Рæстæг дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу. Азтæ кæрæдзийы фæстæ афтæ тагъд тæхынц æмæ сæ адæймаг хатгæ дæр нал фæкæны, кæмдæр рохуаты тыгъдады бамыр вæййынц. Кæд 2008 азы августы тугуарæн æнæмсæр хæстæй 15 азы рацыд, уæддæр нæм афтæ фæкæсы, цыма æппæт уыцы трагикон цаутæ хæрзæрæджы æрцыдысты нæ царды. Тугуарæн хæсты цаутæ нæ мысынады баззадысты цæрæнбонтæм æмæ августы æрбалæудимæ уæлдай тынгдæр сыстынц нæ цæстыты раз, зæрдæтæ та уæлдай рыст скæнынц. 2008 азы августы райдианыл Хуссар Ирыстоны адæм æмбæлдысты катайдзинадимæ. Разæй уыдысты фыдбонтæ æмæ æхсæвтæ, фидардзинад, фæразондзинад æмæ æхсардзинады фæлварæнтæ, удзиæнттæ æмæ уæлахизтæ…

Мæнæ та æрбалæууыд августы мæй. Августы мæй хуссарирыстойнаг адæмæн хъыджы, уæззаудзинæдты мæй дæр у æмæ стыр цины бæрæгбоны мæй дæр. Ирон адæмы æнусон бæллиц августы мæйы сæххæст – 2008 азы 26-æм августы Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымадта Уæрæсе. Фæлæ уал уæдмæ Ирыстоныл тугуарæн ныккодта.

Гуырдзыстоны фашистон хицауад йæ спецназ æмæ гарзджын тыхтæ бацæттæ кодта америкæйаг, израилаг æмæ украинæйаг инструкторты æххуысы фæрцы Хуссар Ирыстоны ныхмæ æвирхъау геноцид – кодон нæмттæ «Сыгъдæг быдыр» («Супта вели») æмæ «Лæвар»-ы («Сачукари») бын. Фыццаг кодон ном нысан кодта хæцæнгæрзты æппæт хуызтæй спайда кæнгæйæ, уыцы нымæцы «Град» æмæ пайда кæныны бар кæмæй нæй, ахæм «кассетон бомбæтæй» Хуссар Ирыстоны территорийыл æппæт цæрджыты скуынæг кæнын. Æмæ горæт Цхинвал æмæ Хуссар Ирыстоны хъæуты та æххæстæй ныппырх кæнын æмæ сæ сыгъдæг быдыр саразын. Исчитæ ма дзы удæгасæй куы баззадаиккой, уæд сын уый фæдыл дæр уыд дыккаг план – уымæ гæсгæ та хъуамæ фæхъæстæ кодтаиккой нуазыны доны æппæт гуырæнтæ дæр се скуынæг кæныны тыххæй. Фæлæ иу хорз уыд æмæ сæ цъаммар фæндтæ сæххæст кæнын сæ къухты нæ бафтыдысты.

2008 азы 7-æм августы Хуссар Ирыстоны хъуыды дæр ничи акодтаид, æхсæвы сæ гуырдзиаг фашисттæ «Град»-тæй райдайдзысты æхсын, ууыл. Уавæр фæкарздæр 1-æм августæй фæстæмæ, фæлæ уæддæр адæмы цыдæр ныфс уыд, стыр хæст кæй нæ райдайдзæн, уымæй. Гуырдзиаг лæгмарты къухæй 1-æм æмæ 2-æм августы фæмард сты æхсæз сабыр цæрæджы æмæ Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъæнæг органты кусджытæ.  Сатихъары хъæуы æхстыты фæстиуæгæн фæмард 22-аздзыд Дыгъуызты Роин. Фæмардуæвджыты ‘хсæн ма уыдысты 38-аздзыд Бестауты Гарик, 45-аздзыд Къæбысты Анатоли, 38-аздзыд  Дудайты Вячеслав, 40-аздзыд Гуыцмæзты  Дудик æмæ Джиоты лæппу. 12 адæймаджы алыгъуызон цæфтимæ бахаудысты республикон соматикон рынчындонмæ.  Уый размæ азты хъауджыдæр ацы хатт адæм бамбæрстой хъуыддаг серьезон хæстон архайдтытæм кæй цæуы, уый. Гуырдзиаг фарс, æгæрыстæмæй, не ‘мбæхста боныгон дæр йе ‘фсæддон дæлхæйтты иу ранæй иннæ ранмæ кæй кодта, уый.

