Исахъы уынджы, Тъбеты æрцæуæны чи фæцæйцæуы, уый цæст æнæсхæцгæ нæ фæвæййы, мæ абоны уацы хъайтартæн уым цы цыртытæ æвæрд ис, уыдоныл. Цыртыты цурты цæугæйæ, адæймагыл æрхæндæг бафты, абон не ‘хсæн кæй нал сты. Уыдон сæ радтæг ирон адæмы хорз, рæсугъд сомбоны тыххæй нæ бавгъау кодтой сæ цард, цæмæй  20 азы дæргъы уæззау тухитæ бавзарæг адæм сæ риуты дзаг сулæфыдаиккой. Уыцы иурæстæджы нæ зæрдæтæ байдзаг вæййынц сæрыстырдзинады æнкъарæнтæй, зæгъгæ, æгайтма Ирыстон хъæздыг у ахæм хъайтар лæппутæй.

Багаты Амиран, Джиоты Азæмæт (Пантера) – Ирыстоны хъайтартæ, æвзонг, хурмондаг лæппутæ! О, куыд зын у сымах тыххæй ивгъуыд афоны дзурын. Фæндыд мæ сымах хицæнтæй æрæмысын, фæлæ куы базыдтон сымах æппынæдзух дæр иумæ уыдыстут, уæд уæ æз дæр мæ уацы нал фæхицæн кодтон. Мæлгæ дæр иу бон акодтат, куыдхистæрæй – фыццаг Амиран фæмард æмæ цыппар сахаты фæстæ та – Азæмæт. Амираныл цыд 33 азы æмæ Азæмæтыл та – 25 азы… Цыртытæ дæр уын иумæ æвæрд ис Исахъы уынджы, кæм фæмард стут, уыцы бынаты. Æвæццæгæн, æнæ кæрæдзи уымы бæсты дæр нæ бафæрæзтаиккат æмæ уæ удтыл æппындæр уымæн нæ бацауæрстат æмæ кæрæдзийы фæстæ уымæн атындзыдтат сау мæрмæ. Сымах уæ царды фæстаг сулæфты онг дæр иумæ хъæбатырæй тох кодтат ирон адæмы знæгты ныхмæ.

8 август… Хæст тынгæй тынгдæр кодта. Знаг æппæт амæлттæй архайдта горæтмæ æрбаирвæзыныл, фæлæ ирон лæппутæ сæ разы æрлæууыдысты Тъбеты æрцæуæны, сæнуадзæн заводы цур. 7-æм августы изæрæй куы базыдтой, зæгъгæ, гуырдзы æрбабырсынц, уæд Амиран йæ къордимæ 9 хæстоны скондæй, атындзыдтой Присы бæрзæндмæ. Фæлæ, 8 августы райсомæй 5 сахатмæ æввахс рацийæ фæдисы хъæр куы фехъуыстой, ома, знæгтæ Тъбеты хъæуæй горæты ‘рдæм æрцæ-уынц, уæд уырдæм ратагъд кодтой. Амираны къордæн хæсгонд æрцыд, цæмæй бахъахъхъæдтаиккой Цхинвалы ныгуылæн хайы æрбахизæн. Гуырдзиаг фистæг æфсæдтæ 500-600 адæймаджы скондæй, сæ разæй танкæтæ, афтæмæй цыдысты горæты ‘рдæм. Амираны чысылнымæц къорд, уыдонимæ Джиоты Азæмæт дæр æртæ дихы аисты æмæ удуæлдай, мæлæтдзаг тохы бацыдысты знæгты ныхмæ. Исахъы уынджы кæронмæ куы æрхæццæ сты знæгтæ, уæд Азæмæт уырдæм æввахс цы безоколонкæ ис, уый фехста, ссыгъд æмæ уый фæстиуæгæн, уыцы бы-наты гуырдзиаг фашисттæй фæмард цалдæр. Знæгтæ нымæцæй дæр æмæ хæстон техникæйæ дæр бирæ фылдæр кæй уыдысты, уымæ нæ кæсгæйæ, Амираны къорды лæппутæ цалдæр сахаты дæргъы  хъæбатырæй лæууыдысты сæ ныхмæ æмæ сæ баурæдтой горæтмæ æрбахизæны. Къорды лæппутæй дыууæмæ уыд гранатæхсæнтæ, иннæтæм та уыд æрмæстдæр автоматтæ. Раст уыцы æнæмсæр, карз тохы хъæбатырæй фæмард къорды хистæр Багаты Амиран, фæцæф йæ сæр, фæлæ иннæ лæппутæ уæддæр нæ ныууагътой сæ позицитæ. Джиоты Азæмæт дзы спырх кодта дыууæ танкæйы æмæ сæ пиллон скалд. Фæлæ уæдмæ йæ цуры знæгты снаряд спырх æмæ Азæмæт дæр фæмард. Амираны къорды хæстонтæй дыууæйæ æмæ ма ноджы цалдæр æндæр лæппуйы та уæззау цæфтæ фесты. Ацы хæстон операци Багаты Амиран сæххæст кодта тынг æнтыстджынæй, фæлæ, стыр хъыгагæн, сæхæдæг дæр æвыдæй нæ аирвæзтысты…

