Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли мæсæллæйы ныхæстæ арвыста РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты фæдыл  УФ-йы Уынаффæгæнæг Игорь Галь æмæ йæ цардæмбалы бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн сæ амæлæты тыххæй.

Мæсæллæйы телы дзырдæуы:

«Стыр хъыгзæрдæимæ райстон РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты фæдыл УФ-йы Уынаффæгæнæг Игорь Галь æмæ йæ цардæмбал Ирина Алексийы чызджы амæлæты хабар.

Игорь Геннадийы фырты амæлæт у медицинæйæн егъау æмæ æнæбаххæстгæнгæ зиан, кæцыйæн уый снывонд кодта йæ цард. Йæ цардæй ахицæн зынгæ медик, профессор, медицинон зонæдты доктор, кæцыйæн бантыст стыр хайбавæрд бахæссын æнæниздзинад хъахъ-хъæныны системæ реформæ кæнынмæ æмæ Хуссар Ирыстоны кæцыдæр ахсджиаг цалдæр проект реализаци кæнынмæ.

Ацы хъынцъымы рæстæджы æрвитын Игорь Геннадийы фырт æмæ Ирина Алексийы чызджы бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн мæсæллæйы ныхæстæ.

Махæн нæ зæрдæты æнустæм баззайдзæн уыцы ирд æмæ курдиатджын адæймаг æмæ йæ цардæмбалы рухс ном»

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик мæсæллæй загъта РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты фæдыл УФ-йы Уынаффæгæнæг Игорь Галь æмæ йæ цардæмбалы  бинонтæн æмæ æввахс хиуæттæн сæ амæлæты тыххæй.

«Стыр хъыгзæрдæимæ райстон Игорь Геннадийы фырт æмæ йæ цардæмбал Иринæ Алексийы чызджы амæлæты хабар. Уый стыр зиан у æппæт махæн. Мах алыхатт дæр нæ зæрдыл дардзыстæм Игорь Геннадийы фырты рухс ном, куыд тыхджын адæймаг, компетентон къухдариуæггæнæг, кæцы тырныдта æппæтдæр саразынмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы Хуссар Ирыстоны цæрджыты хæрзиуæгæн», – дзырдæуы мæсæллæйы телы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.