СÆ ЦАРДЫ АРГЪÆЙ БАФЫСТОЙ СÆ ХÆС

2008-æм азы августы гуырдзы сфæнд кодтой, цæмæй ирон адæмæн сæ кой, сæ хъæр дæр Хуссар Ирыстоны мауал уыдаид. Сæ хæстон операци хонгæ дæр скодтой «сыгъдæг быдыр».

Уыцы бонты ирон лæппутæ бирæ сарæзтой, йæ хæстон сгуыхтдзинæдтæй Ирыстоны историйы фыст дзауаг лæппутæ гуырдзиаг хотыхджын хæстонты ныхмæ Тъбеты къуылдымыл цы тох самадтой, уый.

Мæн фæнды Къæбысты Асланы фырт Алан æмæ Санахъоты Анзоры фырт Аланы.

Æвзонг, сонт лæппутæ уыдысты дзауаг хъæбатыртæ. Уыдон цахъхъæнæй хи цард аразыныл хъуыды кæнын фæхъæуы: райгуырæн бæстæ цы тæссаг уавæры бахауд, уый сæ домдта сæ карæй бирæ хистæр уæвын, йæ кары бацæуæг лæппутыл цы æмбæлы, ахæм хъæбатыр хъуыддæгтæ аразын.

Къæбысты Алан райгуырд 1985 азы ноябры мæйы 12-æм бон Дзауы поселочы. Каст фæцис Хетæгкаты Къостайы номыл Дзауы астæуккаг скъола. Фыццаг куыста районы зынгхуыссынгæнæгæй, уый фæстæ службæ кæнынмæ бацыд Республикæ Хуссар Ирыстоны ОМОН-мæ. Уым æй æрæййæфта августы хæст дæр.

Йе ‘мтохгæнæг Санахъоты Анзоры фырт Алан райгуырд 1988 азы сентябры мæйы 6-æм бон, уый дæр Дзауы поселочы.. 2005 азы каст фæцис Дзауы астæуккаг скъола æмæ ахуыр кæнынмæ бацыд Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты физкультурæйы факультетмæ. Службæ кодта Республикæйы æфсады рæнхъыты, фæстæдæр кусынмæ бацыд Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къордмæ æмæ сержанты ном хæсгæйæ. Дыууæ лæппу иу ран кусгæйæ, ноджы тынгдæр схæлар сты æмæ кæрæдзийæн ныфсы æмбæлттæ уыдысты…

Гуырдзиаг фашизм ирон адæмæн цы уæззау хæст расидт, уый дзауаг лæппуты æмæ се ‘мтохгæнджыты æрæййæфта Знауыры районы Убиаты посты лæугæйæ. Фæткмæ гæсгæ сæ хъуамæ уыцы бон раивтаиккой, фæлæ хæст афтæ æвиппайды скарз ис, гуырдзиаг æфсады рæстдзæвинтæ алы рæтты афтæ æрлæууыдысты æмæ сæм боныгон исчи куы фæцæйцыдаид, уæд сæ æнæмæнг фехстаиккой. Афтæмæй уыцы посты баззадысты суанг талынгтæм. Æхсæвы 11 сахатыл сæ раивтой æмæ комкоммæ æрцыдысты ОМОНкæм уыд, уыцы бынатмæ. Хъуамæ иучысыл æрулæфыдаиккой, фæлæ сын уый фадат нал фæцис. Уавæрмæ хъусдарджытæ фехъусын кодтой, зæгъгæ, гуырдзиæгты стыр æфсад цæуы горæты рдæм æмæ сæ размæ арвыстой ацы лæппуты.

