(Фельетоны бæсты)

Хатыр алкæй тыххæй дæр æмæ алцæй тыххæй дæр – Барбашовы тыххæй дæр æмæ тыхст фæндаггоны мастыл ноджы цæхх чи айзæры, уыдоны тыххæй дæр, фæлæ лæджы куыдзау дæр срæйын кæндзысты…

О, Барбашовы тыххæй: ам нæм иу дзæбæх чызг ис, Дыгъуызты Аленæ æмæ уымæй рацыд ацы ныхас, мæн ахос та йæ ма фæкæнут… Цæвиттон цалдæр мæйы фæндаг æхгæд куы уыд, уæд Ирыстоны цæгат хаймæ афтынмæ тынг чи бæллыд, Аленæ дæр уыдонæй куыднæ уыдаид æмæ… Фæндаг куы байгом æмæ йæм Цхинвалæй Дзæуджыхъæумæ ацæуыны амонд куы æрхауд, уæд йæ уды цин ныллæмæрста, Дзæуджыхъæумæ бацæуæны Барбашовы цырты цурмæ куы бахæццæ, уæд:

«Мæнæ ма Барбашовы федтон! Ух, ты мой золотой!»

Махмæ та алы ныхас дæр бæхыл бады – уайтагъд айхъуыст адæмыл æмæ, юмор æцæгæлон кæмæн нæу, уыцы бæлцæттæй алчи дæр сфæлхатт кæны ацы ныхæстæ.

Фæлæ фæстæмæ цæугæйæ ферох вæййынц алкæмæй дæр, уымæн æмæ уæд юмор никæйуал фендавы…

Афтæ уыд уыцы изæр дæр, бæлвырддæр зæгъгæйæ, уыд, алыхатт дæр нæм куыд вæййы, афтæ.

Райдайæм, райдайæнæй куыд уыд, афтæ: йе рымысæджы хурхы уадындзты чи хъуамæ ныффидар уа, уыцы хъуырнавирусы аххосæй æхгæд æрцыд нæ иунæг царды фæндаг, нæ дарæг, нæ уромæг фæндаг. Нырма иу мæй, стæй ноджы, уый фæстæ дæр та ноджы иу мæй æмæ афтæ дарддæр. Басæттæм ыл, ахæм удæвдæрзæг цæмæндæр дуртæ дæр зынтæй бафæраздзысты. Хъуамæ дис кæнæм нæхиуыл, кæй бафæрæзтам, уый тыххæй. Сæйраджы-сæйраг та –  хъуамæ нæ риуты дзаг ахæм улæфт скодтаиккам, мастæй риссын нæ цæрæнбонтæм куыд ферох уыдаид!

Куыднæ стæй – чи дын дæтты ахæм амонд!

Ацы æнæхайыры æхгæддуарæй чи сфæлмæцыд, уыдонæй фæндаг рох дæр фæцис, уымæн æмæ ма алчи дæр бæллыд адæмы хъуыр-хъуыр æмæ æлгъыстытæй фервæзынмæ. Цæугæ кæнай æви лæугæ, бадгæ кæнай æви хуысгæ – æрмæстдæр хъусыс уыцы иугъуызон ныхас: «Уырыс йæ фæндæгтæ алы рдæм дæр раджы байгом кодта, адæм дыууæрдæм кæнынц, махыл та  Бибилов дуæрттæ сæхгæдта, сыдæй нæ мары»…

Стæй?.. Сентябры мæйы æмбисы фæндаг кæй байгом уыдзæн, уый куы айхъуыст, уæд та хъусын райдыдтам æндæр уыцы-иугъуызон ныхас: «Кæд Мишустин йæ къух æрфысса, уæд…» Ома: кæд хъуыддаг æвзæр у, уæд – æрмæстдæр Бибиловы аххосæй, кæд хорз уыдзæн, уæд – æндæр искæй фæрцы… Уый цы хуызæн рæстдзинад, цы хуызæн адæймагдзинад у, хорз адæм!