Августы райдианы официалон Тбилис æрдомдта Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадæй æнæ Уæрæсе æмæ Цæгат Ирыстоны хайадистæй комкоммæ бадзырдтæ райдайын. Науæд раразмæ кодтой иу альтернативæ – хæст. Кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстон ацы фæндыл не сразы, уымæн æмæ уый нысан кодта Гуырдзыстоны политикон æмæ æфсæддон æндæвдады бын бахауын æмæ Уæрæсейы бадзырдон процессты хайадистæй ракæнын. Уый æмбæрстой республикæйы къухдариуæгад, Æмхæццæ контролон къамисы уæнгтæ æмæ хуымæтæджы адæм дæр.

6-æм августы РХИ-йы президентмæ уыд цыбыр рабадт хицауады уæнгтæ, хуссарирыстойнаг фарсы ‘рдыгæй Æмхæццæ контролон къамисы уæнгтæ, къорд министрадты æмæ ведомствоты, парламенты сæргълæуджытæ, æхсæнады минæвæртты хайадистæй. Республикæйы сæргълæууæг æрæмбырдуæвджытæн фехъусын кодта гуырдзиаг инициативæйы тыххæй æмæ бахатыд, цæмæй алчи дæр йæ хъуыды загътаид. Æрæмбырдуæвджытæ æмвæндæй загътой, зæгъгæ, хæдбардзинады позицитæй рахизæн нæй, афтæ ма Уæрæсе дæр хъуамæ баззайа сабырадон процессы хайадисæгæй. Иууылдæр æй æмбæрстой, суверенитеты тыххæй ирон адæмы тох кæй ис хъысмæтскъуыддзаггæнæн рæстæджы. Уавæр тынг вазыгджын кæй у, уый дæр уыд æмбæрстгонд. Рабадты кæрон йæ хайадисджытæ кæрæдзийæ куы хицæн кодтой æмæ «радон фембæлдмæ» куы загътой, уæд сын Парламенты уæды сæрдар Гасситы Знауыр æнкъардæй сдзуапп кодта: «Кæд ма уæдмæ удæгас уæм, уæд».

Активонæй эвакуаци кодтой сывæллæтты æмæ сылгоймæгты. Ацы хъуыддаджы стыр æххуыс кодта Цæгат Ирыстоны хицауад. Бынаты куыста РЦИ-Аланийы хицауады минæвар Зассеты Роберт Хуссар Ирыстонæй чи цыд, уыдоны цæсгæмттыл зынд катайдзинад, фæлæ диссаг уый у æмæ сæ алкæйы дæр уырныдта, фæстæмæ кæй æрыздæхдзысты, уый, Цхинвалы ацæргæ цæрджытæй сæ иу – Хъуылымбегты Женя Театралон фæзуатæй лигъдæттимæ радон автобус фæндараст кæнгæйæ загъта: «Абон сымах цæут Зары фæндагыл, фæлæ Хуыцау зæгъæд æмæ фæстæмæ хæдзармæ цы æрыздæхат Чъехы фæндагыл». Уæд Цхинвалæй Уæрæсемæ цæуæн уыд æрмæстдæр Зары фæндагыл, уымæн æмæ сæйраг автомагистраль цыд Чъехы хъæуыл æмæ йæ сæхгæдтой гуырдзиаг хъæуты цæрджытæ. Сылгоймаджы ныхæстæ раст разындысты… Лигъдæттæ фæстæмæ здæхтысты Чъехы фæндагыл.

