Президент Бибылты Анатоли мæсæллæйы тел арвыста Республикæ Сербийы Президент Александр Вучичмæ Сербийы Патриарх Белград-Карловскы Иринейы Метрополиты амæлæты тыххæй.

Телы дзырдæуы:

 «Цытджын Президент!

Хуссар Ирыстоны хъыгзæрдæйæ райстой Патриарх Иринейы амæлæты хабар.

Патриархы цард у Райгуырæн бæстæйæн æнувыдæй лæггад кæныны ирд цæвиттон. Уымæн кад кодтой бæрзонд хæрзæгъдаудзинады, принципиалондзинады, адæммæ уазал цæстæй кæй нæ каст æмæ хъуыддагмæ бæрнджын ахаст кæй дардта, уый тыххæй. Бузныджы æнкъарæнтимæ æрымысын Патриарх Иринеимæ мæ фембæлд.

Ацы хъыгдзинады сахат сербаг адæмимæ дих кæнæм сæ зианы рыст æмæ мæсæллæй зæгъæм Патриарх Иринейы бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæн».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.