ОМОН-ы 3-аг ротæйы хæстонтæ сæхи тохмæ æрцæттæ кодтой, фæлæ знаг кæцырдыгæй фæзындзæн, уый бæстон нæ зыдтой æмæ сæ уыцы хъуыддаг тыхсын кодта. Цæмæй кæцырдыгæйфæнды æрбацæугæйæ дæр сæ ныхмæ фæлæууыдаиккой, уый тыххæй фæдихтæ сты цалдæр къордыл. Уæдмæ райхъуыст гуырдзиаг танкты уынæр Къостайыхъæуы рдыгæй. ОМОН-ы хæстонтæ æнхъæл уыдысты, зæгъгæ, сæ фæндаг быдыртыл ракæндзысты фæлæ, уыдон цыдысты комкоммæ асфальт фæндагыл. ОМОН-ы лæппутæй алы къорды дæр уыдис гранатææхсæнæй æхсæг æмæ знаджы ныхмæ æрлæууыны хъуыддаджы фылдæр бæрндзинад хаста уый. Фашистты танкты ныхмæ фыццаг æрлæууыдысты Пухайы фырты къорды лæппутæ. Танк-иу радон æхсты фæстæ фæлæууыдис, фæлæ та-иу уайтагъд азмæлыд размæ. Ацы къордæн сæ хæстон фæсауæрцтæ куы фесты, уæд фехъусын кодтой рацийы, дзауаг лæппутæ цы къорды уыдысты, уыдонæн. Къæбысты Алан йе мбæхсæн бынатæй рагæпп кодта фæндагмæ æмæ райдыдта æхсын знаджы танкты. Фондз æхсты фæкодта, стæй йæм, æвæццæгæн, хæстон фæсауæрцтæ нал уыдис, уыимæ уавæр тынг скарз, сæ рацитæ дæр ахицæн сты. Уæддæр ма ОМОН-ы командирæн йæ къухы бафтыд фæстæмæ алæуут, зæгъгæ, бардзырд раттын. Æндæр амал сын нал уыдис æмæ сæхи бааууон кæныны тыххæй куы фæцæйлыгъдысты, уæд сæ федтой знæгтæ. Æниу, сæхи кæм бааууон кодтаиккой, ахæм бынат дæр дзы нæ уыд уыцы тыгъд быдыры æмæ сæ танктæй æхстой комкоммæ. Гуырдзиаг танктæ Тулдзы къохы рдæм куы рахызтысты, уæд ОМОН-ы лæппуты фыццаг къорд рацыдысты се ‘мбæлтты бабæрæг кæнынмæ æмæ сæ хъустыл ауад кæйдæр уæззау хъæрзт. Хъæрзын кæцæй цыд, уырдæм куы бацыдысты, уæд федтой Санахъоты Роин уæззау цæфæй кæй рабадт, фæлæ уайтагъд фæстæмæ ахауд. Йæ цурмæ куы бацыдысты, уæд федтой Къæбысты Алан æмæ Санахъоты Алан кæй уыдысты мард. Роин та уæззау цæфæй хуыссыд æмæ сын дзырдта: «Мæнæй ницыуал пайда ис. Дон мын бадарут æмæ мæ ам ныууадзут, уæхæдæг уæхи бафснайут». Æмбæлттæ йæ, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ ныууагътой, рынчындонмæ йæ фæхæццæ кæнын хъуыдис, фæлæ ахæм уæззау уавæры æнæ машинæйæ ницы бакæнæн уыд. Æмæ сæ гуыбыны цъарыл фæбырыдысты Тъбеты хъæумæ. Уым федтой «уазик» машинæ. Хæдзарæй рахызтысты фысымтæ. Лæппутæ сын бамбарын кодтой хъуыддаг, зæгъгæ, сæм мæрдтæ дæр æмæ цæфтæ дæр кæй ис, цæфты кæй хъæуы ласын рынчындонмæ. Фысымтæ сæ дзурын дæр не сауагътой, зæгъгæ, машинæ уæ бар у, акчнут æй. Уыдон уал раздæр цæф хæстонты сæмбæлын кодтой рынчындоныл, стæй та аздæхтысты мæрдты моргмæ раласынмæ.

Афтæ сæ царды аргъæй бафыстой дзауаг чвзонг лæппутæ сæ хæс райгуырæн бæстæйы раз.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.