Ацы фæллойуарзаг адæймаг райгуырд бæрзонд хæххон хъæу – Гнугъы, ацы бынаты банкъардта фæллойы ад дæр. Уыдта æмæ каст йæ ныййарджыты æдзухон архайд æмæ фыдæбонмæ. Æмæ кæд нырма къаннæг уыд, уæддæр-иу се нцой балæууыд æмæ уый дæр хистæртæн æххуысыл нымад цыд. Ахуыры азтæй дарддæр хæххон бынаты æрвыста йæ рæстæг, кусынхъом куы фæци, уæд та кæддæриддæр куыстыл лæуд уыд. Хъæууон фæллойгæнæгæн, уæлдайдæр та хæххон бынаты, йæ куыст æмæ фыдæбон йæ разæй цыд: уæдæ хосгæрдæн, холлаг æрæфтауц кæнын, фосмæ зилын æмæ æндæр æнæаргъæвгæ куыстытæ рæстæгыл кæнын хъуыд.

   Фæстæдæр хохы цæрæг адæмы иу хай хуыздæр æмæ æнцонвадаты тыххæй æрцардысты быдираг хъæуты æмæ Хуыбиаты Дакко дæр йæ дыууæ фыртимæ æрцард Цхинвалы районы Тъбеты хъæуы, сæ иу та Сатихъар равзæрста цæрæн бынатæн. Тъбеты хъæуы йæ бинонтимæ царды фæрæзтæ кодта Зауыр дæр, кодта фосдард æмæ зæххы куыст æмæ йæ зæрдæ ради.Фæлæ рæстæджы цыдимæ нæлгоймагæн йæ зæрдæ ахсайдта хохаг цардмæ, кæм райгуырд æмæ бахъомыл, уыцы бынат адджындæр уыд йæ зæрдæйæн, фæлæ йæ тыхсын кодта, хъæутæ кæй федзæрæг сты, уый дæр. Уæд сфæнд кодта Ерманы æрбынат кæнын, йæ фæнд бамбарын кодта йе мкъай Дудайты Лейлæйæн   æмæ уый дæр йæ ныхасыл дыууæ нæ загъта. Уæдæй нырмæ рацыд 28 азы æмæ уыцы азты дæргъы дыууæ æмкъайы сæ цард æрвитынц хæххон бынаты, нæ тæрсынц зындзинæдтæй æмæ сын ис æнтыстытæ дæр. Бинонты хæдзарады нымадæуы 15 стуры æмæ а-улдзæджы сæ родты нымæц та уыд 13.  Фосдарджытæ сæ зæрдыл дардтой, цæмæй родтæ хорз хъомыл суой, уой хæрзхуыз æмæ æнæниз, уый тыххæй сæ дуцын нæ фæхъæуы æмæ уыцы ахсджиаг æмæ æнæмæнг хъуыддаг æххæст дæр кодтой. Иугæр сæрды мæйты родтæ куы бахъомыл сты, уæд сæ ауæй кодтой æмæ уæд райдыдтой хъуццыты дуцын. Стуртæ сæумæрайсомæй суанг изæрдалынгтæм фæхизынц сойджын сæрвæты æмæ уый хорзæрдæм æндавы се хсыры æркондыл дæр. Цы æхсыр сæм вæййы, уымæй ахсынц цыхт, ахсгæ та кæнынц, раздæр азты цæмæй пайда кодтой, стуры уыцы ахсæнæй. Хуыбиаты бинонтæ сæ продукци фылдæр реализаци кæнынц бынаты, уымæн æмæ сын фæлхасгæнджытæ  зонынц сæ хæрзгъæд цыхт.

   Цæмæй холлаг цæттæ кæныны куыст рæвдз æмæ æнæкъуылымпыйæ цæуа, уый тыххæй æрæджы Зауыр балхæдта прессгæнæн агрегат æмæ сын ныр бирæ фенцондæр. Ныртæккæ уал æрæфтауц кодтой 1500 иуæджы холладжы тыхтæттæ, йæхæдæг куыд зæгъы, уымæ гæсгæ ма йæ бахъæудзæн мины бæрц.

   Рæвдз кусы 65-аздзыд нæлгоймаг хæххон Ерманы хъæуы, нæ тæрсы зындзинæдтæй, исы дзы æхцондзинад. Бахъуыды рæстæджы сæ фарсмæ балæууынц сæ дыууæ фырты дæр æмæ ныййарджытæн уæд ноджы сæ тыхыл тых бафты.

                                                          ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.