Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик мæсæллæйы тел арвыста РХИ-йы УФ-йы фыццаг Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Къарджиаты Эльбрусы бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн йæ амæлæты тыххæй. «Стыр хъыгзæрдæимæ райстон Эльбрус Хъаныхъойы фырты амæлæты хабар, Ирыстоны аккаг фырттæй сæ иуы, УФ-йы дипломатон корпусы зынгæ минæвары. Йæ цæсгомджын профессионалон архайдæй Фыдыбæстæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы Эльбрус Хъаныхъойы фырт стыр хайбавæрд бахаста Уæрæсейы æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн ахастытæ сфидар кæнынмæ. Йæ рухс ном æнустæм баззайдзæн нæ зæрдæты», – дзырдæуы мæсæллæйы телы

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.