Ныр та уæ базонгæ кæндзынæн дыууæ хъайтары цыбыр царды фæндæгтимæ. Багаты Амиран райгуырд г.Цхинвалы 1975 азы. Астæуккаг ахуырад райста 2-æм астæуккаг скъолайы, уыд тынг æгъдауджын æмæ ахуыр дæр кодта тынг хорз. Скъолайы фæстæ бацыд ХИПУ-йы историон факультетмæ æмæ ма уыцы-иу рæстæджы службæ кодта æфсады рæнхъыты. 1993 азы бацыд службæ кæнынмæ специалон нысаниуæджы ротæмæ. 2004 азæй та службæ кодта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады, уыд сæрмагонд развæдсгæрсты къорды командир. 2006 азæй та – развæдсгæрсты хайады хистæры хæдивæг. Уыд ын майоры цин.

Багаты Амираны мад Ходты Нинæ мын йæ хъæбатыр хъæбулы тыххæй афтæ радзырдта: «7 августы изæрæй мæ дыууæ лæппу дæр æрбауадысты хæдзармæ тынг фæлмæцыдæй, Амиран сынтæгыл йæхи æруагъта, фæлæ иу цъус рæстæджы фæстæ фæгæпп кодта уатæй æмæ йе ‘фсымæримæ æддæмæ атындзыдтой. Æз ма сæ фæстæ бæргæ адзырдтон, зæгъын, кæрдзын уæддæр бахордтаиккат, æххормагæй кæдæм цæут, фæлæ ма мæм Амиран фæстæмæ иу каст фæкодта æмæ мын загъта, зæгъгæ, гуырдзиæгтæ æрбабырсынц æмæ-иу уæхи искуы бааууон кæнут æмæ азгъорста. Уæд æй кæцæй зыдтон, мæ хъæбулы ма фæстаг хатт кæй уыдтон сæрæгасæй. Иу сахат дæр нæма рацыд афтæмæй райдыдтой тыхджын æхстытæ æмæ æз мæ цардæмбалимæ нырма нæхи ныккæндмæ ныххызтыстæм, фæлæ уæдмæ фæцыд тыхджын срæмыгъд æмæ мæ уæлæ рахаудтой рудзгуытæ æмæ дуар. Уым æдас кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ балыгъдыстæм нæ хæдзары цур цыппаруæладзыгон корпусы ныккæндмæ æмæ иу æхсæв фестæм уым. Ахæм ‘хсæвтæ фервитæд знæгтæ, мæ зæрдæ йæхи риуы къултыл хоста, æнцой нал зыдта æмæ куыддæр æрбабон-цъæхтæ ис, афтæ рахызтæн уынгмæ, кæд, зæгъын мæ дыууæ хъæбулæй исты хабар базонин (йæ иннæ лæппу дæр Амираны къорды уыд). Кæсын æмæ уæртæ мæ кæстæр лæппу æмæ ме ‘фсымæры лæппу тагъд-тагъд суайынц, цыдæр знæтхуыз сын уыд, афтæмæй. Æз сæм фæхъæр кодтон, зæгъын, Амиран та цы фæцис? Уыдон мын цасдæр рæстæджы куынæ сдзуапп кодтой æмæ сæ сæртæ бынмæ куы æруагътой, уæд ма мын  цы базонын хъуыд, мæ хæдзар кæй фехæлд, уый. Цы уавæры уыдтæн, ууыл дзурын уæлдай у, зæрдæ скъуыдтæ кодта, фæлæ, æвæццæгæн, æнæбон æмгъуыд мæлæт нæй, æндæра ма удæгас куыд баззадтæн. Уый фæстæ базыдтон, Азæмæт дæр кæй фæмард, уыцы хабар. Мæ хъæбул æмæ Азæмæты мард буæрттæ рынчындонмæ йæхи машинæйыл баласта Гæззаты Павликы фырт Инал. 8 августы изæрæй сын сæ мæрдтæ дæр рынчындонæй Инал раласта (Инал йæ-хæдæг та гуырдзыйы къухæй фæмард 9 августы). Амираны нырма баныгæдтам, нæ хæдзары раз цы зæххы фадыг ис, уым балбæласы бын æмæ  уый фæстæ та – Згъудеры уæлмæрды. Абоны онг дæр уым ницыуал байтауын, мæ цæст бакæсын дæр нæ уарзы уыцы бынатмæ. Амиран хæрз чысылæй бауарзта йæ Ирыстоны, иу бон дæр æй йæ къах никуыдæм ахаста. Мæ хъæбул кæй уыд, уый тыххæй дзы не ‘ппæлын, фæлæ мын æгъдауджын æмæ æфсæрмдзæстыг уыд».

Амираны фыд Багаты Павел (куыста нæ горæты æфсæнвæндаджы вагзалы хистæры хæдивæгæй) не сфæрæзта йæ хъæбулы амæлæт æмæ æртæ азы бæрц рынчынтæ ахæссыны фæстæ, уый дæр  æнусон æнцойад ссардта йæ хъæбулы фарсмæ.

