ахуыр кодта ам дæр Роин, фæлæ фылдæр йæ зæрдæ æхсайдта йæ ацæргæ хъомылгæнджытæм. Сæ куыстытæ-иу сын акодта, уый фæстæ-иу хъæуы хъахъхъæнæг къордтæм йæхи баппæрста, семæ-иу фæлæууыд суанг райсоммæ. Фæстагмæ, институтæй академион улæфт райсгæйæ, бацыд Хъахъхъæнынады министрадмæ æмæ уыдонæн Дменисы хъæуы цы дæлхай уыд, уым службæ кодта. Ам Роин уыд иууыл кæстæр. Хъæбулы æмæ йæм æфсымæры зæрдæ дардтой йе ‘мбæлттæ, æдзух дæр ын лæггад кодтой. Хатт-иу ын уайдзæфтæ дæр кодтой, ома, каст уал фæуыдаис дæ институт. Стæй дæуæн дæ мад æмæ фыд ацæргæтæ сты, ничи дæ ницы домы, фæлæ-иу уый дзырдта: «кæд æмæ лæджы фæнды царды бæрзæндтæм схизын, уæд хъуамæ рæстæгимæ иумæ æмдзу кæна, ныртæккæ тохы рæстæг у, мæхи нæ бааууон кæндзынæн. Стæй та сабыр дуг куы уа, уæд мæ институт дæр фæуы-дзынæн».

Роины мад тынг тарст йæ иунæгæн, чысыл уæвгæйæ хæстон фæндаг кæй равзæрста, уый йын йæ зæрдæйы тас уагъта. Алы æхстмæ дæр-иу арвыцæфау фæцис. Æхсæв-иу йæ фынæй фæлыгъд, куывта-иу Хуыцæутты Хуыцаумæ, цæмæй йын йæ фырт æмæ Ирыстоны хъахъхъæнджыты аирвæзын кæна. Фæлæ иу бон æнæнхъæлæджы амард Езна. Йæ мады марды кæндтæ  бакодта Роин, фæлæ уæддæр йæ куыст нæ ныууагъта.

2-æм августы Роины знаджы нæмыг баййæфта Чысыл Леуахийы былыл йе ‘мбæлттимæ бадгæйæ. Уыцы бон гуырдзиаг снайпертæ нæ республикæйы амардтой 7 адæймаджы. Фæстæдæр куыд рабæрæг, афтæмæй уый уыд спецопераци, цæмæй уавæр ноджы фендыгъддæр уа. Тагъд æххуысы машинæ бæргæ фæзынд Роинмæ, фæлæ цалынмæ фæсфæд фæндæгтыл горæтмæ хæццæ кодтой, уæдмæ амард. Йæ мард баныгæныны фадат дæр ын нæ радтой знæгтæ. Уыцы бонты уавæр тынг карз уыдис. Лæппутæ иууылдæр посты лæууыдысты. Цалдæр усы бадтысты марды уæлхъус, уалынмæ айзæлд стыр срæмыгъд. Мардæй дæр, цыма сæ хъавд уымæ уыд. Роины кæртмæ æввахс фæткъуы бæласыл сæмбæлд минæ æмæ бæлас гæбазгай фæтахт. Роины мады æфсымæры чызг Уазæгты Ритæ афтæ радзырдта: «Лæппутæй дæр мæ ныфс уыд, кæй мын баххуыс кæндзысты, фæлæ уыдонæн сæ постытæ ныууадзæн нæ уыд. Мæхи æфсымæртæ та уыцы рæстæджы Самарайы уыдысты. Æз катай кодтон, зæгъын сихормæ дæр цæмæ æнхъæлмæ кæсæм, марды ба-вæрæм æмæ  мах дæр нæхи ныккæндмæ ныйисæм. Уалынмæ ме ‘фсымæртæ мæ уæлхъус æрбалæууыдысты æмæ æз дæр фæныфсджындæр дæн. Уæдмæ æрбаиу сты хъæуы лæппутæ дæр æмæ мард, хъæуы сæрмæ цы уæлмæрд уыд, уым бавæрдтой. Æхстытæ-иу куы сарæх сты, уæд-иу зæххыл ахуыссыдысты».

Роинæн баззад куырм фыд, кæцы æхсæвæй-бонæй куыдта йæ хъæбулыл. Сатихъары хъæуæй комгæ дæр нæ кодта, фæлæ йæ лæппутæ  тыххæй ахизын кодтой хъæд-хъæд иннæ лигъдæттимæ. Фæстæдæр уавæр куы фæхуыздæр, уæд фæстæмæ æрцыд. Йæ цардæмбал æмæ йæ фырт кæм ныгæд уыдысты, уырдæм скæнын кодта йæхи, бирæ сыл фæхъынцъым кодта, куывта Хуыцаумæ, цæмæй йæ тагъд сæхимæ акæной. Цасдæр рæстæджы фæстæ уый дæр амард…

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.