Нæ зынаргъ нанатæ, нæ мæдтæ!

Арфæ уын кæнын рухс æмæ хъармдæр бæрæгбон – Мады боны цытæн!

Ирон æхсæнады рагæй фæстæмæ мадмæ ис уæлдай кады æмæ цыты ахаст. Мады фæлгонц у къона хъахъхъæнæг, фидар бинонты бындур, уарзты, хæдзары хъармдзинады символ. Мад у фыццаг дзырд, кæцы зæгъы сывæллон, у нæ фыццаг фæндагамонæг, æнувыддзинад, быхстдзинад æмæ удуæлдайдзинады символ. Мах алы хатт дæр бузныг стæм нæ мæдтæй сæ æнувыддзинад æмæ уарзондзинады тыххæй, кæцыты уыдон хъахъхъæнынц æмæ дарддæр кæнынц сæ царды, азтæ цæугæйæ ноджы фылдæр æнкъарæм сылгомæйгтæмæдты хайбавæрд сæ сывæллæтты монон-хæрзнамысон хъомылад, æхсæнады хæрзнамысон бындуртæ бахъахъхъæнын æмæ фидар кæнын.

Нæ зынаргъ мæдтæ, арфæ уын кæнын бæрæгбоны цытæн æмæ уын мæ цæст уарзы фидар æнæниздзинад, амонд, фæрныгад, бинонты хъусдард æмæ æнувыддзинад. Уадз æмæ уæ хæдзæртты уæт сабырад, уарзт æмæ циндзинад.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.