7-æм августы изæры гуырдзиаг фидауынгæнæг контингентыл командæгæ-нæг инæлар Мамука Курашвили «Рустави-2»-йы ныхас кæнгæйæ, фехъусын кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстон «аскъуыддзаг кодта æппæт регионы конституцион фæтк сæндидзын кæнын». Республикæйы арæнтæм ныхмæлæууæг æрбакодта йæ гарзджын тыхты. Галиу флангы хæстон архайдтыты тыххæй равæрд æрцыд Вазианийæ (Тбилис) рацæугæ 4-æм фистæгæфсады бригадæ, кæцы хъуамæ штурмæй систаид Къостайыхъæуы, уый фæстæ план кодтой Зары фæндаг алыг кæнын æмæ афтæмæй ацы фæндагыл Гуфтайы хъæумæ бацæуын. Кутаисы 3-æм фистæгæфсады бригадæ та йæ тыхтæ æрæмбырд кодта рахиз флангы, Цхинвалæй скæсæнæрдæм хайы. Йæ хæс уыд Присы бæрзæндты, Дменис, Сарабукъы хъæуты штурмæй сисын, Гуфтайы хъæумæ бацæуын, цыран хъуамæ сæмбæлдаиккой Вазианийы 4-æм бригадæимæ æмæ афтæмæй Цхинвалыл æрхъула кодтаиккой. Цхинвалы штурмы тыххæй арæзт æрцыд Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады сæрмагонд нысаниуæджы алыгъуызон æфсæддон хæйттæй арæзт къорд. Æххуыс сын кодта Гуры хицæн æмхæццæ танкон батальон. Цхинвалмæ хæрзæввахс та лæууыд гуырдзиаг фидауынгæнæг тыхты батальон. Позицитæм ма ракодтой хæддзæугæ артиллерион хæ-цæнгæрзтæ æмæ артиллерион бригадæйы æмæхст кæныны реактивон систе-мæтæ. Цхинвалы районы бæрзæндтæм рацыдысты Леуахигомы гуырдзиаг хъæуты зонæйæ артиллерион корректировщикты постытæ. Хуссар Ирыстоны ныгуылæн арæны арæзт æрцыдысты дыууæ чысыл къорды, кæцытæ хъуамæ ныццавтаиккой лæмæгъ хъахъхъæдгонд здæхтыты, бацахстаиккой Къуайсайы æмæ афтæмæй бафæлвæрдтаиккой Дзауы поселокмæ рахизын, цæмæй Ручъы тъунел бацахсгæйæ, алыг кодтаиккой Транскамы автомагистраль.

Хуссар Ирыстоны сатакæ кæнын тыххæй гуырдзиаг æфсæдты иумиаг нымæц уыд 12000 адæймаджы, 75  Т-72 танкы, сæдæгай артиллерион системæтæ, хæдтæхджытæ æмæ хæстон вертолеттæ. Гуырдзыстоны мидхъуыддæгты министрады тыхты та уыд 4 мин адæймаджы цалдæр дæсгай бронемашинæтæ «Кобра»-тимæ. 2008 азы 7-æм августы хуымæтæджы адæм ацы тæссагдзинады тыххæй æнхъæл дæр нæ уыдысты. Алцы дæр базыдтой 7-æм августы 23.36 сахатыл, фыццаг реактивон снарядтæ Парламенты, магазин «Детский мир» æмæ паддзахадон телерадиокомпани «ИР»-ы бæстыхæйттæм куы бахаудысты, уæд.  Æмæ… райдыдта апокалипсис… Нæ чысыл хæстæфхæрд хъайтар горæт Цхинвал æнæхъæнæй æхст фестад…

Операци «Сыгъдæг быдыр»-ы планмæ гæсгæ гуырдзиаг æфсад Цхинвалы хъуамæ бацахстаид 12 сахатмæ æмæ йыл æххæстæй контроль кодтаид. 72 сахатмæ та план кодтой Хуссар Ирыстоны æнæхъæн территорийыл контроль кæнын. Фæлæ сын сæ плæнттæ сæ хъуыры фæбадын кодтой ирон хъæбатыр лæппутæ, кæцытæ бацыдысты знагимæ æнæмсæр тугуарæн тохы. Иутæ тохы бацыдысты горæты бæрзæндты, иннæтæ та – Цхинвалы уынгты. Æнахуыр диссаджы хæстон удыхъæд равдыстой, сæрбахъуыды рæстæджы ирон лæппутæ.

Арæх адæймаг ахъуыды кæны, зæгъгæ, куыд сæ бон бацис сæхицæй бирæ фылдæр чи уыд, стæй алыгъуызон хæс-тон техникæйæ ифтонг чи уыд, танкæтæй райдайгæйæ æмæ суанг хæдтæхджытæй фæугæйæ, уыцы знæгты ныхмæ фæлæууын.

Ноджы ма йæ зæгъон, 300 спартаконтæй ирон лæппутæ равдыстой стырдæр хъæбатырдзинæдтæ, уымæн æмæ уыдон 300 дæр нæ уыдаиккой, стæй знаджы танкты ныхмæ та хæцыдысты автоматтæй! Фæлæ, æвæццæгæн, Стыр Хуыцау дæр рæстдзинады, чысылнымæц ирон адæмы æвварс рахæцыд, æндæргъуызон ын бамбарæн нæй…

2008 азы августы райдианыл Хуссар Ирыстоны адæм æмбæлдысты катайдзинадимæ. Разæй уыдысты фидардзинад, фæразондзинад æмæ æхсардзинады фæлварæнтæ, удзиæнттæ æмæ уæлахизтæ… Фæлæ, уый тыххæй фæстæдæр…

Джиоты Екатерина

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.