 Афтæ у, фæндаг куы байгом, уый фæстæ дæр: «фалæмæ» цæуджытæ «таможняйы» цъус машинæтæ баййæфтой, зæгъгæ, уæд арфæтæ кæнынц Мишустинæн, йæ «къух кæй æрфыста», уый тыххæй, фæстæмæ цæугæйæ машинæты рады даргъ къæдзил чи æрбаййафы, уыдон та Бибибловы æлгъитынц…

Афтæ уыд уыцы изæр дæр… Хуссар Ирыстоны цыппар улæфт боны, уыдонæй дæр дыууæ фæстаг боны – къуырисæр æмæ дыццæг Цæгат Ирыстоны та кусгæ бонтæ уыдысты. Гъемæ уыцы уавæрæй (ам улæфт бонтæ,  уым – кусгæ бонтæ) спайда кодта алчи дæр, адæм аивылдысты сæ хъуыддæгты фæдыл. Фæстæмæ здæхын та хъуыд алкæй дæр æмæ сæвзæрд даргъ «пробкæ». Фæлæ адæмы дыууæ сахатæй фылдæр æнхъæлмæ кæсыны бæсты бахъуыдаид æрмæстдæр фынддæс минуты, сæхæдæг кæрæдзи куынæ хъыгдардтаиккой уæд. Уымæн æмæ контролон-уадзæн пункты ахизæнтæ иууылдæр гом уыдысты. Фæлæ рады лæуджыты хсæн разынд ахæмтæ, уавæр барæй чи вазыгджындæр кодта – чидæртæ-иу сæ машинæты «фæтъыстой» радылæууæг машинæты хсæн æмæ уымæй ноджы карздæр кодта уавæр.

Уый та нын кæй аххос у – иугъуызон уавæры куы бахауæм, уæд нæ уæддæр цæмæннæ искуы ферох вæййы «уый мæнæй цæмæй лæгдæр у»? Иу нæ æндæрты уавæры цæуын цæмæннæуал фæзоны?..

Фынддæс минутмæ чи хъуамæ атадаид, уыцы рад ныивæзт, кæрон ын нал зынд, цыбырдæры бæсты даргъæй-даргъдæр кодта. Æмæ кæй ахоссæй – æрмæстдæр нæхи аххосæй, Хуыцауы хай нын кæй нал ис, уый аххосæй.

Дарддæр – ноджы фыддæр: адæмыл тынг чи «тыхсы», афтæ чи дзуры, цалынмæ Бибиловæн мах куыд дзурæм, афтæ кæнын райдайа, уæдмæ нæ куыст не ххæст кæндзыстæм, зæгъгæ, уыдонæй сæ иу куысты номæй, куысты хъæргæнаг номыртимæ машинæйыл уыцы дæргъæй-дæргъмæ рады иувæрсты куы расыффытт кæнид æмæ, йæ куыст кæм æрурæдта, уыцы куысты «привилегитæй» спайда кæнгæйæ куы рафардæг уаид… Æхсæвæй-бонæй цы «адæмыл тыхсы», уыцы адæмы уым ныу-уадзгæйæ…

Ай та дын кæфтæй кæсæгмæйы æнæрцæугæ диссаг!

Кæд дæ куыст не ххæст кæныс, уæд кæй не ххæст кæныс, уыцы куысты привилегиты фæрцы  Барбашовыл цæмæн цин кæныс?.. Кæд уыцы адæмыл афтæ тыхсыс, уæд семæ рады лæууын дæ сæрмæ цæмæннæ хæссыс?

Чи уыд уыцы «адæмыл мæтгæнæг, фæрсут?

Уый та уæхæдæг сбæрæг кæнут.

Кæд иутæн сæ алы къахдзæф дæр, кæм уыд, кæм бадт, цæуыл кæнæ кæуыл бадт, уыдæттæ лыстæггай къахæм æмæ бæрæг кæнæм, уæд æндæртæ нæ куырм цæсты рдыгæй цæмæн фæвæййынц?..

Бæлцæтты Фæндаггон

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.