Амиран йæ цардæмбал Гæбæраты Залинæйы æвзонгæй ныууагъта идæдзæй, йæ цыппараздзыд фырт Роберты та – сидзæрæй. Ивгъуыд аз Роберт тынг хорз нысæнттыл каст фæцис нæ горæты гимназ «Альбион». Уый фæстæ йæ ахуыр адарддæр кодта Санкт-Петербургы С. Буденныйы номыл бастдзинады æфсæддон академийы. Ахызт 2-аг курсмæ. Сесситæ сæхгæдта тынг хорз нысæнттыл, афтæ ма рæвдз у спортмæ дæр æмæ физикон цæттæдзинадæй дæр райста уæлдæр баллтæ. Йемæ ныхас кæнгæйæ, йæм адæймаг кæсынæй не ‘фсæст, у йæ фыды æнгæс, иннæмæй та уый дæр у зæрдæхæлар, хæрзæгъдау, æфсæрмдзæстыг æмæ афтæ æвзонгæй хиуылхæцгæ. 2008 азы йыл кæд 4 азы йедтæмæ нæ цыд, уæддæр хъуыды кæны йæ фыды. Ныридæгæн ыл зыны, йæ хъæбатыр фыды кад бæрзонд кæй хæсдзæн, уый.

Джиоты Азæмæт та райгуырд 1983 азы Знауыры районы Сихиаты хъæуы. 2001 азы службæ кодта РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады. Уыд æфсæддон развæдсгæрсты къорды командир. Уыдис ын капитаны цин. Уый фæцис æвæстаг. Йе ‘ввахс хион Бекъойты Аринæ мын куыд радзырдта, афтæмæй уый уыд йæ ныййарджытæн иунæг лæппу. Æнæзивæг æмæ цырд кæй уыд, уымæ гæсгæ йæ схуыдтой йе ‘мбæлттæ «Пантера» дæр. «Азæмæтæн горæты хæдзар кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ йæ æрбаластой Хъорнисы уынджы йæ фыды хойы хæдзармæ æмæ уал æй уым кæрты баныгæдтой. Уый фæстæ уавæр куы фæсабыр уæд æй аластой æмæ йæ баныгæдтой Сихиаты  хъæуы уæлмæрды. Азæмæты хо Аленæ йæ фыртыл сæвæрдта йе ‘фсымæры ном, Азæмæт, зæгъгæ, æмæ афтæмæй йæ ном цæры бинонты, хиуæтты ‘хсæн. Йæ рыстзæрдæ фыд Тамаз  не сфæрæзта йæ уарзон хъæбулы амæлæт æмæ цалдæр азы размæ уый дæр мæрдæнцойад ссардта йæ хъæбулы фарсмæ Сихиаты уæлмæрды. Йæ мад Дзабиты Маринæ абон дæр цæры Сихиаты хъæуы, уымæн дæр йæ хъæбулы амæлæты фæстæ йе ‘нæниздзинад тынг фæцудыдта, æппынæдзух рынчынтæ хæссы», – радзырдта Бекъойты Аринæ.

Исахъы уынджы Амиран æмæ Азæмæт кæм фæмард сты, уырдæм æввахс корпусы цæрæг Æрсойты Сослан куыд загъта, уымæ гæсгæ йæхи къухæй бахаста Амираны мард буар корпусы бахизæнмæ æмæ йын æрымысыд йæ ныхæстæ, ома, дам, æз цалынмæ удæгас уон, уæдмæ горæтмæ знаджы танкæтæй иу дæр не ‘рбахиздзæн æмæ афтæ бæргæ  уыд, фæлæ цы загъдæуа хъысмæтæн… Дыууæ хъайтары сæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыдысты Ирыстоны уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йы ордентæй. Диссаг у уый дæр, æмæ Ирыстоны сæрвæлтау знаджы къухæй чи фæмард, уыдон, зæгъæн ис, æхца æмæ мулкæй хъæздыг кæй нæ уыдысты, фæлæ уый хыгъд тынг хъæздыг æмæ сыгъдæг уыд сæ миддуне. Бузныджы ныхæстæ зæгъын æмбæлы Амиран æмæ Азæмæты хæстон æмбæлттæн, бюсттæ сын сæхи фæрæзтæй кæй сæвæрдтой æмæ сын афтæмæй сæ нæмттæ кæй сæнусон кодтой,  уый тыххæй.

Уырны мæ, Амиран æмæ Азæмæты рухс нæмттæ цæрæнбонтæм кæй цæрдзысты ирон адæмы зæрдæты æмæ сæ хъайтардзинæдтимæ кæй зонгæ кæндзысты Ирыстоны рæзгæ фæлтæртæ.   Ирыстоны хъайтартæ, 8-æм августы уæ мæлæтыл сæххæст  14 азы æмæ ноджыдæр рухсаг ут!

ДЖИОТЫ Екатеринæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.